Цард агъдауай фидауы сочинение

Обновлено: 06.07.2024

Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй. Кавказы иннæ адæмты ‘хсæн цæргæйæ, ирæттæн бантыстис се’гъдæуттæ æмæ сæ дин бахъахъхъæнын, ныры дугмæ сæ æрхæццæ кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон туджы фидардзинадимæ уымæн ноджыдæр ахъаз фæцис, аланты байзæттæгтæ тæтæры æмæ Тимуры æрбабырстыты фæстæ хæхбæсты цалдæр æнусы дæргъы хибарæй кæй цардысты, уый.

Файлы: 1 файл

Доклад на тему Осетинские обычаи На осетинском языке.docx

Ирон адæмы царды æгъдæуттæ

Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй. Кавказы иннæ адæмты ‘хсæн цæргæйæ, ирæттæн бантыстис се’гъдæуттæ æмæ сæ дин бахъахъхъæнын, ныры дугмæ сæ æрхæццæ кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон туджы фидардзинадимæ уымæн ноджыдæр ахъаз фæцис, аланты байзæттæгтæ тæтæры æмæ Тимуры æрбабырстыты фæстæ хæхбæсты цалдæр æнусы дæргъы хибарæй кæй цардысты, уый. Æмæ кæд фæстæдæр сарæзтой хæстæг æмæ фидар бастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ, уæддæр ирæттæн сæ фылдæр абон дæр фидарæй хæцы сæ Фыдæлты Фарныл æмæ рагон æгъдæуттыл.
Цæмæндæр, ныхас ирон æгъдауыл куы рацæуы, уæд фылдæр хатт райдайынц ирон бæрæгбæттæ æмæ фынджы æгъдæуттæй. Уыдон дæр ахсджиаг куыд нæ сты. Фæлæ ноджы ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр та сты ирон адæймаджы царды уаг, æфсарм, йæ ахастдзинæдтæ алыварс адæмимæ, сыхбæстæ-хъæубæстæимæ, стæй бинонты æгъдау. Цæй æмæ мах дæр уыдонæй райдайæм.

Ирон æхсæнады æхæстдзинæдтæ

Куыд зонæм афтæмæй, паддзахадон закъонтæ (engl.-Laws) ирон цардмæ æрцыдысты Уæрæсейæ æрæджы, иу-дыууæ æнусы размæ. Æргом зæгъгæйæ та, æххæстæй абон дæр уыйбæрц нæ ахадынц æхсæнады царды, зæгъæм Ныгуылæн Европæйы æмæ Америчы куыд ахадынц афтæ. Æнусты дæргъы Иры дзыллæйæн æнæфæцудгæ уыдысты æндæр закъонтæ – Ирон Æгъдау, Æфсарм æмæ Фыдæлты Фарн. Æрмæстдæр уыдонмæ гæсгæ арæзтой сæ цард. Уыцы æгъдæуттæ уыдысты рæстдзинад æмæ æргомдзинады бындурыл, цардæн йæхи арæзт. Хъуыдыгонд дзы уыдысты алы адæймаджы сæрибардзинад, йæ хæстæ æмæ йæ бартæ дæр.

Алы ирон æхсæнады дæр (кæмтты, хъæуты) уыдис æхсæнадон царды ахсджиаг уынаффæтæ кæм хастой, ахæм æмбырд – Ныхас. Уыдис сæм ноджыдæр адæмон Тæрхон дæр. Æмæ кæд Ныхасмæ ас нæлгоймæгтæ иуылдæр цыдысты, уæд Тæрхон кæныны бар та уыдис тæккæ дзырдарæхст, фендджын æмæ хиуылхæцæг лæгтæн. Цæвиттон, фидарæй зæгъæн ис – раджыйы заманты Иры кæмтты æмæ хъæуты цард адæмон демократийы бындурæвæрæн миниуджытæй цух кæй нæ уыдис.

Алы адæмтæм алыгъуызон цæстæнгас ис хорз цы у æмæ æвзæр, уымæ. Хатгай уыцы дыууæ хъуыддаджы хсæн бæрæг хахх ракæнæн нæ вæййы. Ирон адæммæ рагæй дæр бæлвырд уыдис, æвзæр æмæ худинагыл нымад цы у уый. Адæймаг кæд æхсæнады уæнг у (мыггаг, сыхбæстæ, хъæубæстæ), уæд хъуамæ йæхи афтæ дара, цæмæй уыцы æхсæнадæн æмæ йæ алыварс адæмæн æнад чи у, ахæм митæ ма кæна, ома йæхи æнæгъдау ма дара. Уырдæм хауы ныхасы уаг дæр. Худинагыл нымад уыдис, ирон лæг-иу йæхи хъуыддæгтæ æмæ йæхи пайда æхсæнады хъуыддæгтæй бæрзонддæр куы æвæртта, уый. Уымæй æгаддæр та уыдис, уыцы æхсæнадæн зиан хæссæг. Ахæмтæ æнæмæнг дзуапп лæвæрттой æхсæнады раз Ныхасы, кæнæ Тæрхоны.

Хистæрæн кад кæныны æгъдау дыууæрдæм фæндаг у. Фендджын æмæ зондджын хистæр кæддæридддæр йæхæдæг дæр аргъ кодта кæстæртæн, йæхи сæ цæсты ницæмæй æфтыдта, кæстæры раз æнæуаг ми кæнæ ныхас кæнын йæ сæрмæ нæ хаста. Абоны боны уый цы хистæр не’мбары, уый йæ кад уайтагъ фесафы.

Ирон царды алы уавæрæн дæр ис йæхи æгъдау. Иу ран гæнæн цæмæн ис, уый æндæр ран арæх нымад цæуы худинагыл. Алы æгъдауæн дæр ис йæхи бынат æмæ йæхи рæстæг. Хистæрты æмæ сылгоймæгты раз нæ уыдис хъæрæй дзурæн, загъд кæнын, æвзæр дзыхæй дзурын. Фынджы уæлхъус бадгæйæ дæр афтæ. Уымæй уæлдай ма хиуылхæцгæйæ адæм сæхи дарттой кувæндæттæм хæстæг, уæлмæрдты. Цæвиттон, ирон адæмы æгъдаумæ гæсгæ, царды уыдис бирæ хъуыддæгтæ, кæцытæ кæнын не’мбæлдис, кæцыты нымадтой худинаг æмæ æгадыл. Æмæ кæд алы адæймагæн дæр йæ бар йæхи уыдис, уæддæр æй йе’гъдау æмæ йæ æхсæнадон хæс хызтой æвзар ми кæнынæй. Стæм хатт-иу искуы ахæм куы разындис, æгъдау кæмæ нæй, йæхи, йæ мыгкаджы, йæ хъæубæстæйы худинаг чи кæны, уæд-иу ыл адæм сæхи атигъ кодтой, æнæуынон-иу сси, сæрмæ-иу æй ничиуал хаста. Раздæры заманты уый мæлæтæй æвзæрдæр тæрхон уыдис. Хатгай ахæмыл хъæубæстæ кодтой Хъоды (рус. – отвержение; engl. – an outcast). Хъодыгондимæ ничи кодта нæдæр дзургæ, нæдæр ын кодта æххуыс. Уынджы цы дуртæ ис, уыдонæй уæлдай-иу æй хъуыды дæр ничиуал кодта. Гъе стæй иннæтæй Хъодыйы æгъдау чи фехæлдтаид, уый йæхæдæгдæр хъуамæ æрцыдаид хъодыгонд. Ахæм карз æмæ æгъатыр æгъдау равзæрдис нæ рагфыдæлтæм æвæццæгæн уымæн, æмæ сæм адæмы фарн, адæмы цæстæнгас царды кастис тæккæ сæйрагдæр. Сæ кад æмæ намыс хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау. Фылдæр-иу хъодыйы бæсты æнцонæй равзæрстаиккой мæлæт.

Искуы-иу лæгмард æрцыдис, кæнæ исчи карз æгъдауæй бафхæрдта иннæйы, хъуыддаг æнæмæнг цыдис туг исынмæ (Engl. – blood feud, vendetta). Хъуамæ æфхæрд чи арцыдис (кæнæ кæд йæхæдæг нал ис, уæд йе’фсымæртæ, æрвадæлтæ), уый йæ туг райстаид æфхæрæгæй, кæнæ йæ мыггаджы нæлгоймæгтæй. Æрмæстдæр уæд уыдис нымад, лæг йæ маст æххæстæй кæй райста. Кæд искæмæн йæ маст райсын йæ бон нæ бауыдаид, уæд кодта худинаг æмæ æгад. Иу лæгмард цыдис иннæмæ: алчидæр йæ хæсыл нымадта йæ туг райсын. Афтæмæй-иу хатгай тудджынтæ æгъатырæй кæрæдзийы цагътой бирæ æзты дæргъы. Уыимæ, хохаг адæм сæ маст никуы истой зæронд лæгтæй, сылгоймæгтæй æмæ сывæллæттæй. Уый уыдаид тынг æгад ми, æмæ йæ лæг йæхи чи хоны, уый йæ сæрмæ никуы хаста. Цыфæнды хъаугъа дæр искуы æрцæуы фидыдмæ. Тудджынты бафидауын кæнæнæн-иу комы, хъæубæсты дзырдзæугæдæр лæгты бахъуыдис стыр арæхстдзинад равдисын, дыууæ мыггаджы фарны бацæугæйæ. Ныры дуджы тугисыны æгъдау кæмæдæр зыны хъæддаг мийау. Фæлæ уæды рæстæг паддзахадон закъонтæ нæ уыдис, æмæ ацы æгъатыр æгъдау ирон æхсæнадон царды мидæг ахста йæхи бынат, стыр ахъаз уыдис быхсынæн, хиул хæцынæн.

Къамы - ныв ирон кафтæй "Лæгæй лæгмæ хæст"

Цымыдисаг æмæ вазыгджын у уайсадыны æгъдау. Чындз йæ цæрыны хæдзармæ куы бацæуы, уæд бинонты хистæртæм уайсадгæ фæкæны, ома сæ разы дзургæ нæ фæкæны. Уыцы æгъдау чындзæн ахъаз кодта йæхи куыд æмбæлы афтæ дарынæн: уæзданæй æмæ баронæй. Уыимæ, бинонтæ сæхæдæг дæр уайсадæг чындзы æфсармæй йæ разы нæ кодтой уæлдай ми кæнæ цы неۥмбæлы, ахæм ныхас. Ацы æгъдау ирон адæммæ ныртæккæ дæр ис. Фæлæ ныры хистæртæ чындзы дæргъвæтин рæстæг уайсадын нæ бауадзынц. Кусарт акæнынц, сæ сыхбæстæ æрхонынц, æмæ чындзмæ нуазæн авæргæйæ йæ сæхимæ сдзурын кæнынц.

Чызджыты та хъомыл кодтой уæздан æмæ хиулхæцæгæй, сылгоймаджы миниуджытæй æххæстæй. Къæйных ныхасгæнæг, æнæуæздан, лæгой арæзт чызг адæмы астæу уыдис худинаг. Ахæм хæдзармæ хорз усгур нæ цыдис. Уæдæ стыр æгаддзинадыл нымад уыдаид чызг лæппуты ۥрдæм æгæр куы кастис, уæд. Лæппу æмæ чызг кæрæдзийы зæрдæмæ куы цыдысты, уæддæр-иу фембæлдтæм не ‘згъордтой. Кæд-иу æнæнхъæлæджы кæрæдзийыл фембæлдысты æмæ дыууæ ныхасы загътой, уæд хорз. Исчи чызгмæ йæ æнгуылдзæй дæр бандзæвыдис – додой кодтаид йæ сæр. Уымæн æмæ ахæм цау æгас мыггагæн дæр æгаддзинад хаста. Лæппутæ æмæ чызджытæ æдæрсгæ æмбæлдысты кæрæдзиуыл æрмæстдæр иунæг бæнаты – хъазты мидæг. Куывдты æмæ чындзæхсæвты лæппутæ ерысæй æвдыстой сæ арæхстдзинад, сеۥгъдау. Æмæ-иу кæд зæрдæмæ чи цæуы, уыцы чызгимæ къухы бафтыдис акафын – уæд хæрдмæ дæ худ æппар. Уымæй уæлдай, симды (симд – ирон адæмон кафт) уыдис гæнæн чызджы цонгыл хæцгæйæ кафæн.

Ныры цард бирæ ивддзинæдтæ бахаста кæстæрты ахæстдзинæдтæм. Раздæр уæвæн кæмæн нæ уыдис, ахæм хъуыддæгтæ ныр æрвылбойнаг систы. Аивтой чызджытæ æмæ лæппутæ, кæд ма дзы бирæтæм фыдæлты фарнæй дзæвгар ис, уæддæр. Фæлæ ма абон дæр лæппутæн сæ фылдæр, бинонты хъуыддаг бакæныны афон куы æрцæуы, уæд фæкæсынц рог æмæ къæйных чызджытæм нæ, фæлæ нæ фыдæлтæ бирæ азты дæргъы аргъ цæмæн кодтой, уыцы миниуджытæ кæмæ ис, удонмæ.

Бирæ рæсугъд æгъдæуттæ уыдис æмæ ис ирон адæммæ. Сеۥппæтыл ацы ран аххæссын нæ бон нæ бауыдзæнис. Æгæр уæрæх æмæ вазыгджын сты. Фæлæ уæддæр архайдзыстæм ацы æрмæг фæбæстондæр кæныныл. Æрвитут нæм уæ хъуыдытæ æмæ фиппаинæгтæ.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Кæд дæхи ирон хоныс, уæд дæ зæрдыл дар, нæ адæмы фидæн дæуæй аразгæ кæй у, йæ хъысмæт дæу къухты кæй ис!

Дæ адæм дыл æвæрынц стыр хæс, æмæ сæ ма фæсай, гадзрахатæй сыл ма рацу, ма бафæзм чъизи æмæ æгъдаухалæг æвзæрты!

НÆ ИРОН ÆГЪДАУ – НÆ ФИДÆНЫ БЫНДУР

ИРОН КÆСТÆРÆН ЗÆРДЫЛДАРÆН

Нæ хорз кæстæр!

Кæд дæхи ирон хоныс, уæд дæ зæрдыл дар, нæ адæмы фидæн дæуæй аразгæ кæй у, йæ хъысмæт дæу къухты кæй ис!

Дæ адæм дыл æвæрынц стыр хæс, æмæ сæ ма фæсай, гадзрахатæй сыл ма рацу, ма бафæзм чъизи æмæ æгъдаухалæг æвзæрты!

Нæ рагфыдæлтæ нын нæ ныууагътой дурæй амад фидæрттæ, стыр сахартæ æмæ бирæ зæххытæ, фæлæ нын уыдоны ныхмæ ныууагътой стырдæр хæзнатæ: сæ миддунейы арф философи, сæ æвидийгæ культурæ, сæ диссаджы уæздандзинад æмæ аланты æвзаг.

Незамантæй нырмæ нæ ирон царды бындур уыдысты Ирон Æгъдау æмæ Адæмы Фарн. Æнæ уыдонæй ирондзинадæн уæвæн нæй, нæй йын фидæн. Æнæ уыдонæй ирон адæм æнæмæнг цæуынц сæфтмæ.

Сæфтмæ нæ абон тæрынц, æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ. Уыдон барвæндонæй, кæнæ та æнæрхъуыдыйæ, халынц ирон адæмæн сæ рæбинаг цæджындз – нæ фыдæлтыккон царды æгъдау.

Бæрзонд бынæттæ, бирæ мулк, цæстмæ митæ, æдзæстуарзондзинад лæггæнæг систы, кæмæндæр та - æгъдаубарæн.

Карз нозт нæ цæлгæнгæ, кафгæ-заргæ сæрсæфæнмæ фæтæры. Бирæтæ уый нал æмбарынц, водка доны бæсты нуазынц. Хъыгагæн, уымæн тынг ахъаз сты иуæй-иу ас адæм дæр, карджын уæвгæйæ æгъдау чи нæ зоны, æмæ кæстæрты рæдийын чи кæны.

Фыдæлтæй баззад хистæрæн аргъ æмæ лæггад кæнын, йæ ныхасмæ йын лæмбынæг хъусын. Æмæ уыцы æгъдау хъуамæ махæн сæфт макуы уа. Фæлæ абоны царды хистæр æргом куы рæдийа, æгъдау куы хала, уæд æм нæ байхъусын къаддæр зиан хæссы, æнæгъдау ми бакæнынæй.

Уый ды фехалын ма бауадз!

Хъæддыхæй зон ирон агъдауы бындурон домæнтæ, йæ фæзилæнтæ, цы æмбæлы æмæ цы не’мбæлы, æмæ дæ уыцы зонд хондзæн фарны фæндагыл.

Абоны бон Ирон Æгъдау æмæ Ирон Æфсармы домæнтæн сæ сæйрагдæртæ сты:

- Адæмы ‘хсæн, æхсæнадон бынæтты зон дæхи дарын. Ма кæн хъæр, æнæфсарм, кæнæ схъæл ныхас. Дæхи ма стау, аргъ кæн алкæйы зондæн дæр. Фылдæр хатт бирæ зæгъынæй байхъусын пайдадæр вæййы.

- Ма кæн къуыдипп, схъиуд митæ. Зон хиуыл хæцын, уый фæрцы адæмы астæу уыдзынæ тыхджындæр æмæ фæрнджындæр.

- - Хæдтулгæ машина скъæргæйæ, аргъ кæн дæхи цардæн æмæ адæмы æдасдзинадæн. Хиуыл хæцын фæраз æмæ æрра, схъиуд цыд ма кæн. Дæ алыварс чи ис, уыдонæй æфсæрмы кæн, сæ фæндаг сын ма лыг кæн. Дæхи æгад æмæ æлгъыстаг ма кæн, адæмы фыдæх райсын бирæ у.

- Ирон нæлгоймæгтæ фембæлгæйæ хъæбыстæ никуы кодтой. Кæрæдзийы къухта-иу райстой æмæ-иу дзыхæй уæздан арфæ ракодтой.

Нæу дæуæн дæр сыхæгтæй æрбайсгæ хъæбыстæ кæныны æгъдау фæзминаг.

- У хайджын ирон æфсармæй. Уынгты, паркты, æхсæнадон бынæтты уром æмæ ма ‘вдис дæ монцтæ. Чызг æмæ лæппу кæрæдзимæ цы зæрдæ дарынц, уымæ хъуамæ адæм кинойау ма кæсой. Алцæмæн дæр ис йæхи бынат æмæ рæстæг.

- Зон æмæ æххæст кæн кæстæр-хистæры æмæ хистæр-кæстæры æгъдау. Кад кæн нæ фæрнæйдзаг хистæртæн, ис сæ зонд æмæ фæлтæр. Зон, ирон адæмы фарн хистæрæй кæстæрмæ кæй цæуы, æмæ фидæны дæ кæстæртæ уыцы фарн дæумæ кæй агурдзысты.

Ма йæ фесаф! Бахъахъхъæн æй цæсты гагуыйау! Ма фæкæн фæсмойнаг уыцы кæстæрты!

- Ма æрлæу бинонты æгъдау халджыты æмрæнхъ. Макуы райхъуысын кæн дæ хæдзарæй хъæр ныхас, загъды уынæр. Уый на адæммæ уыдис худинаг.

Аргъ кæн дæ ныййарджытæн, дæ цардæмбалæн, дæ бинонтæн.

- Зон дæ кæстæртæн раст зонд бацамонын, сæ адæмы уидæгтыл фидар баст куыд уой, сæ Райгурæн бæстæйыл – æнувыд. Саби фыццаг ныййарджыты бафæзмыны, æмæ дæ кæстæртæн кæддæриддæр у хорз æгъдау æвдисæг.

Бирæ кæстæртæ хæдзары амонд æмæ фидауц сты, фæлæ уыимæ дæ зæрдыл дар, уыдон нæ Иры фидæн дæр кæй сты, æмæ æппæт дæр дæуæй аразгæ кæй у.

- Дæ адæмы фарнимæ дæ фыццаджыдæр бæтты нæ ирон æвзаг.

Уый нæ æгæрон хæзнадонæн йæ бахизæн дуары дæгъæл у.

Ма йыл атигъ кæн дæхи!

Æдæрсгæ дзур, кæс æмæ фысс иронау! Бауарзын кæн уыцы æвзаг дæ кæстæртæн. Зон, æцæг ирон уый нæу, ирон бинонты 'хсæн чи схъомыл ис, фæлæ йæхæдæг ирон кæстæрты чи схъомыл кодта.

Кæд ыл дæ уавæрты фæрцы, кæнæ ныййарджыты рæдыдæй афоныл нæ фæцалх дæ, уæд ныр хъуыддаг æрмæстдæр дæхицæй аразгæ у. Алкæй бон дæр у хи хъаруйæ йæ мадæлон æвзаг сахуыр кæнын.

- Ирон фынгæн стыр нысан ис. Уый у нæ аргъуан, нæ кувæндон.

Зон ирон фынджы æгъдæу, æмæ уымæ гæсгæ дæхи дар!

Дæ зæрдыл бадар, ирон адæм хæрд æмæ нозтыл зыд нæ кодтой, зыдтой дзы бæрц. Расыггæнæг уыдис худинаг, зарæггаг.

Карз нозт æгъдаухалæг у, нæ сафæг. Маргау ахъардта на адæмы тугдадзинты æмæ нæ иугай цæгъды. Æппæтæй хуыздæр, дæ къух ыл бынтон куы сисай, уый. Незамантæй, хорæй конд бæгæны уыдис нæ адæмы кадджындæр нозт. Хорз аргъ кодтой къуымæлæн дæр.

Дунейы кадджын адæмтæй никæцы нуазы водка дзаг агуывзæтæй. Уый нымайынц хъæддаг мийыл. Никуы уыдис нæ фыдæлтæм дæр ахæм æгъдау. Æмæ афтæ чи зæгъы, ирон фынджы уæлхъус æрмæстдæр карз нозтæй кувгæ у, уый ирон æгъдауæн æппындæр ницы æмбары.

Æгъдаухалджытæ сты гуыбындзæлтæ æмæ расыггæнджытæ.

Абон уыдонæй бирæтæ уынаффæгæнджытæ систы. Хатгай бадынц хистæрæн, нозтæй тых кæнынц, халынц ирон æгъдауы бындурон фæтк.

Ирон æгъдауы фæрæзтæй сын зон уæзданæй, фæлæ фидарæй ныхкъуырд дæттын!

- Фæстаг рæстæг фæсивæдæн фæзындис бирæ ног фадæттæ кæрæдзиимæ зонгæ æмæ ныхас кæнынæн. Уыдонæй иу у интернет. Æмæ уыцы ран ирон фæсивæд хъуамæ сæ зæрдыл æдзухдæр дарой, мингай адæмтæ сæм фæйнæрдыгæй кæй кæсынц æмæ æгас ирон адæмæн уымæ гæсгæ тæрхон кæй кæнынц.

Зон, дæ фыдæлтæ сæ кæртмæ дæр гуыбынгомæй нæ хызтызты, сæ монцтæ адæмы размæ нæ хастой, дзæгъæлдзырд æмæ æнæуаг ныхас нæ кодтой.

- Тырн хæрзхъæд ахуырмæ. Уый фæрцы рацыдысты нæ ирон адæм раззагдæрты æмрæнхъ. Царды мидæг архай зондæй, фæлтæрæй, уды хъаруйæ.

Зон зындзинæдтæн, цæсгом æнæфæчъизигæнгæйæ, фæразын. Худинаг æмæ æгадæй дæхи хиз. Худинаджы бæсты-иу мæлæт æвзæрстой дæ фыдæлтæ.

- Ныры рæстæг тызмæг у. Бирæты смæгуыр кодта, къæсæргæронмæ сæ раппæрста. Фæлæ куыстуарзонæй мæгуыр худинаг никуы у, куыд нæу худинаг хи куыствæллойæ амад мулк дæр. Худинаг у давын, мæгуыр адæмы сайын, стъигъын, гæртамтæ исын. Уыдонмæ ма бабæлл. Адæмы фыдæх стыр æмæ ахадгæ у. Ахæм хъæздыгдзинады та амонд нæй.

Дæ ирон цæсгом æхцайыл æмæ бæрзонд бынæттыл макуы ауæй кæн.

Зон æмæ æмбар дæ алыварс цы мæгуыр адæм ис, уыдоны. Мæгуырæн баххуыс кæнын фарны хъуыддаг у.

- Алы адæймагæн дæр аргъ кæн йæ дзыпп æмæ йæ бынатмæ гæсгæ нæ, фæлæ йæ удыхъæдмæ гæсгæ. Чи цы у, уый йæ хъуыддæгтæй бæрæг вæййы. Лæгдзинад æхцайæ баргæ нæу. Йæ сыхы, йæ хъæубæсты мидæг, адæмы домæнтæ хи пайдайæ бæрзонддæр чи æвæры, уый уыдис кæддæриддæр арфæйаг, адæмæн уарзон.

- Адæмтæ иуылдæр æмсæр æмæ æмбар сты. Нæй дзы хуыздæртæ æмæ æвзæрдæртæ. Дæ фыдæлтæ кæддæриддæр аккаг аргъ кодтой иннæ адæмтæн, цæвиттонæн сæ хастой. Уыцы зондæй хайджын у ды дæр.

Фæлæ æппæты фылдæр уарз дæ ирон адæмы æмæ дæ райгуырæн Ирыстон.

Макуы ракан знаггад дæ адæмæн, нæдæр хъуыддагæй, нæдæр ныхасæй!

Æппæт хъаруыйæ архай йæ кад, йæ намыс бæрзонд сисыныл, нæ адæмы иудзинадыл!

-Ныры заман нæ фæсивæдæй бирæты сæ балцвæндæгтæ ахастой Ирыстонæй дард. Æмæ кæмфæнды куы уай, уæддæр макуы рох кæн дæ райгуырæн бæстæ, дæ мыггаг, дæ адæмы. Хуыздæр цард агургæйæ сыл ма ауигъ дæ къух. Зон сæ минæвар кæй дæ, æмæ дыл хорз æгъдау æвдисыны хæс æвæрд кæй ис.

Уастырджийыл дæхи фæдзæхс, æмæ дæ рæствæндаг кæнæд!

Нæ домбай фæсивæд!

Сымах стут нæ фидæн, нæ зæрдæдарæн æмæ нæ цардаразæг!

Мæ бауадзут фесафын нæ фыдæлты æгæрон хæзнатæ: Ирон Æвзаг, Ирон Æгъдау æмæ Фарн!

Макуы ацæут æнæгъдаудзинады фæндагыл!

Фидар хæцут нæ адæмы фыдæлтыккон уидæгтыл, бафсадут сæ уæ лæгдзинад, уæ цыргъзонд æмæ уæ хæрзæгъдауæй, уæ ныфс, уæ хъаруйæ, нæ ирон адæммæ уæ æгæрон уарзондзинадæй!

Æмæ уын уæ фæрнджын фæндагыл Дуне Сфæлдисæг Иунæг Кадджын Стыр Хуыцау æххуысгæнæг уæд!

Алы адæймагæн дæр ис нысан йæ царды. Йæ райгуырдæй фæс-тæмæ сывæллонæн ныййарæг мад бауарзын кæны Райгуырæн зæхх, йæ радтæг адæмы. Æмæ уыцы амындимæ райдайы фыццаг къахдзæфтæ кæнын царды фæндагыл. Тынг дæрзæг, уæззау æмæ даргъ у уыцы фæндаг. Æмæ алкæйы хæс дæр у рæстагæй, æнæфæцудгæйæ, йæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, йæхицæн йæ адæмы ‘хсæн рæсугъд, хорз ном скæнын, йæ фæстæ ныууадзын хорз хъуыддæгтæ æмæ фарны фæд.

Адæймаг йæхи æмбарыныхъом куы фæвæййы, уæд æй хъæуы ахъуыды кæнын, цы у сæйрагдæр æмæ йыл цы хæстæ ис царды, æппæт уыдæттыл. Уыцы хæстæн та сæ ахсджиагдæр у куыст. Хъуамæ алчи дæр тырна уымæ, цæмæй йын адæмы ‘хсæн уа кад, аргъ ын кæной, йæ алыварс чи ис, уыдон. Уый та аразгæ у адæймагæн йæхицæй. Æгъдауджын, цæстуарзон куы уай, адæмимæ хæларæй куы цæрай, царды исты хорздзинад ныууадзынмæ куы тырнай, уæд, зæгъæн ис, дзæгъæлы нæ райгуырдтæ. Хорзы ном хæссыныл бирæ фыдæбон ис. Йæ царды хабæрттæ кæсгæйæ, цæстыты раз ирдæй сысты, хуымæтæг адæмы ʹхсæнæй чи рацыд; цардмæ, адæммæ йæхи сæрмагонд цæстæнгас кæмæн ис, дунейы хъуыддæгтæн æмæ рæстдзинадæн йæхи барæнæй аргъ чи кæны, хорз æмæ æвзæр искæй ныхæстæй чи нæ зоны, ахæм адæймаг.

Фыссæгæн дæр æмæ поэтæн дæр курдиат æрдзæй лæвæрд куы нæ уа, уæд йæ фыдæбæттæ цыфæнды рæсугъд куы уой, фæлæ сæ апп куы нæ уа, уæд сæ æппындæр ницы пайда ис, нæдæр йæхицæн, нæдæр адæмæн. Уыдзысты хуымæтæг, кæрæдзийыл рæсугъд амад рæнхъыты къорд. Фæлæ дæ иугæр æрдз курдиатæй фæхайджын кодта, йæ мидбылты дæм фæлмæн куы бахуда, уæд æй зон, уый хуымæтæджы фæзынд кæй нæ у.

Фыссæн сис йæ къухмæ чи райсы, уымæн йе сфæлдыстадон уацмыстæ нысанмæздæхтæй амонынц æхсæнадмæ, адæммæ. Хъæуы хиуыл кусын цæрæнбонты дæр. Хъуамæ дæ уд æмæ дæ цард снывонд кæнай адæмæн. Цины дæр æмæ хъыджы дæр уай сæ фарсмæ. Дæ уынд сын уа æхцон, дæ дзырд — зæды дзырд. Æрмæст ацы миниуджытæм тырнын хъæуы…

Адæймаг цы дæсныйады фæндагыл ныллæууы, уый хъуамæ хæсса æхцондзинад æмæ пайда æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфæмблайы цы адæм ис, уыдонæн дæр. Адæмы хорзæхæй стырдæр хорзæх та нæй а-зæххыл. Лæгæн йæ авдæнæй йæ ингæнмæ Хуыцау цас рæстæг радта, уыцы æмгъуыд хъуамæ йæ адæмы раз къæмдзæстыг мацæмæй уа. Æнæ сыгъдæгзæрдæ фæллойæ, æнæ намысæй фæцæрæн нæй. Стыр худинаг у æгуыстæй бадын, искæйы мулкмæ кæсын, уынгты дзæгъæл лекка кæнын. Уый у стыр цæлхдур нæ абоны царды размæцыдæн. Хъуамæ алы адæймаг дæр йæ хæс зона: кæй у æхсæнады уæнг, кæй йæ хъæуы фæллой кæнын, йæ дарддæры цард аразын.

Иуӕй-иу адӕймагæн зын у йӕхи ӕрмӕст иу профессийы фæлгæтты ӕвӕрын. Йӕ гоймагдзинады бирӕвӕрсыгдзинад ын бар нӕ фæдӕтты ӕрмӕст иу хъуыддаг аразын. Йӕ дыккаг профессийы тыххӕй дӕр Никъала дзуры зӕрдӕрадӕй. Куыд йе ‘мкусджытæ, афтæ горӕты цӕрджытӕ се ‘ппӕт дӕр тырнынц, цӕмӕй сӕ къахыдарӕс бацалцӕг кӕнынмӕ бахӕссой æрмæстдæр Никъаламæ, уымӕн ӕмӕ йӕ куыст алыхатт дӕр вӕййы цӕсгомджын ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Цыфӕнды куыст дӕр ӕнувыд ӕмӕ намысджынӕй куы кӕнай, уӕд уый ӕнӕхъусдард никуы баззайы.

Никъала ма иттæг хорз цæгъды ирон музыкалон инструменттыл. Музыкæ æппынæдзух ис йæ зæрдæйы.

Зарæг адæмы зæрдæ у. Адæмæн сæ миддуне, сæ характер, сæ удыхъæд, сæ сурæт кæй æвдисы, уый мах хорз зонæм. Адæмон музыкæйы сусæг æнкъарæнтæ ирдæй равдисын тынг стыр зонындзинæдтæ æмæ сфæлдыстадон фæлтæрддзинад хъæуы. Уыдонæй Никъала у æххæст æппæтварсонæй дæр.

Уыцы уæздандзинад махæн, ирон адæмæн, æвæццæгæн, нæ фыдæлтæй баззад. Æфсармæй æгъдау цæуы, æгъдауæй та — намыс. Уымæн æмæ æгъдау у царды мидис, æхсæн царды мидис æмæ йæ куыд арфдæр æнкъарай, куыд рæсугъддæр, мидисджын-дæрæй йæ æххæст кæной, афтæ дæ намыс кæндзæн тыхджындæр. Адæймаг æнусты нæ цæры, æнусты цæрынц йæ кад кæнæ — йæ худинаг. Ном лӕгӕн йӕ кад у, йӕ царды сӕр.

Ноджыдæр фæрнæй кус, Никъала, æмæ дæм бирæ азты стырдæр æнтыстытæ æфтæд. Дæ сызгъæрин къухтæ фæрнæй фæдар.


Эти молитвы занимают важное место в осетинском священнодействии, ошибиться в них нельзя. Правда, в каждом ущелье есть свой, особо почитаемый святой, в зависимости от этого второй или третьи молитвы бывают посвящены своему святому.

Скажем, в Куртатинском ущелье это - Дзивгис, в Архонском и Санибинском - Реком, в Уаллагкоме - Сонгута, в Тибе - Таранджелос, в Тырсыгоме - Саниба и т.д.

1-аг. Стыр Хуыцауы тыххӕй

Дунедарӕг кадджын Стыр Хуыцау, да хорзӕх ӕмӕ нӕ дӕ арфӕ уӕд. Де ‘сфӕлдыст адӕм стӕм ӕмӕ нын дӕ хорздзинадӕй хай бакӕн! Ӕнӕнизӕй, уарзонӕй, ӕнӕмастӕй куыд цӕрӕм, ахӕм амонд на уӕд!

2-аг. Уастырджийы тыххӕй

Уастырджи! Байраг-бӕхгӕнӕг, лаппу-лӕггӕнӕг, фӕндаггоныфарс цӕуӕг дӕ; нӕ бӕлццӕттӕ де ‘уазӕг, бынӕттонтӕ Хуыцауы уазӕг, афтӕмӕй амондджын хъуыдӕгты лӕуд куыд уӕм, ахӕм амонд нын ратт.

3-аг. Тбау-Уациллаӕйы тых-хӕй

ТБАУ-УАЦИЛЛА! Амонддӕттӕг, — фыдбылыз сафаг у. Нӕ фыдбы-лызтӕ нын фесаф, нӕ амонд нын уӕлӕхиз фӕкӕн! Алкӕйы хӕдзары бинонтӕ дӕр амондджын уӕнт!

4-ӕм. Куывд кӕй тыххӕй у

(балццон, ноггуырд, чындзхаст, ӕмӕ афтӕ дӕрддар)

а) Мадымайрӕмы лӕвар — ноггуырд — амондджынӕй схъомыл уӕд! Мыггаггӕн, мад ӕмӕ фыдӕн, дзыллӕтӕн цардыхос хӕссӕг гуырд фӕуӕд! Хъӕбатыр, кадджын лӕг ӕй Хуыцау скӕнӕд!

б) Бӕлццон алыбон ‘гас ӕрцӕуӕд! Йӕ балц хорзӕй ахицӕн кодта, ӕгаддзинад йӕ сӕрмӕ не ’рхаста, кадджын, амондджыннӕй куыд цӕра, ахаем арфӕ йӕ уӕд!

в) Чындзӕхсӕв кӕй тыххӕй у, уыдон: Хасан ӕмӕ Розӕ амондджын бон баиу уӕнт, ӕмкъай — ӕмзайӕ базӕронд уӕнт. Сӕ цӕсгом ма фӕчъизи кӕнӕнт, дыууӕ мыггаджы фидар бабӕттӕнт.

5-ӕм. Бынаты хицауы тыххӕй

Бынаты хицауы хорзӕх нӕ уӕд, бынаты цы рӕсугьд хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон амондджын фӕуӕнт, бинонтӕ дзы цардӕй бафсӕдӕнт, сӕ хъуыддӕгтӕ рӕстмӕ цӕуӕнт кӕддӕриддӕр!

6-ӕм. Алардыйы тыххӕй

Аларды — сывӕллӕтты дзуар, нӕ сабитӕ де ‘уазӕг! А бӕстӕм куы ‘рцӕуай, уӕд нӕ хъазгӕ-худ-гӕйӕ ныууадз. Сабитӕ де ‘уазӕг, стыртӕ — Хуыцауы уазӕг, афтӕмӕй нӕ дӕ хорзӕх уӕд!

7-ӕм. Хетӕджы Уастырджы, дунейы фарны тыххӕй

Хетӕджы Уастырджы, дунейы фарн ахӕм арфӕ ракӕнӕд ӕмӕ дӕунейыл сабырдзинад куыд фӕуӕлахиз уа, фӕсивӕд хӕстӕн куыд никуыуал бахъӕуой, фӕлӕ фӕллойыл фыдӕбонгӕнӕг уӕнт.

9-ӕм. Реком-Мыкалгабыр, Хоры Уацилла, фосы Фӕлвӕра

Реком-Мыкалгабыр, зӕххон адӕм Цӕрӕзонтӕн хорз амонд раттой, абон дӕр уыцы амондӕй амондджын сты, ӕппӕт адӕмӕн дӕр амонд хӕссӕг фӕуӕнт!

Хоры Уацилла, фосы фӕлвӕра, нӕ хор, нӕ фосы бӕркад нын макуы фесафут, нӕхи къухы фӕллойы руаджы нын бӕркадджынӕй-бӕркадджындӕр кӕнӕнт.

10-ӕм. Бӕркад — амонды тыххӕй

Бӕркад амонд Хуыцау раттӕд, хӕдзары чысыл бакуысты бирӕ амонд куыд уа, ахӕм арфӕтӕ мӕ Мыкалгабыртӕ, Хоры — Уацилла ӕмӕ Фосы Фӕлвӕра ракӕнӕнт.

11-м. Къӕсӕрты тыххӕй (кӕронбӕттӕн)

Хӕдзары къӕсӕртыл амондджын уазджытӕ фӕхизӕнт, бинонтӕй балцы чи цӕуа, уый амонджын къӕсӕрыл ахизӕд, хорз фӕндӕгтыл фӕцӕуӕд ӕмӕ дзагармӕй, ӕнӕнизӕй йӕ хӕдзарыл сӕмбӕ-лӕд!

Единый Бог вселенной, славный Великий Бог, да будет над нами твоя благодать и твое благословение. Мы - созданный тобой народ, удели же нам от благ твоих, чтоб мы жили в здоровье, любви и покое дай нам такого счастья!

Уастырджи, делающий жеребенка конем, мальчика - мужчиной, сопровождающий путников! Наши путники - твои гости, наши домашние - Божьи гости; да будут наши дела удачными - дай нам такого счастья!

3. К Тбау Уацилла

Тбау Уацилла, дарующий счастье, избавляющий от бед, уничтожь наши несчастья, укрепи нашу удачу! Пусть будет счастье в каждом доме, в каждой семье!

4. О том, кому посвящен пир

(путник, новорожденный, невеста и т.д.)

а). Мадымайрӕм! Пусть твой подарок - новорожденный - вырастет счастливо! Пусть несет добро фамилии, отцу с матерью, людям. Пусть Бог сделает его могучим и славным мужем!

б). Да прибудет к нам путник во здравии! Он успешно закончил свой поход, не допустил бесславных дел, пусть живет в почете и счастье!

в). О тех, чья свадьба: Пусть в счастливый день соединятся Хасан и Роза, пусть состарятся вместе, душа в душу. Пусть не запачкают своего лица, крепко свяжут друг с другом две фамилии!

5. О Хозяине Места (Бынаты-хицау)

Да будет над нами благословение Хозяина Места! Да будут счастливы прекрасные события, происходящие в этом месте, пусть семья насладится жизнью, и да будут удачны их дела!

Аларди, покровитель детей, наши дети - твои гости! Если придешь в нашу страну - оставь нас веселыми и счастливыми. Дети твои гости и Божьи гости, да будет нам твое благословение!

7. О Хетӕджы Уастырджи и Фарне Вселенной

Хетаджы Уастырджи Фарн Вселенной, дайте такого счастья, чтобы во вселенной победил мир, чтобы молодежи никогда не понадобилось воевать, пусть будет занята только трудом!

8. О равниных и горных ангелах и духах

Наши равнинные Цыргъ Обау, Пехуымпар, вокруг вас растут наши злаки; пожелайте, чтоб каждый год богато уродились зерно, овощи и фрукты. Пусть ваше зерно и наш труд дают нам возможность обращаться к Богу - да будет такое счастье молящимся людям!

9. Реком - Мыкалгабыртӕ, Хлебный Уацилла, Овечий Фӕлвӕра

Реком - Мыкалгабыртӕ дали земным людям (из рода) Царазонта удачи и счастья, и сегодня оно есть у них, так пусть принесут счастье всем людям!

Хлебный Уацилла, Овечий Фалвара, вовеки не лишайте нас изобилия зерна и скота, пусть их становится все больше благодаря труду наших рук!

10. О счастье и изобилии

Дай Бог счастья и изобилия, чтобы в доме даже от малой работы было изобилие и большое счастье - да будет на то воля Мыкалгабырта, Хлебного Уацилла и Овечьего Фалвара.

11. О пороге (завершающий)

Пусть счастливые гости переходят через порог дома; пусть счастливый порог переступит и тот, кто из семьи отправляется в путь, пусть пройдет он по хорошим дорогам и здоровым, с полными руками вернется в дом!

Не забудьте включить GT в список источников, которые будут вам попадаться время от времени:

Также будем рады вам в наших сообществах во ВКонтакте, Фейсбуке, Одноклассниках.

Читайте также: