Сочинение на тему ирыстон

Обновлено: 30.06.2024

Æнтæф фæсаст æмæ адæймаг æппæт йæ буарæй æнкъары сатæг уæлдæфы æхцондзинад. Хур арвыл хуссарæрдæм акъул æмæ раздæрау нал æндавы зæхмæ. Йæ тынтæ судзгæ нал кæнынц, фæлæ ныр сæ рæвдаугæ хъармæй узæлынц, æрдзы кæдæм æххæссынц, уыдоныл. Æртыхсынц зайæгойтыл, цыма сын сæ цъæх хуызæн хæрзбон зæгъынмæ фæхъавынц, уыйау. Арвыл тар уæззау мигътæ арæхдæр зынын райдыдтой æмæ сæ уагæй æмбарын кæнынц, фæззæг йæ тыхы кæй цæуы, хуры хъарм тынтæн сæ фæндаг ахгæнынц царддæттæг зæхмæ æмæ та фæстæмæ сæхи айсынц арвы кæрæттæм. Фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахæссы, ногæй та ракæсы хур райгæйæ æмæ барухс вæййынц бæлæсты, зайæгойты зæрдæтæ, сæхи цингæнгæйæ банкъусынц, нырма уазал чи нæ хæссы, уыцы дымгæйы æрбаныдзæвдæй.

Гъе, фæлæ сæ царды кæрон æввахс кæны, сæумæрайсомы уазал йæ дæрзæг арм кæуыл æруадзы, уыцы сыфтæртæн. Иутæ дзы фæивтой сæ хуыз, фæбур сты æмæ фæлмæн дымгæйы æрбаныдзæвдæй нырризынц, ныззыр-зыр кæнынц сæ мидбынаты, сæ уддыл ма дæндагæй бæргæ ныххæцыдысты, фæлæ…къалиутæй фæиппæрд вæййынц æмæ зæххыл æнцойад ссарынц. Афтæ згъæлынц кæрæдзийы фæстæ æмæ зæххы сыгъзæринхуыз гауызы бын æркæнынц.

Цæй диссаг у фæззыгон нæ хæхбæсты æрдз… мин-мин хуыз дарæсы йæхи сфæлыста æмæ фæлгæсы нæртон æфсинау, йæ бæркад адæмыл рæдауæй таугæйæ. Дардыл йæ цæст хæссы, цыма йын ххæххон рагуазæлттæ æппындæр ницы хъом сты, уыйау. Бонтæ куыд цæуынц, афтæ йæ цъæххуыз ивы сыгъзæрин хуызмæ. Уыцы бур зæрин хуыз ын цыбыр рæстæгмæ кæй у, уый бæргæ зоны, фæлæ уæддæр у сæрыстыр, æмæ нæ ивы йæ райзæрдæйы уаг. Гъе, фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр алы зайæгой дæр æнкъары, фæззыгон бонтæй иу иннæмæй уазалдæр кæй у æмæ фæззæджы æрбалæудимæ кæй æрцыдис сæ адзал.

Æнусон бæлæстæ сæ хомысджын цæнгты ныууигъынц æмæ æнæвгъауæй æрызгъалынц зæхмæ сæ сыфтæртæ… фæлæ, æвæццæгæн, уыдонæн нæ вæййынц хуымæтæджы сыфтæртæ, фæлæ вæййынц, схъæлбæрзæй хъæды къохы бæлæсты цæсты сыгтæ, тагъд сæ фæлыст кæй азгъæлдзæн æмæ бынтон бæгънæгæй, æгъуызæй кæй аззайдзысты, ууыл хъынцъымы цæссыгтæ.

Уæдæ куыд не сты диссаг Ирыстоны быдыртæ дæр: сæрвæтты кæрдæг сихсыди æмæ фосæн фæзын ис сæхи æфсадын. Æрдз цыма æрæнкъард, йæ хъус адардта уазал зымæджы ‘рдæм. Уалдзæг ын цы æхсидгæ цард радта, уый цадæггай нымæгæй нымæгдæр кæны. Æрмæст ма алчидæр тыхсы ууыл, цæмæй зымæгмæ йæхи бацæттæ кæна. Адæймаджы хъуыдытæ дæр вæййынц уыимæ баст. Афæдзы ацы афон тыллæг æфснайыны афон у, æмæ зæхкусæг тагъд кæны йæ тыллæг æфснайыныл. Цæмæй йæ карз зымæг æдзæттæйæ ма æрыййафа.

…Уæлдæфы разыны адæймаджы хъарм комулæфт, хæххон хъæуты цæрджыты уæлхæдзæрттæй уæларвмæ, æзфæраздæронæй згъорынц фæздæ-джы хъуымбылтæ, адæймаджы йæхимæ æрбасайы хъарм пец, æрæнкъард вæййы зæрдæ… Фæстейæ аззадысты сæрдыгон тæвд бонтæ, рагвæззæджы хурбонтæ, ныр та фæззæг йæ бартæ йæхимæ райста æххæстæй æмæ ма иуæй-иу хатт хуры рæвдаугæ хъарм тынтæ, кæд зæрдыл æрлæууын кæнынц ивгъуыд бонтæ, уæддæр уайтагъд асæтты сæ тых, амбæхсынц тар мигъты ‘хсæн æмæ уæлдæфы æрзилдух кæны фæззæджы комулæфт. Фæззæг цæуы. Æввахсæй æввахсдæр кæны уазал зымæг…

Æрдзы ацы хуызивæнтæй алы адæймаджы зæрдæйы дæр сæвзæры æндæр æмæ æндæр æнкъарæнтæ. Æрдзы фæззыгон хуызæй йæ зæрдæ кæмæн райы, йæ алæмæтаджы фæлыстæй æхцондзинад сты райсы, сæумæрайсомы халасæппæрсты йæ къæхтæ бауымæл кæнынæй æхцондзинад чи райста, æмæ фæззыгон дымгæйы сыгъдæг уæлдæфмæ йæ зæрдæйы монцтæ кæмæн райхæлынц, уыдонæй дæн æз дæр …

Фæззæг… сыгъзæрин æвдылд фæззæг… куыстуарзаг адæймаджы зæрдæ йæ афæдзы куыстæй куы фæрухс кæны, афæдзы уыцы афон.

Эхх, искуы ма хæххон уыгæрдæнтæ байдзаг уыдзысты хосдзæуттæй æмæ сæ зард, сæ хъæлæба кæмтты хæхты араудзæн… Фæскуыст хъазтизæрты, уæларвмæхъуысæг ирон фæндыры зæлтæй бахъæлдзæг уыдзæн зæрдæ…

Оценить 361 0

Гом урок – презентациты равдыст

Темæ: Мæ уарзон Ирыстон

Нысан: Рацыд æрмæг бафидар кæнын;

Ныхасы рæзтыл бакусын;

Патриотизмы æнкъарæнтæ хъомыл кæнын

Эпиграф: « Адæймаг æгъдауджын æмæ кадджын вæййы, йæ

бинонтæ æмæ йæ адæмы куы æмбара, йæхи

фæллойæ куы цæра,Райгуырæн бæстæ куы

уарза, æрмæстдæр уæд.

Организацион хай. Радгæсы ныхас.

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Ирыстоны сæйраг горæт, Ирыстоны горæттæ, районтæ, хъæутæ, цæугæдæттæ, хæхтæ, кæмттæ, суардæттæ, Ирыстоны фæзуат, Терчы дæргъ, хæхты бæрзæнд æ. а. д.

Ахуыргæнæг: 13-14 æнусты нæ фыдæлты паддзахад знæгтæ куы ныддæрæн кодтой, уæд ирон адæмæн хæхтæ систы сæ ирвæзынгæнæг. Зынвадæтты цардысты, фæлæ се ‘взаг, сæ культурæ, се ‘гъдæуттæ нæ фесæфтой – уыдоны руаджы та ногæй йæ къæхтыл слæууын кодтой Райгуырæн бæстæ, æмæ йæ æнусæй-æнусмæ хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау, уарзтой æнæкæрон уарзтæй. Ууыл дзурæг у нæ урочы эпиграф дæр.

Æцæгæйдæр, йæ Райгуырæн бæстæ цы адæймаг нæ уарзы, ахæм нæй. Кæд ис, уæд, æвæццæгæн, ахæм адæймаг бынтон æххæст нæу – цух у цæмæйдæрты: удæй, фарнæй, æ. а. д.

Цæй, дардыл æй цы дзурын! Сæдæ хатты фехъусыны бæсты, дам, иу хатт фенын хуыздæр, зæгъгæ, зæгъы уырыссаг æмбисонд.

Цæй уæдæ, мах дæр абалц кæнæм нæ Райгуырæн Ирыстоныл нæ чысыл корреспондентты æххуысæй.

Табуафси, хонут нæ балцы Ирыстоны алы районтæм, хъæутæм, горæттæм.

(Скъоладзаутæ æвдисынц сæ презентацитæ, цыбыр хъусынгæнинæгтимæ)

Хатдзæг: Æвæдза, куыд хъуамæ хона адæймаг йæхи æнамонд, Райгуырæн бæстæ кæмæн ис, чи цæры, кусы, уарзы, зæронд кæны йæ уарзон адæмы ‘хсæн, йæхи зæххыл?!

Æмбисæндтæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй (Слайд)

1. Райгуырæн бæстæ адджын у.

2. Фыдыбæстæ ныййарæг мадау – адджын.

3. Искæй уæзæгыл мæ Хуыцау æхсин дæр ма скæнæд.

4. Уызын дæр йæхи къудзийы бынмæ лыгъди.

5. Лæгæн дунейыл аджындæр цы баззади? – Мад, хæдзар, ррайгуырæн бæстæ.

6. Дард бæлццон йæ райгуырæн бæстæм куы ‘рыфты, уæд ног райгуырæгау вæййы.

Нажмите, чтобы узнать подробности

2. Хъуыдыйады тыххæй скъоладзауты зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын.

3. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Иры, Уæрæсейы, Английы тырысатæ, тестытæ, компьютер, интерактивон фæйнæг, карточкæтæ, Ирыстоны презентаци, ирон орнамент.

– Уæ бон хорз, сывæллæттæ!

– Нæ буц уазджытæ, сымах дæр нæм алыбон æгас цæут. Сывæллæттæ, сымах дæр-ма нæ уазджытæн салам раттут.

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, сымах дæр абон мæнау чысыл фæлварæны бахаудтат, æмæ иумæ равдисæм нæ ирондзинад, не 'гъдау, нæ арæхстдзинад. Æгъдаумæ гæсгæ уазæг ирон хæдзары вæййы кадджын, æмæ нæ уазджытæн арфæ ракæнæм.

Скъоладзау: Нæ буц уазджытæ, нæ зæрдæ уын зæгъы, нæ уарзон Ирыстоны цæрынæй бафсæдут, æмæ уæ ацы къуырийы бæрæгбоны хорзæх уæд. (Джеоргуыбайы)

Рацыдысты æртæ лæппуйæ сæ къахфындзтыл, бæрзонд систой Иры, Уæрæсейы æмæ Англисы тырысатæ.

«Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ,

Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!

Скæнæм нæ тырыса дзыллæйы номæй,

– Чи ныффыста ацы æмдзæвгæ? (Къостайы)

– Цæмæ сиды Къоста? (иудзинадмæ)

– Тырыса та уырыссагау куыд уыдзæн? (флаг)

– Кæй тырысатæ сты дыууæ кæройнæг тырысайы? (Уæрæсейы, Английы)

– Иры тырысайы хуызтæ цы нысан кæнынц?

– Цы ис иудзинадæй тырысатæм?

2). Мæ къухы тырыса.

3). Мæ къухы бæрзонд систон Ирыстоны тырыса.

- Хъуыдыйады уæнгтæ сбæрæг кæнæм.

- Цæмæй хицæн кæнынц хъуыдыйæдтæ?

- Нæ абоны грамматикон темæ цавæр у? Цæуыл дзурдзыстæм?

Ныффыссут абоны нымæц, темæ, къласы куыст.

I хæс. Хæдзармæ куыст – рацыд æрмæг сфæлхат кæнын (тест лæвæрд цæуы сыфтыл)

1. Синтаксис ахуыр кæны:

æ) мыртæ æмæ дамгъæтæ

в) дзырды хæйттæ

2. Бæрæггæнæн фæбæрæг кæны предметы:

3. Хуымæтæг цыбыр хъуыдыйад арæзт вæййы:

а) æрмæст сæйраг уæнгтæй

æ) æрмæст фæрссаг уæнгтæй

б) сæйраг æмæ фæрссаг уæнгтæй

в) ) æрмæст фадатон дзырдтæй

Ирыстон у мæ райгуырæн бæстæ.

а) хуымæтæг цыбыр

æ) хуымæтæг даргъ

Хъуыдыйад даргъгонд æрцыд

а) бæрæггæнæнæй, фадатон дзырдæй

æ) фадатон дзырдтæй

Дзырдбыд æрхъуыды кæнын

Æмбисæндтæ райгуырæн бæстæйы тыххæй Ирон, уыпыссаг, англисаг

Нывмæ гæсгæ æрхъуыды кæнын хуымæтæг цыбыр æмæ хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ.

Нывтæ хъуамæ уой ахæмтæ: Ирыстоны æрдз, Уæрæсейы æрдз æмæ Англисы æрдз. Ссарут Ирыстоны æрдзы ныв, Уæрæсейы æрдзы ныв, Англисы æрдзы ныв. Цæмæй хицæн кæнынц нывтæ? Хъуыдыйæдтæ саразын.

Ахуыргæнæг: Адæймаг рухс дунемæ куы фæзыны, уæд ын йæ цæрæнбонмæ æрдз балæвар кæны æппæты стырдæр хъæздыгдзинад – Райгуырæн бæстæ, кæцы йын суанг йæ амæлæты бонмæ дæр ивд никуыуал æрцæуы, раст дыккаг хатт райгуырæн куыд нæй, афтæ.

Æмбисондæн дзуринаг у Ирыстоны æрдз. Уарзын æй алы афон дæр. Фæллад фæцыдæр вæййы, куы акæсы адæймаг йæ алыварс урссæр хæхтæм, цъитиджын къæдзæхтæм, æхсырхуыз дæттæм, бæркадджын хъæдтæм!

Тынг рæсугъд у мæ Ирыстон (презентаци)

Хуымæтæджы нæ райстам абон нæ урочы æпигрæфæн Баситы Мысосты ныхæстæ:

«Ды искуы федтай дидинæгджын фæзтæ,

Æгæндæг хъæдтæ, зад мæнæуы хуым?

Мæ райгуырæн хæхбæстæ, -

Фарст: Ацы ныхæстæм байхъусгæйæ уæм куыд кæсы, цæй кой кæндзыстæм абон нæ урочы?

Дзуапп: Ирыстоныл, Райгуырæн бæстæйыл, Фыдыбæстæйыл.

Фарст: Куы хуыйнынц ацы дзырдтæ æвзагзонынады?

II хæс. Дзырдуатон куыст.

Сывæллæттæ, лæмбынæг кæсæм фæйнæгмæ (слайдтæм) æмæ тетрæдты фыссæм иронау, цы дзы уынут, уыдон.

Иронау уырыссагау англисагау

ком ущелье gorge хъæд лес forest

æхсæрдзæн водопад waterfall

æрдз природа nature

хæхтæ горы mountains

бæлæстæ деревья trees

дæттæ реки rivers

Дзырдтæй иуимæ ирон æвзагыл æрхъуыды кæнут хуымæтæг цыбыр хъуыдыйад. Ратæлмац æй кæнут уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæм. Хъуыдыйад фæдаргъдæр æй кæнут фæрссаг уæнгтæй.

Цавæр фæрссаг уæнгтæ ис хъуыдыйады?

Абарут хъъуыдыйæдтæ. Цавæр ивддзинæдтæ æрцыд хъуыдыйады?

( йæ структурæ, йæ дзырдты рæнхъæвæрд аивта, …. )

Хъуыдыйæдтæ синтаксисон æвзæрст ракæнæм.

Цы хъуыдыйадыл куыстам, уымæй пайдагонд цæуы тексты. Цавæр у хъуыдыйады функционалон нысаниуæг тексты? Цы æххуыс у тексты сæйраг хъуыды раргом кæнынæн?

Мæ уарзон Ирыстон.

Ирыстон у мæ райгуырæн бæстæ. Тынг рæсугъд у нæ Фыдыбæстæ. Бæрзондæй фæлгæсынц рухс цæстæй æнусон цъититæ. Ныгъуылынц бæрзонд хæхты цъуппытæ кæмдæр арвы цъæхы. Фидарæй лæууынц фæрсæй-фæрстæм рагон къæдзæхтæ. Сæ астæу ацыдысты арф кæмттæ. Æрттивынц ранæй-ран къултæ зæлдаг кæрдæгæй. Комы нарæгæй уæлæмæ хъуысы доны хъæлæба. Æз тынг бирæ уарзын мæ райгуырæн зæхх.

Цавæр орфограммæтæ дзы ис?

Цы хонæм дзырдбаст?

6.Цæмæй хицæн кæны дзырдбаст хъуыдыйадæй?

7.Цавæр хъуыдыйæдтæ зонут сæ загъды нысанмæ гæсгæ?

Байгом кæнут уæ чингуытæ æмæ сбæрæг кæнæм хуымæтæг хъуыдыйæдтæ цавæртæ вæййынц, уый. §14 (кæсæм раиртæст). Фæлтæрæн 101(1-2 хъуыдыйады дзургæйæ).

Фыццаг рæнхъ фыссынц текстæй номдартæ (кæцы хауæнты сты, уый фæнысан кæнын). Дыккаг рæнхъ фыссынц мивдисджытæ (афон,нымæц,цæсгом). Æртыккаг рæнхъ фыссынц миногонтæ (бæрц).

_Синтаксисон æвзæрст ракæнын ставддæрæй фыст хъуыдыйад.

Ахуыргæнæг: Æцæгæй дæр Ирыстоны у Хуыцауы зæхх. Сывæллæттæ, сымах, æвæццæгæн, ахуыр кодтат æмдзæвгæтæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй иронау, уырыссагау, англисагау. Нæ зæрдыл ма сæ æрлæууын кæнæм. (Скъоладзаутæ дзурынц æмдзæвгæтæ)

V хæс. Æмдзæвгæтæ.

Родина моя, Что будет и что было, – Все я пополам, С тобою разделю, Вовсе не затем, Чтоб ты меня любила, Просто потому, Что я тебя люблю.

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц, Йæ бинонтæ, йæ мад. Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы Йæ рæзгæ бонты цард, Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и, Дæуæй зæрдæйæн адджындæр, Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!

Бузныг, хорз бацæттæ кодтат, хорз радзырдтат.

VI хæс. Ныхасы рæзтыл куыст.

Ныффыссын нывмæ гæсгæ цыбыр сочинени. 3-5 хъуыдыйады. 5 мин.

VII хæс. Хатдзæгтæ скæнын.

Зæгъут-ма, сывæллæттæ, цæуыл дзырдтам на урочы.

– Цæмæн нæ хъæуы æрдз хъахъхъæнын?

Зонут, ис нæм Сырх чиныг – Красная книга – The Red Book (англ.)

Цæмæн фæзындис Сырх чиныг?

–Уымæн æмæ, алы аххосæгтæм гæсгæ куынæг цæуынц цæрæгойтæ, зайæгойтæ, сырдтæ, мæргътæ.

Фæзуат (площадь) дæр кæны къаддæрæй-къаддæр.

Хъæдырмæджы тыххæй куынæг кæнæм бæлæстæ, кæм не 'мбæлы, уым арт кæнын нæ хъæуы, науæд расайы зынг сирвæзт дæр.

Фарст. Цавæр цæрæгойтæ, зайæгойтæ, сырдтæ хаст æрцыдысты Сырх чиныгмæ?

– Махæн нæ хæс цы у? (Хъахъхъæнын æрдз)

_ Искуы федтат знаггад цы хæссы, ахæм цымыдисаг цау? (Дзурынц цымыдисаг цаутæ).


Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, хъахъхъæнут нæ чысыл Ирыстон.

Æцæг ирондзинад, æцæг ирон фарн Ирыстоны ис. Фæнды мæ, цæмæй арæхдæр хъуыса фыдæлты нæртон куывдтыты азæлд, цæсты гагуыйау куыд хъахъхъæнæм нæ ирон мадæлон æвзаг, нæ диссаджы æгъдæуттæ.

IX хæс. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын. (орнаментыл)

Адон (орнамент) уын зæрдылдарæн бæрæггæнæнтæ сты. Цымæ cа уæ ныййарджытæ базониккой , кæцы предметæй уын лæвæрд æрцыдысты, уый?

Мё райгуырён бёстё — Республикё Ц ё гат Ирыстон – Алани у У ё р ё сейы Федерацийы субъект. Хауы Ц ё гат Кавказы федералон зылдмё. Йё сёйраг горёт у Дзёуджыхъёу. Зёгъён ис, рагон, культурон ёмё историон цыртдзёвён кёй у, уымён ёмё дзы фендзынё бирё зёрдылдарён бынёттё. Мё зёрдёйён у уарзон!

Диссаг ёмё рёсугъд у мё райгуырён Ирыстоны ёрдз дёр. Йё алыварс лёууынц бёрзонд хёхтё. Уёлдай удёнцой ёмё ёхсызгондзинад хёссы бёрзонд Хъазыбеджы хох – хёхты бёрзонддёр. Цы цёугёдёттё сё гуыры, уыдон уайынц хъёлдзёгёй, сё уылёнтё алырдёмыты пырхгёнгё. Фёлё дзы ёппёты стырдёрыл нымад у Терчы дон. Ёз дзы тынг сёрыстыр дён, уымён ёмё йыл нёхи поэттё нё, фёлё ма суанг Уёрёсейы хъуыстгонддёр генитё — Пушкин ёмё Лермонтов — ныффыстой се ‘нёмёлгё ёмдзёвгётё. Теркён йё фёндаг цёуы цалдёр кавказаг республикёйыл.

Ёвёццёгён, ёрдзёй рёсугъддёр ницы ис зёххыл. Зёрдё райы йё уындёй, алыхузон ёнкъарёнтё мём гуырын кёны нё хёхбёстё. Нё кёмттё ёлвасынц сёхимё адёмы се ’нёкёрон рёсугъддзинадёй, нё улёфён бынёттё бирётён баззайынц сё зёрдёты! Куыд мёхицён дёр!

Ирыстон канд йё рёсугъд ёрдзёй зындгонд нёу, фёлё ма у хъёздыг нё диссаджы хорз адёмёй дёр. Нё фыдёлты ном арвнёрёгау айхъуыст ёппёт дунейыл. Ныууагътой нын хъёздыг хёзнатё, истори ёмё культурё, кёцытё абоны онг ёрхёццё сты махмё, кёстёртём дёр. Ёма сё хъуамё хъахъхъёнём, ма сё бауадзём фесафын. Уыдонимё сты не ’взаг дёр ёмё не ’гъдёуттё дёр. Уыдон сты нё адёмы фарн. Уыдон сты мёнён дёр хъахъхъёнинаг!

Мах, ирёттё, стём Хуыцаумё кувёг адём. Нё бёрёгбёттём азёй — азмё ёнхъёлмё фёкёсём. Ёз тынг бирё уарзын Тымбыл къохы — Хетёджы бёрёгбон, Хоры Уациллайы бёрёгбон. Уёлдай кадджындёр бёрёгбон та на бинонтён у Джеоргуыбайы бёрёгбон. Мёнмё гёсгё дёр, уымёй сёйрагдёр, ахсджиагдёр бёрёгбон нёй. Лёгты дзуар у Хуыцауы минёвар ирон адёммё, нё фыдёлтё йыл кёддёриддёр ёмё кёмдёриддёр сёхи фёдзёхстой ёмё абон дёр фёдзёхсынц.

Уёдё куыд нё загъон нё хорз, фёзминаг фёсивёды тыххёй. Сё алыхуызон ёнтыстдзинёдтёй уыдон дёр хъуыстгонд ёмё зындгонд сты ёппёт дунейыл. Бирётё дзы суанг сё цард дёр суёлдай кодтой бёстёйы сабырдзинад ёмё хорзёхты тыххёй.

По осетинскому языку фаззаг ирыстоны

Ёз, мёхёдёг райгуырдтён ёмё цёрын Цёлычы хъёуы. Тынг зынаргъ мын у. Бирё йё уарзын, кёд дзы цыдёр чысыл хъуагдзинёдтё ис, уёддёр. Уёдё мё хъёуёй цы бирё хорз адёмтё рацыд, уыдонён та сё нымёц бёрёг дёр нёу. Фёлё дзы кёй зонын, уыдон сты, фыццаджыдёр, нё ветерантё, Фыдыбёстёйы хёсты архайджытё, Кодзырты Муслимёт – фёллойы ветеран, Мёскуыйы хъёууон-хёдзарадон равдысты архёйаг, Чекаев Вячеслав ёмё Эльджарты Руслан – Афганы хёсты хъёбатыртё, Сёбётхъуаты Светё ёмё Хёбёлаты Олег – Уёрёсейы Президенты Гранты лауреаттё, Хъантемыраты Рая- Бетъырбухы клиникёйы сёргълёууёг, Хъазыбегты Валерий ёмё Кочынаты Иринё – барадхъахъхъёныны оргёнты кусджытё, Боциты Ирё — Ирыстоны телекомпани ёмё радиойы журналист, Быценты Руслан, Хабёты Руслан, Музаты Сослан – Мёскуыйы цирчы аивады дёснытё, Уалыты Гиви – ирон театры сгуыхт актер, ёмё ма бирётё…

Мё дарддёры царды та цы нысантё сёвёрдтон, уыдон ёнгом баст сты мё Ирыстонимё. Никуыдём ацёуин ардыгёй. Кёмфёнды куы уон, уёддёр – иу мё мё зёрдё хондзён нёхимё!

Рахизфарсы районы Цёлычы хъёуы иумёйагахуырадон астёуккаг скъолайы

9 къласы ахуырдзау

Хъазыбегты Регинёйы сочинени

(Ахуыргёнёг Боциты А.В.

Примеры похожих учебных работ

По осетинскому языку фаззаг ирыстоны

ХОРЗ АДÆМÆЙ ФАРН ЦÆУЫ /ОТ ХОРОШИХ ЛЮДЕЙ ИСХОДИТ БЛАГОДАТЬ

.. Уæларвон зæды хуызæн мæм фæкастæ къамы. Цымæ мæм исты сдзурынмæ хъавыд, кæннод æй рагон хабæрттæ радзурын фæндыд, æви дæ бирæ бинонты фæдонтæм дæ зæрдæ хсайы? Цы дын зæгъон? Дæ рыст зæрдæ дын цæмæй барухс кæнон, ме ‘нæзонгæ баба? Уæд та мын дæхæдæ .

Руслан и Людмила (опера)

По поэме Руслан и Людмила 5 класс рассуждение

. того, благодаря кому русская литература стала известна даже вне нашей страны. Сочинение по поэме Пушкина Руслан и Людмила Пушкин частенько обращается к народному фольклору, в частности, к сказкам. Налицо положительный .

Читайте также: