Беджызаты чермен уанелы тутыр план урока

Обновлено: 05.07.2024

Свидетельство и скидка на обучение каждому участнику

Зарегистрироваться 15–17 марта 2022 г.

Фæлтæрты удварны хæзнатæ.

Беджызаты Чермены таурæгъ "Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз" æмæ Мамсыраты Таймуразы чиныг "Дæ мæсыг самай"-мæ гæсгæ.

Урочы нысан:

Базонгæ кæнын ахуырдзауты Беджызаты Чермены таурæгъ "Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз"-имæ æмæ Мамсыраты Таймуразы чиныг "Дæ мæсыг самай" -имæ.

Абарын æмæ анализ скæнын дыууæ уацмысæн, ахуыр кæнын хи хъуыдытæ æдæрсгæ дзурыныл.

Адæймаджы рæсугъд миниуджытыл хъомыл кæнын.

Урочы фæлгонц:

фæйнæгыл æртæ портреты - Мад Терезæйы, Беджызаты Чермены, рагон мæсыджы макет, Чермены чингуыты равдыст, Мамсыраты Таймуразы чиныг "Дæ мæсыг самай', газетты æрмæг Таймуразы хуызистытимæ.

Фæйнæгыл урочы темæ фыст, йæ бынмæ дзырдуат: куырыхон - мудрый;

фæдон — последователь, наследник духовный, нравственный; удварн -уды фарн, сыгъдæгдзинад; æнæфенкъуысгæ — незыблемый.

Хицæн гæххæттыл фыст Мад Терезæйы удварны фæдзæхстытæ:

Цард - сусæгдзинад. Райхалут æй. Цард - фæрæз. Пайда дзы кæнут. Цард — рæсугъддзинад. Цин ыл кæнут. Цард — тæхудиаг. Йæ ад ын базонут.

Цард — бæллиц. Сæххæст æй кæнут.

Цард — сидт. Фехъусут æй.

Цард — хæс. Сæххæст æй кæнут.

Цард — хъазт. Ахъазут æй.

Цард — хъæздыгдзинад. Аргъ ын кæнут. Цард — æнæниздзинад. Хъахъхъæнут æй. Цард — уарзондзинад. Мондæгтæ дзы исут. Цард — мæт. Фæуæлахиз ыл у.

Цард — тох. Ныффæразут ын.

Цард — цау. Уæ ныфс æм бахæссут.

Цард – фыдæвзарæн. Фæтых ыл ут.

Цард – амонд. Сфæлдисут æй.

Цард – æгæр рæсугъд у - ма йæ марут.

Цард – цард у, тох ыл кæнут!

Фæйнæгыл, кæнæ та хицæн гæххæттыл фыст цитатæ: "Ацы фæсивæд сты бынтон хæлд. Æрыгон адæм сты æбæрнон. Стæй ницæмæ арæхсынц. Раздæры фæсивæды хуызæн никуы уыдзысты. Абоны æрыгон фæлтæр нæ æгъдæуттæ æмæ кулътурæ нæ бахъахъхъæндзæн".

Рагон Вæвилоны цы дурын ссардтой, ууыл фыст, 3000 аз нæ дуджы размæ. (Цитатæйы загьды афон уал у æхгæд).

Ахуыргæнæг: Урочы темæ у "Фæлтæрты удварны хæзнатæ. Беджызаты Чермены таурæгъ "Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз" æмæ Мамсыраты Таймуразы чиныг "Дæ мæсыг самай"-мæ гæсгæ.

H æ урочы хæс абон у æрдзурын уацмыстыл, равзарын сын сæ мидис, абарын сын сæ хъуыдытæ, авторты цæстæнгас удварны хæзнатæм, банкъарын, удварны хæзнатæ кæй сты æнæфенкъуысгæ, уыдон кæй сты æгъдау æмæ фарн хæсджытæ не 'хсæнады.

Нæ ныхасы æмбæлдзыстæм ахæм дзырдтыл (ахуыргæнæг кæсы дзырдуат). Бынтон æнæзонгæ не сты, фæлæ ма сæм бæлвырддæр нæ хъус æрдарæм.

Нæ урокæн эпиграфæн райстон Мад Терезæйы удварны фæдзæхстытæ (духовное завещание Матери Терезы).

(Скъоладзаутæ кæсынц радыгай фæдзæхстытæ).

Мад Терезæйы кой. фехъуыстаиккат, фæлæ ма нын бæлвырддæр уый тыххæй зæгъдзæн Касаты Маринæ.

Скъоладзау: Мад Терезæ - йæ æцæг ном æмæ мыггаг Агнес Гонжа Бонеджиу. Индийаг. Йæ цард снывонд кодта адæмæн хорздзинад кæныныл. У католикон Хæрзаудæн Ордены бындурæвæрæг, Нобелы дунейы сабырдзинады премийы лауреат 1979 азæн. Алы аз 5 сентябрь: дунейы сыгъдæгзæрдæ адæм бæрæг кæнынц Мад Терезæйы бон. Цардис 1910-1997 азты.

(Кæд ма искæйы фæнды, уæд скъоладзаутæ дзурынц, сæ зæрдæмæ тынгдæр чи фæцыд, уыцы фæдзæхстытæ).

Ахуыргæнæг: Дарддæр нæ ныхас у Беджызаты Чермены цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Байхъусæм ма Льянты Аланæйы докладмæ.

Скъоладзау: (дзуры Беджызаты Чермены цард æмæ сфæлдыстад).

Спайдагонд литературæ:

1. Джыккайты Шамил "Ирон литературæйы истори ", фарс 295-315.

2. "Ирон литературæ", 10 къл., фарс 114.

3. Журнал "Мах дуг".

Ахуыргæнæг: Чермены сæйраг чиныг "Мæсгуытæ дзурынц"-ы ис цалдæр таурæгьы, фæлæ дзы мах æрныхас кæндзыстæм иуыл: "Æлбегаты Батай æмæ Барсæгаты чындз" (уыдис хаздзармæ хæслæвæрд). H æ зæрдыл ма йæ æрлæууын кæнæм.

Фарст: Цавæр рæстæг æвдыст цæуы таурæгьы?

Дзуапп: Рагон цард, нæ фыдæлты фыдæлты заман, тызмæг æгъдæутты æмæ тызмæг заман.

Фарст: Чи сты уацмысы сæйраг архайджытæ?

Дзуапп: Дыууæ мыггаджы - Æлбегатæ, Барсæгатæ. Сæйрагдæр Барсæгаты Бæтæг. Цардысты хæларæй, уымæн æмæ 2 мыггаджы дæр уыдысты хъæздыг, тыхджын.

Фарст: Цæуыл фæбыцæу сты дыууæ мыггаджы?

Дзуапп: .Æлбегаты Сæлдженыхъы бæх фæцыд Барсæгаты Дадайы зæрдæмæ, тыххæй йын æй иста, фæлæ йын æй уый нæ радта. Уыйадыл Дадай сардыдта Æлбегаты æфсымæрты кæрæдзийыл, æмæ дзы иу иннæйы амардта.

Фарст: Цавæр фыдбылыз æрцыд Æлбегаты мыггагыл, æмæ цымæ цæмæн?

Дзуапп: Фыдракæнддзинад æрдз дæр, æвæццæгæн, нæ бары. Бинонты хæлардзинад, мыггаджы амонд цæуы фарнæй, кæрæдзийы æмбарынæй, уыцы фарн, хъару нæ разынд Æлбегатам, æмæ мыггаг сæфтмæ æрцыд.

Фарст: Цы бакодта Батай йæ мыггаджы сæфты фæстæ?

Дзуапп: Удæгасæй йæхи ныгæны йæ фыдæлты зæппадзы.

Фарст: Куыд тыхсынц адæм Æлбегаты фæдоны фервæзын кæныныл æмæ йæ куыд фервзын кодтой?

Дзуапп: Иронвæндаджы фæрцы - сылгоймæгтæ хъарæггæнгæ фæцæуынц зианмæ. Цæрæхон, Барсæгаты чындз, уарзы Батайы, цæуы сылгоймæгты разæй æмæ хъарæг кæны йæ æнамонд цардыл. Афтæ æрхъуыды кодта Барсæгаты хистæр Бæтæг, цæмæй адæм ма фæгуырысхо уой Батай æмæ Цæрæхоны уарзондзинадыл. Сæ мыггаджы знаджы ирвæзын кæны, сæ чындзы сын уарзы. Уый у знаг.

Фарст: Фæсивæды ахастдзинад Цæрæхон æмæ Батаймæ?

Дзуапп. Хъамалвæстæй лæууынц Барсæгаты фæсивæд - сæ каст ма хистæрмæ у.

Ахуыргæнæг: Цы уынаффæ рахаста Барсæгаты хистæр "æгъдаухалджытæн"? Байхъусæм ма.

Дзуапп: (скъоладзаутæй иу, Ботъоты Заур, дзуры Бæтæджы раныхас фæсивæдæн; текстмæ хæстæг.) "Мæлæт æгьдаухалджытæн?! Æмæ кæд уыди мæлæт мæрддзаг хæдон худинагæн? Кæд ферох кæнын кодта худинаджы мæлæт адæмæн? Мæлæт худинагæй ирвæзынгæнæг у? Уæ кæрдты фындзтæ куы стулат сæ туджы, уæд худинаг уымæй ферох уыдзæн? Мæлæт? Мæлæт цæсгом не ссыгъдæг кæндзæн худинагæй! Уæдæ цы бакæнат, уый уын зæгъы зæронд Бæтæг. Иратаманы цы нæма æрцыд, уый бакæндзæн Барсæгаты мыггаг, йæ кады ном куыд баззайа æнусмæ. Сцæттæ кæнут Цæрæхоны чындздзон цæттæ æмæ райсом схæссут чындз Æлбеджы фыртæн.

Æнæдзургæйæ, сабырæй рацыдысты Барсæгаты минæвæрттæ сæ хистæры хæдзарæй. "

Фарст: Цавæр ирон лæджы, æцæг адæймаджы миниуæг равдыста Бæтæг?

Дзуапп: Куырыхондзинад, адæймагмæ уарзондзинад (гуманизм) тыхджын хъаруйы хицау, хиуылхæцгæ, йæ мæты сæрты ахизын бафæрзæта, фæсивæдæн кæрæдзийы цæгъдын нæ бауагъта. Дзырддзæугæ, бафиппайæн ис, фæстæмæ нæ дзургæйæ йын йæ ныхас фæсивæд куыд æххæст кæнынц, уый,

Фарст: Цæмæн хоны автор Бæтæджы Мæсыг?

Дзуапп: У фидар зонд æмæ хъаруйы хицау. Хъахъхъæны кæстæрты, хъуыды кæны сæ сомбоныл, у гуманист æмæ а.д. Бæтæг у зонды æмæ хъаруйы мæсыг.

Скъоладзау: Дзуры Мыртазты Барисы æмдзæвгæ "Фыдæлты мæсгуытæ".

Фыдæлты мæсгуытæ

нæ хæхбæсты джихæй лæууынц,

Фыдæлты мæсгуытæ

уæларвмæ дзыназынц, кæуынц.

нæуæндыдис цъиу дæ p тæхын,

нæ уыди зæххыл.

Æнусæй-æнусмæ æппæт

кæмттыл хъуысыд сæ кад.

Ахуыргæнæг: Æ мдзæвгæйы Мыртазты Барис цы мæсгуыты кой кæны, уыдоны абарæн ис таурæгьы адæмимæ, адæмæн ныфсы æмæ хъаруйы мæсыг чи уыд.

Уыдон уыдысты раджы заманы цаутæ æмæ хабæрттæ. Фæлæ цард цæуы æмæ рæстæг ивы, амæлынц кæцыдæр æгьдæуттæ, хъуыдытæ, дзырдтæ

цыма æппындæр царды никуы уыдысты, раст мæнæ климат куыд ивы, афтæ. Уый у æрдзы фæтк. Рæстæг куыд ивы, афтæ адæм дæр ивынц, ивынц ахастдзинæдтæ. Цы зæгъæн ис! Ног заман, ног фæлтæр!

Хъæздыгдзинад, æхцайы рæстæг, нæ алыварс - фыдракæнддзинæдтæ, æбуалгъы терроризм.

Фæлæ уæддæр! Фæлæ уæддæр ис не 'взаджы ахæм дзырдтæ, кæцытæн сæ хъуыды у æнæфенкъуысгæ - кад, намыс, цæсгом, уды фарн - удварн, уды сыгъдæгдзинад - нæ тырысайы хуызтæй иу.

Куыд уæм кæсы, ахуыргæнинæгтæ, ацы дзырдты нысаниуæг дæр фесæфт, нал хъæуынц, модæйы нал сты ныртæккæйы рæстæджы?

Скъоладзаутæ (дзурынц сæ хъуыдытæ, кæй зæгъын сæ хъæуы, æрцыдысты иу хатдзæгмæ - хъæуынц.)

Ахуыргæнæг: Бирæ уацмыстæ зонæм, ацы фæрстытыл кæм дзурынц, ахæмтæ, цардæй дæр зонæм дæнцæгтæ хорз адæмы тыххæй.

Æрæджы та рацыдис ног, цымыдисаг чиныг, Чиныджы автор дзуры æрмæстдæр йæ хъуыдытæ. Йæ автор у Мамсыраты Таймураз - нæ респуликæйы Сæргълæууæг. Чиныг хуыйны "Дæ мæсыг самай". Таймуразы тыххæй бæлвырддæр зæгъдзæн Къалаты Аллæ.

Скъоладзау (кæсы доклад -- Мамсыраты Таймуразы цардвæндаг, йæ сфæлдыстад æмæ куысты тыххæй.)

Спайда кодта:

Газет "Рæстдзшад ". 8 июнь, 2005 аз.

Газет "Северная Осетия ", 1 февраль, 2005 аз.

Газет "Северная Осетия", 10 декабрь, 2004 аз.

Газет "Рæстдзинад", 16 сентябрь, 2004 аз.

5. "Дæ? мæсыг самай ", 2004 аз.

Ахуыргæнæг: Таймуразæн йæ чиныджы фыццæг фарсыл фыст ис ахæм ныхæстæ (фæйнæгыл сæ кæсæм, кæс урочы райдайæнмæ). "Ацы фæсивæд сты. " Цавæр рæстæджы бæрæг кæнынц ацы хъуыдытæ? Сымахмæ гæсгæ кæд загьд æрцыдысты? -

Дзуапп: Ныртæккæйы рæстæг. (1-2-йæ загътой, раджы заманы, зæгъгæ.)"

Ахуыргæнæг (гом кæны, цитатæйы бынмæ фыстытæ.) Раст цыма ныртæккæйы рæстæджы загъд сты. Фæлæ. 3000-æм азы нæ дуджы размæ! Вавилоны. Цавæр хъуыдытыл уæ бафтыдта ацы цитатæ?

Дзуапп: Алы фæлтæр дæр хъуыды кæны йæ кæстæртыл, йæ сомбоныл.

Ахуыргæнæг: Таймураз дæр тыхсы ныртæккæйы фæсивæдыл, нæ Ирыстоны хъысмæтыл æмæ дзуры йæ хъуыдытæ, фæдзæхстытæ. Куыд арæзт у чиныг?

Дзуапп: Чиныг арæзт у аст хайæ, алы хайæн дæр хицæн сæргонд:

Ахуыргæнæг: Дарддæр нæ ныхас уыдзæн, цавæр хъуыдытæ уæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыдысты, уыдоныл. Бакæсут сæ, райхалын сын сæ хъуыды.

Скьоладзаутæ (кæсынц, дзурынц сæ хъуыдытæ):

"Алы фæлтæрæн дæр йæхи хъысмæт, йæхи фæндаг ис, фæлæ хи уидæгтæм раздæхын, нæ рагфыдæлты уды хъæды сыгъдæгдзинадыл æнцой кæнын у алы ирон лæджы хæс дæр".

"Æрыгонæй бæлас куынæ ныссадзай, уæд дын зæрондæй нæ уыдзæн, дæхи хурæй кæм бааууон кæнай, ахæм сатæг".

"Лæгдзинады æвдисæн сонт мæсты гæппытæ не сты, фæлæ хи уромын, мæты фæдыл нæ æцæуын".

"Дæ зæрдыл дар: хæлæг кæныны мидæг фынæй кæнынц марыны æмæ халыны æнкъарæнтæ".

"Дæ сусæг мæт æмæ æнæуынондзинады фæдыл ма ацу, хатыр кæнын зон".

6. "Ма рох кæн, адæймаг кæй дæ æмæ дæ размæ цавæрдæр хæстæ кæй лæууы, уый".

(Æмæ афтæ дарддар кæсынц, хи хъуыдытæ дзурынц, рæстæг куыд уа, уымæ гæсгæ.)

Ахуыргæнæг: Цымæ Таймураз цы хъуыдытæ фæдзæхсы махæн, уыдонæй йæхæдæг æххæст у?

Дзуапп: Ирон лæджы хуыздæр миниуджытæй æххæст у Таймураз, Беслæны æвирхъау цауты йæхи равдыста æцæг куырыхон адæймагæй: фидар, уæззау зондыл хæст, хиуылхæцгæ, куыд зонды æмæ хъаруйы мæсыг. Йæхи сывæллæтты уыцы зындонæй ракæныныл дæр не сразы иннæтæй уæлдай.

Уæдæ Калоты Виталийы хъысмæтыл куыд тыхсы æмæ куыд архайы, уый дæр дзурæг у йæ хорз миниуджытыл. Раст Барсæгаты Бæтæджы хуызæн.

Фарст: Цымæ цæмæн схуыдта йæ чиныг "Дæ мæсыг самай"? Цавæр мæсыджы кой кæны?

Дзуапп: Царды фæткы мæсыг, удварны мæсыг, рæстдзинады мæсыг. Таймураз йæхæдæг зæгъы: "Сараз дæ хæстон мæсыг – фидар удыхъæд æмæ рæсугъд зæрдæйы нысан".

Ахуыргæнæг: Поэт Тыджыты Юрий ныффыста Мамсыраты Таймуразыл æмдзæвгæ " M æ царды конд". Байхъугсæм æм.

Мæнæн мæ царды конд у ахæм:

Лæууын мæйдар æхсæв цырагьау,

Йæ хæтæн барухс уа бæлццонæн,

Цæуа йæ нысанмæ æнцонæн.

Мæнæн мæ царды конд у ахæм:

Иæ сæрмæ схизын хохы рагъæн,

M æ арм нæ быдыртыл æрхæссын сын хуры тафс æрхæссын.

Мæнæн мæ царды конд у ахæм:

Салам сæгуытæн радтын, маргъæн

Йæ ахстон, абабау, нæ халын,

Фæлæ йын хор, нæмгуытæ калын.

Мæнæн мæ царды конд у ахæм:

Нæ тасын, нæ, йæ быны уаргъæн,

Нæй донау байсысæн мæ тыхæн,

Сæттын йæ базыртæ мæтыхæн.

Мæнæн мæг царды конд у ахæм:

Йæ бындур амайын гæнахæн,

Мæнæн мæ заринаг - нæ бæстæ,

Мæнæн мæ заринаг - мæ рæстæг.

Мæнæн мæ царды конд у ахæм:

О, адæм, арт кæнын сымахæн,

Мæнæн мæ сафинаг - мæнгдзинад,

Мæнæн мæ заринаг - рæстдзинад!

Ахуыргæнæг: Иумæйагæй цы ис дыууæ уацмысмæ, куыд бабæттæн ис сæ хъуыды Мад Терезæйы фæдзæхстытимæ?

Дзуапп: Дыууæ уацмысы иу кæны сæ гуманистон хъуыды, хистæрты куырыхон зонд, схонæн сæ ис дыууæ мæсыджы, æвдисынц сæ удварны хъæздыгдзинад. Афтæ ахъуыды кæнæн ис, цыма Мад Терезæ ацы дыууæ адæймаг — мæсгуыты хорз миниуджытæм гæсгæ æрхъуыды кодта йæ удварны фæдзæхстытæ.

Ахуыргæнæг: Нæ ныхас кæронмæ æрхæццæ. Абон базонгæ стæм 2 уацмысимæ, æрдзырдтам адæймаджы хорз миниуджытыл. Бамбæрстам, удварны хъæздыгдзинад кæй цæуы фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Сымах дæр хайджын ут удварны хæзнатæй, æз уын æвæрын хорз бæрæггæнæнтæ, цард та уын-иу сæвæрæд хуыздæр бæрæггæнæнтæ. Бузныг, нæ хъуыдытæ иу кæй уыдысты, уый тыххæй!

Урочы цыд: Организацион хай!

Салам сын раттын, урокмæ сæ бацæттæ кæнын. Номхыгъд скæнын.

  1. Абон нæ урочы мах дзурдзыстæм Беджызаты Ч. цард æмæ сфæлдыстадыл:
  1. Нæ зæрдыл ма ноджыдæр иухатт æрлæууын кæнын Чермены царды хабæрттæ.
  2. Чи ма фæцис нæ фысджытæй репрессийы амæдтаг?

(Хъуылаты С., Малиты Г., Фæрнион К.)

Чермен у революцийы зарæггæнæг. Беджызаты Ч. ма йæхиуæдтæй абоны онг баззад – сæ дыккагхæдзæртты лæппу – Дудар. Уый цæры æмæ кусы Чъребайы, кæны наукон куыстытæ институты кусгæйæ.

Черменæн йæ новеллæты цикл райдыдта студентты фольклорон практикæйы. Фыссæг абарста ныры дуджы фæсивæд æмæ раздæры.

Зæронд Баймæт сыл дис кæны, адон хæйрæджытæ сты, æви?

Дис кæны сæ дарæсыл дæр.

Сылгоймагæн кæй ис бартæ – уый дисы æфтауы Баймæты.

1) Цы у таурæгъ? (Доклад кæсы Хуыбецты К.)

зиу – къордгай куыст, æххуыс;

фæринк – кард (вид сабли, шашки);

згъæрон – æфсæнаг (металл);

чегъретæ – проводник, посредник;

сахъ – бравый, смелый;

хæтыди – балц кодта;

Нæ фенкъуысын кæны æндон хохы нæдæр тæрк уад, нæдæр сонт къæвдæ, фæлæ чысыл миты къуыбар, хитæлæджы сæрæй æрхаугæ, базмæлын кæны уæрæх фæтæнтæй зæй æмæ бындзармæ нырризын кæны бæрзонд хохы.

Урстуалты лæгъз – цъитийы кой кæны Чермен:

Цыма дæ ыскодта æрдз

Дæ уæлæ нæзы хъæд. Уæззау

Уыд размæ æрмæстдæр

Ныхас дзы – иу хъуысти сындæг

Уыдис уын ахæм хæслæвæрд: бакæсын новеллæ, æмæ йын фарстаты руаджы æрдзурын.

  1. Цавæр мыггыг уыдысты Кодзыртæ?
  2. Чи уыдис Кодзырты Тохтæ?
  3. Цæуыл рацыд Тохтæ æмæ Бæдтуйы быцæу?

(Фæринк – Хъороты хъал Бæдту йæ хъæздыгдзинадæй æлхæнинаг у)

− Бакæсут æмæ абарут зæронд лæгты ныхæстæ Тохтæйы карды тыххæй?

Цæмæн афтæ загътой?

  1. Куыд æмæ кæй æххуысæй райста Бæдту йæ маст Кодзыртæй?

Цыбыртæй радзурын, куыд фæзындис Гадиаты мыггаг?

Кæй-ма зонут Гæдиатæй? (Секъа, Цомахъ).

  1. Куыд уæм кæсы, Хъороты Бæдту раст ми бакодта? (Нæ)

(Абарст нæ эпиграфимæ).

( 1) Куы-иу амардтой туджджыны, уæд-иу хион бацыд уæлмæрдмæ, ныггуыбыр-иу кодта, æмæ-иу ныдзырдта. 2) Хъусæргæвст, лæджы æргæвст – фæлдисын. )

Цавæр уацмысты ма сæмбæлдыстæм туг исыны æгъдæуттыл?

Мулдарты хъал мыггаг амардтой Æфхæрдты Солæманы. Идæдзæй баззад йæ ус Госæма, йæ сабиимæ. Мулдарты Хъуыдайнат æм иу æхсæв бацыдис, фæлæ саударæг ус йæхи худинаджы ранмæ не ′ руагъта, хъамайæ йæ барæхуыста Хъуыдайнаты æмæ хъæдмæ ралыгъди.

Хæсанæ куы ралæг, уæд райста йæ фыды туг Мулдартæй.

Æнæдарæгæй баззадис Госæма.

«Уадз æмæ туджы фæмæцой Мулдартæ,

Ацы ран та нын автор кæй æхсæн æвдисы тох?

(мæгуыртæ - бонджынтæ) къласон тох.

− Батрадз, кæй ныхмæ хæцыд?

(Нæрттæм туг исын уыдис нымад хъайтардзинадыл).

− Раздæры адæм-иу цæмæн сарæзтой гæмæхтæ (мæсгуытæ).

− Тутыры бæрæгбоны (чырыст. бæрæгб.) фыццаг æмæ дыккаг бонты нæ уыди туджджынмæ æвналыны бар.

− сылгоймаджы бынат туджджынты ′ хсæн? (кæлмæрзæн-иу се `хсæн æрæппæрста).

(Зæххыл тох, давын, фос исын, сывæллæттыл фæхыл).

Алы мыггаг дæр йæхи дæлæмæ нæ уагъта, æгадæй тарсти.

Сывæллæттæ, исты фарстытæ-ма уæм сæвзæрдис?

− Уæдæ уын темæ кæд æмбæрстгонд у, уæд-ма мын зæгъут:

  1. Новеллæйы – архайд кæм цæуы? (Урстуалты - Едысы).
  2. Цы нын равдыста фыссæг нæ рагфыдæлты цардæй?

− ирон адæмы хъизæмар æмæ зын фадæтты цард, туг исыны æгъдау мыггæгты ′ хсæн (къласон тох).

Уæдæ æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ:

Уый уыдис нæ фыдæлты фæстæзад æгъдæуттæй сæ иу.

Стыр бузныг уын уе ′ ппæтæн дæр. Фыдбылызæй хызт ут. Ноджыдæр-ма уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, дæгъвæтин азты цæрæнбон æмæ домбай лæджы хъару!

Нажмите, чтобы узнать подробности

Хистæр кадджын кæм у, кæстæр – æгъдаудæттæг, лæджыхъæд æмæ уæздандзинадæн кад æмæ рад кæм ис, уым царды мæсгуытæ бæрзонддæр сты.

 КОМГÆРОНЫ ХЪÆУЫ ИУМÆЙАГАХУЫРАДОН АСТÆУККАГ СКЪОЛА ГОМ УРОК 8 КЪЛАСЫ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙÆ I КАТЕГОРИЙЫ АХУЫРГÆНÆДЖЫ ÆЛБОРТЫ ФАТИМÆ МАХАРБЕДЖЫ ЧЫЗДЖЫ

КОМГÆРОНЫ ХЪÆУЫ ИУМÆЙАГАХУЫРАДОН АСТÆУККАГ СКЪОЛА

I КАТЕГОРИЙЫ АХУЫРГÆНÆДЖЫ

ÆЛБОРТЫ ФАТИМÆ МАХАРБЕДЖЫ ЧЫЗДЖЫ

НЫХАСЫ ТЕМÆ Хистæр кадджын кæм у, кæстæр – æгъдаудæттæг, лæджыхъæд æмæ уæздандзинадæн кад æмæ рад кæм ис, уым царды мæсгуытæ бæрзонддæр сты.

НЫХАСЫ ТЕМÆ

Хистæр кадджын кæм у, кæстæр – æгъдаудæттæг, лæджыхъæд æмæ уæздандзинадæн кад æмæ рад кæм ис, уым царды мæсгуытæ бæрзонддæр сты.

Урочы нысæнттæ: Уацмысы мидисыл æнцой кæнгæйæ, равзарын аивадон Уацмысы мидисыл æнцой кæнгæйæ, равзарын аивадон фæлгонцтæ. Ахуыр кæнын уацмысы царды проблемон уавæртæм хи Ахуыр кæнын уацмысы царды проблемон уавæртæм хи цæстæнгасæй кæсыныл, хи хъуыдытæ æдæрсгæ дзурыныл; 3. Æрдзурын, адæймаг фарнхæссæг дæр æмæ цардхалæг дæр кæй у, ууыл.

Урочы нысæнттæ:

  • Уацмысы мидисыл æнцой кæнгæйæ, равзарын аивадон
  • Уацмысы мидисыл æнцой кæнгæйæ, равзарын аивадон
  • Ахуыр кæнын уацмысы царды проблемон уавæртæм хи
  • Ахуыр кæнын уацмысы царды проблемон уавæртæм хи

цæстæнгасæй кæсыныл, хи хъуыдытæ æдæрсгæ дзурыныл;

3. Æрдзурын, адæймаг фарнхæссæг дæр æмæ цардхалæг дæр кæй у, ууыл.

Адæймаг йæ райгуырæн бонæй йæ царды фæстаг бонмæ амайы мæсыг: йæ номы, йæ царды мæсыг. Амайгæ та йæ кæны йæ къухты фæллойæ, йæ зонд æмæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй. Ирыстоны зæххыл нæ уæздан фыдæлтæ кад æмæ фарнимæ цардысты. Уыдонæн райгуырæн зæхх мады ад кодта, цæуын æмæ кусынæй йыл нæ фæлладысты. Царды хордзинæдтыл цасфæнды фæдзур, уæддæр адæймагæн йæхи бæстæ,йæхи къонайæ зынаргъдæр æмæ уарзондæр нæй. Уый уымæн афтæ у,æмæ ам алцыдæр дæхи у: дæхи æвзаг, дæхи æгъдау, дæхи зæхх. Лæгæн йæхи цы уа,уымæн та ацы стыр дунейы æмбал нæй. Фæлæ райгуырæн зæхх йæхи уды бæрц чи уарзы, ахæм хорз лæгтæй фидауы цард .

Адæймаг йæ райгуырæн бонæй йæ царды фæстаг бонмæ амайы мæсыг: йæ номы, йæ царды мæсыг. Амайгæ та йæ кæны йæ къухты фæллойæ, йæ зонд æмæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй. Ирыстоны зæххыл нæ уæздан фыдæлтæ кад æмæ фарнимæ цардысты. Уыдонæн райгуырæн зæхх мады ад кодта, цæуын æмæ кусынæй йыл нæ фæлладысты. Царды хордзинæдтыл цасфæнды фæдзур, уæддæр адæймагæн йæхи бæстæ,йæхи къонайæ зынаргъдæр æмæ уарзондæр нæй. Уый уымæн афтæ у,æмæ ам алцыдæр дæхи у: дæхи æвзаг, дæхи æгъдау, дæхи зæхх. Лæгæн йæхи цы уа,уымæн та ацы стыр дунейы æмбал нæй. Фæлæ райгуырæн зæхх йæхи уды бæрц чи уарзы, ахæм хорз лæгтæй фидауы цард .

Иу æнамонд бæлас, зæгъынц, арвмæ бæрзонд куы фæцыд,уæд фæхъал, цы уидæгтыл нал æрвæссыд, уыдоныл, æмæ бахус. Бæлас куы базæронд вæййы,уæд, зæгъынц, арвы бæрзæндтыл йæ цæст ахæссы, йæ зæнгмæ йæ цæнгтæ æрбангом кæны æмæ зæххыл æруадзы йæхи. Фæлæ йæ зæронд уидæгтæй ссæуынц æвзонг талатæ,хуры хъарм æмæ фæлмæн къæвдатæм байрæзынц æмæ алцæмæй дæр вæййынц, йæ цард кæмæн фæци, уыцы зæронд бæласы æнгæс. Уый æмæ дын сыфтæры хуыз,сæ дидинæг,сæ адджын дыргъты ад – иухуызон æппæтæй дæр. Афтæ у адæймаджы цард дæр. Кад æмæ радæй фæцæры, йæ кæстæрты зæрдæты байтауы йæ уарзондзинад,стæй йе нусон фæндагыл араст вæййы йе нусон бæстæмæ. Хистæртæ нын цы хорз фæд ныууагътой, уый мах абон равзардзыстам радзырд-таурæгъмæ гæсгæ ерысы . Ахуырдзауты адих кæнын 2 къордыл.

Иу æнамонд бæлас, зæгъынц, арвмæ бæрзонд куы фæцыд,уæд фæхъал, цы уидæгтыл нал æрвæссыд, уыдоныл, æмæ бахус. Бæлас куы базæронд вæййы,уæд, зæгъынц, арвы бæрзæндтыл йæ цæст ахæссы, йæ зæнгмæ йæ цæнгтæ æрбангом кæны æмæ зæххыл æруадзы йæхи. Фæлæ йæ зæронд уидæгтæй ссæуынц æвзонг талатæ,хуры хъарм æмæ фæлмæн къæвдатæм байрæзынц æмæ алцæмæй дæр вæййынц, йæ цард кæмæн фæци, уыцы зæронд бæласы æнгæс. Уый æмæ дын сыфтæры хуыз,сæ дидинæг,сæ адджын дыргъты ад – иухуызон æппæтæй дæр. Афтæ у адæймаджы цард дæр. Кад æмæ радæй фæцæры, йæ кæстæрты зæрдæты байтауы йæ уарзондзинад,стæй йе нусон фæндагыл араст вæййы йе нусон бæстæмæ.

Хистæртæ нын цы хорз фæд ныууагътой, уый мах абон равзардзыстам радзырд-таурæгъмæ гæсгæ ерысы .

Ахуырдзауты адих кæнын 2 къордыл.

Æхсар бæрæггæнæг лæгнымæцæй уыди раджы заманы Цард бæрæггæнæг- Лæг бæрæггæнæг- Хицау- Закъон -

Æхсар бæрæггæнæг лæгнымæцæй уыди раджы заманы

Барсæджы мыггаджы миниуджытæ Æлбеджы мыггаджы миниуджытæ

Барсæджы мыггаджы миниуджытæ

Æлбеджы мыггаджы миниуджытæ

Лæвæрд фæлгонцты миниуджытæ ранымайын Сæлдженыхъхъы фæлгонц Дадайы фæлгонц

Лæвæрд фæлгонцты миниуджытæ ранымайын

Кудзаны фæлгонцтæ ранымайын

Кæй тыххæй фыст уыдысты ацы

рæнхъытæ æмæ цæмæн?

Къæлæуты Хæмæт æмæ Абианы ныхасы сæр

Къæлæуты Хæмæт æмæ Абианы ныхасы сæр

Цавæр цаутæ дзы ´вдыст цæуы ацы нывты?

Цавæр цаутæ дзы ´вдыст цæуы ацы нывты?

Ныфмæ гæсгæ радзурут дарддæр

Ныфмæ гæсгæ радзурут дарддæр

 Бæтæджы уынаффæ

Бæтæджы уынаффæ

Раст уæм кæсы Бæтæджы уынаффæ? Цæмæн?

Раст уæм кæсы Бæтæджы уынаффæ? Цæмæн?

Адæймаг йæ райгуырæн бонæй йæ царды фæстаг бонмæ амайы мæсыг: йæ номы, йæ царды мæсыг. Амайгæ та йæ кæны йæ къухты фæллойæ, йæ зонд æмæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй. Хистæр кадджын кæм у, кæстæр – æгъдаудæттæг, лæджыхъæд æмæ уæздандзинадæн кад æмæ рад кæм ис, уым царды мæсгуытæ бæрзонддæр сты.

Адæймаг йæ райгуырæн бонæй йæ царды фæстаг бонмæ амайы мæсыг: йæ номы, йæ царды мæсыг. Амайгæ та йæ кæны йæ къухты фæллойæ, йæ зонд æмæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй. Хистæр кадджын кæм у, кæстæр – æгъдаудæттæг, лæджыхъæд æмæ уæздандзинадæн кад æмæ рад кæм ис, уым царды мæсгуытæ бæрзонддæр сты.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы цыд: Организацион хай!

Салам сын раттын, урокмæ сæ бацæттæ кæнын. Номхыгъд скæнын.

  1. Абон нæ урочы мах дзурдзыстæм Беджызаты Ч. цард æмæ сфæлдыстадыл:
  1. Нæ зæрдыл ма ноджыдæр иухатт æрлæууын кæнын Чермены царды хабæрттæ.
  2. Чи ма фæцис нæ фысджытæй репрессийы амæдтаг?

(Хъуылаты С., Малиты Г., Фæрнион К.)

Чермен у революцийы зарæггæнæг. Беджызаты Ч. ма йæхиуæдтæй абоны онг баззад – сæ дыккагхæдзæртты лæппу – Дудар. Уый цæры æмæ кусы Чъребайы, кæны наукон куыстытæ институты кусгæйæ.

Урочы конспект

Ирон царды биноныг уыд – туг исыны æгъдау.


Урок бацæттæ кодта

ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Тедеты Анжелæ

Гом урок

Къабазджын адæймаг уæлдай ныфсджындæр вæййы.

(Уæдæ нæ урокæн дæр йæ ратæдзæн ацы ныхæстæ сты).

Рагом кæнын таурæгъæй туг исыны æгъдæуттæ.

Урочы цыд: Организацион хай!

Салам сын раттын, урокмæ сæ бацæттæ кæнын. Номхыгъд скæнын.

Абон нæ урочы мах дзурдзыстæм Беджызаты Ч. цард æмæ сфæлдыстадыл:

Нæ зæрдыл ма ноджыдæр иухатт æрлæууын кæнын Чермены царды хабæрттæ.

Чи ма фæцис нæ фысджытæй репрессийы амæдтаг?

(Хъуылаты С., Малиты Г., Фæрнион К.)

Чермен у революцийы зарæггæнæг. Беджызаты Ч. ма йæхиуæдтæй абоны онг баззад – сæ дыккагхæдзæртты лæппу – Дудар. Уый цæры æмæ кусы Чъребайы, кæны наукон куыстытæ институты кусгæйæ.

Ног темæмæ рахизын.

Черменæн йæ новеллæты цикл райдыдта студентты фольклорон практикæйы. Фыссæг абарста ныры дуджы фæсивæд æмæ раздæры.

Зæронд Баймæт сыл дис кæны, адон хæйрæджытæ сты, æви?

Дис кæны сæ дарæсыл дæр.

Сылгоймагæн кæй ис бартæ – уый дисы æфтауы Баймæты.

1) Цы у таурæгъ? (Доклад кæсы Хуыбецты К.)

Дзырдуатон куыст:

зиу – къордгай куыст, æххуыс;

фæринк – кард (вид сабли, шашки);

згъæрон – æфсæнаг (металл);

саргъ – седло;

чегъретæ – проводник, посредник;

къæссайы – голлаг;

сахъ – бравый, смелый;

хæтыди – балц кодта;

уарт – щит;

хуымон – земледелец;

æхсырфæй – серп;

хæрис – ива.

Нæ фенкъуысын кæны æндон хохы нæдæр тæрк уад, нæдæр сонт къæвдæ, фæлæ чысыл миты къуыбар, хитæлæджы сæрæй æрхаугæ, базмæлын кæны уæрæх фæтæнтæй зæй æмæ бындзармæ нырризын кæны бæрзонд хохы.

Урстуалты лæгъз – цъитийы кой кæны Чермен:

Цыма дæ ыскодта æрдз

барæй мæнæн.

Дæ уæлæ нæзы хъæд. Уæззау

Уыд размæ æрмæстдæр

дуарæй кæсæн,

Ныхас дзы – иу хъуысти сындæг

Уыдис уын ахæм хæслæвæрд: бакæсын новеллæ, æмæ йын фарстаты руаджы æрдзурын.

Цавæр мыггыг уыдысты Кодзыртæ?

Чи уыдис Кодзырты Тохтæ?

Цæуыл рацыд Тохтæ æмæ Бæдтуйы быцæу?

(Фæринк – Хъороты хъал Бæдту йæ хъæздыгдзинадæй æлхæнинаг у)

 Бакæсут æмæ абарут зæронд лæгты ныхæстæ Тохтæйы карды тыххæй?

Цæмæн афтæ загътой?

Куыд æмæ кæй æххуысæй райста Бæдту йæ маст Кодзыртæй?

Цыбыртæй радзурын, куыд фæзындис Гадиаты мыггаг?

Кæй-ма зонут Гæдиатæй? (Секъа, Цомахъ).

Куыд уæм кæсы, Хъороты Бæдту раст ми бакодта? (Нæ)

(Абарст нæ эпиграфимæ).

Куыд уæм кæсы, раст уыдис æви нæ, мыггæгты хсæн тох?

Цавæр туг исыны хуызтæ-ма зонут?

( 1) Куы-иу амардтой туджджыны, уæд-иу хион бацыд уæлмæрдмæ, ныггуыбыр-иу кодта, æмæ-иу ныдзырдта. 2) Хъусæргæвст, лæджы æргæвст – фæлдисын. )

Ахъуыды-ма кæнут, æмæ зæгъут:

Цавæр уацмысты ма сæмбæлдыстæм туг исыны æгъдæуттыл?

Мулдарты хъал мыггаг амардтой Æфхæрдты Солæманы. Идæдзæй баззад йæ ус Госæма, йæ сабиимæ. Мулдарты Хъуыдайнат æм иу æхсæв бацыдис, фæлæ саударæг ус йæхи худинаджы ранмæ не руагъта, хъамайæ йæ барæхуыста Хъуыдайнаты æмæ хъæдмæ ралыгъди.

Хæсанæ куы ралæг, уæд райста йæ фыды туг Мулдартæй.

Æнæдарæгæй баззадис Госæма.

«Уадз æмæ туджы фæмæцой Мулдартæ,

Ацы ран та нын автор кæй æхсæн æвдисы тох?

(мæгуыртæ - бонджынтæ) къласон тох.

Батрадз, кæй ныхмæ хæцыд?

(Нæрттæм туг исын уыдис нымад хъайтардзинадыл).

 Раздæры адæм-иу цæмæн сарæзтой гæмæхтæ (мæсгуытæ).

 Тутыры бæрæгбоны (чырыст. бæрæгб.) фыццаг æмæ дыккаг бонты нæ уыди туджджынмæ æвналыны бар.

 сылгоймаджы бынат туджджынты хсæн? (кæлмæрзæн-иу се `хсæн æрæппæрста).

Туг исыны аххосæгтæ ма-иу цытæ уыдысты?

(Зæххыл тох, давын, фос исын, сывæллæттыл фæхыл).

Алы мыггаг дæр йæхи дæлæмæ нæ уагъта, æгадæй тарсти.

Уазæджы бынат ирон адæмы хсæн? (Хъоротæ растадысты Парсайы сæрыл, уазæгмæ нæ уыдис æвналыны бар).

Тæрхоны лæгты роль? (фидауджытæ).

Хъолы фцæг – æрдзы æрфыст.

Фæсайрæйнаг литературæимæ абарст:

Наполеон – корсиканец (горцы), уыд туджджыны фырт, æмæ уый тыххæй алыгъд Францимæ.

Лермон – сæ мыггаг у туджджын.

Сывæллæттæ, исты фарстытæ-ма уæм сæвзæрдис?

 Уæдæ уын темæ кæд æмбæрстгонд у, уæд-ма мын зæгъут:

Новеллæйы – архайд кæм цæуы? (Урстуалты - Едысы).

Цы нын равдыста фыссæг нæ рагфыдæлты цардæй?

 ирон адæмы хъизæмар æмæ зын фадæтты цард, туг исыны æгъдау мыггæгты хсæн (къласон тох).

Уæдæ æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ:

Уый уыдис нæ фыдæлты фæстæзад æгъдæуттæй сæ иу.

Нысæнттæ сын сæвæрын.

Стыр бузныг уын уе ппæтæн дæр. Фыдбылызæй хызт ут. Ноджыдæр-ма уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, дæгъвæтин азты цæрæнбон æмæ домбай лæджы хъару!

Шуберт месса соль мажор 1 часть сделать запись от начала до конца, и прислать подписанную фотографию партии. По результатам видеоматериалов в понедельник всем студентам будут выставлены оценки.Отсутствие записей без наличия медицинской справки оценивается как двойка.

1 курс невладеющей группы:




1 курс владеющая группа:

8 февраля



4 курс д/х отд. Преп. Ходова З.А.

Раздел 2. Тема 1Зарождение рус.нац. опер. театра и Тема 2. Оперно-хоровое творчество М.И. Глинки

3 курс д/х Усова И. Хоровая литература. Раздел 1. Глава 1. Народная песня в хоровой обработке.

для 1 курса







1 курс 2 февраля:





3 курс




8 февраля:

3 курс

9 февраля:

1 курс

28 01 22. Преподаватель: Всянская И. А. 2 курс исполнители. Тема: Глобальные проблемы человечества. Прочитать, составить конспект. По одной из глобальных проблем по выбору подготовить доклад.

4 февраля:

Тема: Классификация глобальных проблем. Прочитать, составить конспект, подновить устный ответ и составить кроссворд по данной теме.

4 февраля:

2 курс. Тема: общая социально- экономическая характеристика развитых стран мира. Составить конспект, подготовить устный ответ. В тетради дать сравнительную социально- экономическую характеристику двух развитых стран по выбору.

Преп. Абаева Ф.Х.

1 курс:

  1. Написать конспект в тетради о блокадном Ленинграде, видеооответ
  2. Великая российская революция (1917-1921гг.) Конспект и видеоответ.

7 февраля:

1 курс:

2 курс:


3 курс:

Задание: Пётр 1 и его реформы

преп. Абаева Ф.Х.

2 курс:

  1. Подготовить небольшую презентацию про блокадный Ленинград (Можно читать стихи, показать картины, знать автора, музыкальные произведения, либо в собственном исполнении, либо по видео)
  2. Индустриализация СССР:

б) первая пятилетка

в) социальные проблемы первой пятилетки

г) второй пятилетний план

д) итоги первых пятилеток

3 курс: Блокадный Ленинград, конспект и видеоответ

преп. Дзиова Б.Т.

2 курс: выучить гл.9 и ответить на вопросы в конце главы.

преп. Тибилова С.Б.

3 курс исполнители. Владеющие группы:

3 курс , но для не владеющих. Группа для начинающих 3 курс:

3 курса, для 11- классников:

2 курс:



4 курс:



2 курс гр. для начинающих:



2 курс -11 классники:

4 курс гр для начинающих:




1 курс группа для начинающих:




1 курс исполнители




3 февраля:

2 курс:





2 курс- 11 классники:





2 курс- начинающие




3 курс — начинающие




3 курс




3 курс- 11 классники





4 курс начинающие





4 курс





4 курс — 11 классники

Читать, переводить, задать к тексту все виды вопросов.

преп. Езеева А.Г.

2 курс: Тема: Биология с элементам Экологии.

2 курс:







12 февраля

1 курс:

Вирусы. Бактерии. Инфекционные заболевания. Онковирусы.

Читайте также: