Мамсыраты темырболат биография на осетинском кратко

Обновлено: 04.07.2024

Урок – ӕрныхас (беседа)

Фронталон, хибарӕй ӕмӕ къордтӕй

- фыссæджы биографи зонын

- йæ царды хъысм ӕ тимæ базонгæ кæнын

- æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды бамбарын.

  • Æмгуыст кæнын иннæ ахуыргæнинæгтимæ.
  • Искæй хъуыдымæ хъусын æмæ йын аргъ кæнын.
  • Хи бæрнондзинад æмæ хæдбардзинад æмбарын (хатын).

- урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын;

- хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнын;

- хицæн миниуджыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын;

- хиконд хатдзæгтæ хуызæгимæ барын, æххæст сæ кæнын

Предметты ӕхсӕн бастдзинад

  1. Мамсыраты Темырболаты къам .
  2. Ирӕтты алыгъд Туркмӕ цы литературон уацмысты бынат ссардта, уыцы чингуыты равдыст, наукон-иртасæн куыстытæ уыцы темæйыл.
  3. Темырболаты уацмысты ӕмбырдгонд.
  • Салам дæтты ахуырдзаутæн. разæнгард кæны урок райдайынмæ

Ахуырдзаутæ дæттынц салам ахуыргæнæгæн, кæрæдзийæн. Сæхи урочы райдианмæ бацæттæ кæнынц .

Цæттæдзинад ахуырадмæ, урочы кусынмæ

Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын

(5 мин) Мотивацион уавæр сæвзæрын кæнын урочы темæ сбæрæг кæнынæн

Урочы архайд райдайы. Раздæры зонындзинæдтæй фæрсы, ног æрмæгмæ гуырын кæны цымыдисдзинад

Дзуапп дæттынц ахуыргæнæджы фарстатæн, сæхи хъуыдытæ дзурынц.

Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, ныхас кæнын, хатдзæгтæ кæнын зонын

Фронталон æрфарст хæдзармæ куыстæй.

Туркмӕ алидзыны темӕйӕ сбӕрӕг кӕнын зонындзинӕдтӕ.

  • Дзуапп дæттынц, кæрæдзийы дзуæппытæн аргъ кæнынц

Хи хъуыды дзурыны хъомад. Иумæйаг куысты архайыны хъомад. Коммуникативон арæхстдзинад .

Ног зонындзинæд-ты актуализаци

Æрдзурын ирон адæмы хъысмæтыл. Историон бындур сбæрæг кæнын. Равзарын æмдзæвгæйы мидис, сæйраг хъуыды. Раргом кæнын Темырболаты царды хабӕрттӕ, равзарын аххосæгтӕ. Аив бакæсын æмдзæвгæ.

  • Дзуапп дæттынц, зонгæ кæнынц историон цаутимӕ. Тексты бæрæг кæнынц зынæмбарæн дзырдтæ.

Аив кӕсынц. Мидис ӕргом кӕнынц, авторы зӕрдæйы рыст æнкъарынц. Кæрæдзийы дзуæппытæн аргъ кæнынц.

Логикон хъуыдыкæнынады рæзт.

Литературон æмæ æвзагон арæхстдзинæдтæ.. Уацмысы текст зонын, теории, практикон æгъдауæй дзы пайда кæнын.. Лексикон куыстыл архайын. Ныхасы рæзтыл кусын, аив кæсыныл æфтауын.

Ног æрмæг бафæрсын æмæ ныффидар кæнын ( 5 мин)

Фарстатæ дæтты, иртасы, ахуырдзаутæ цы ног зонындзинæдтæ райстой, уый. Ног æрмæг æххæст кæны æмбисӕндтæ ӕвзарынæй.

Фарстатæн дзуапп дæттынц, иумæйагæй архайынц æмбисæндтӕ æрхӕссын, сӕ мидис сæ равзарын. Патриотизмы ӕмбарынад сӕхицӕн райхалынц.

Текстæй хъæугæ æрмæг исын. Бæлвырд кæнын. Зындзинæдтæ хибарæй аиуварс кæнын. Искæй куысты рæдыдтæ сбæлвырд кæнын, аргъ скæнын

Æргом кæны, ахуырдзаутæм зындæр цы фæкаст, урочы сын цымыдисагдæр цы уыд

Сæ куыстæн, сæ æмбæлтты куыстæн аргъ кæнынц, сæ размæ ног нысантæ æвæрынц

Ахуырадон архайды анализ. Удгоймагон арæхстдзинæдтæ. Коммуникативон арæхстдзинæдтæ.

Æвæры бæрæггæнæнтæ, цыбыр анализ ахуырдзауы куыстæн кæнгæйæ

Бæрæг кæнынц къордты куыстæн аргъ.

Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы.

Хæдзармæ куыст раттын (1мин)

Хæдзармæ хæслæвæрд сæхимæ фыссынц

Лӕгӕн зынаргъ куыннӕ вӕййынц

Йӕ бинонтӕ, йӕ мад!

Лӕгӕн зынаргъ куыннӕ вӕййынц

Йӕ рӕзгӕ бонты цард!

Фӕлӕ уӕддӕр, ныййарӕг зӕхх,

Дӕуӕн ӕмбал кӕм и!

Дӕуӕй зӕрдӕйӕн адджындӕр,

Зӕгъ-ма мын, чи у, чи?!

Сафар Туркмӕ цӕрынмӕ ӕрыгонӕй алыгъд. Йӕ фыдыуӕзӕг фенын та ма йӕ къухы бафтыд зӕрондӕй. Туркаг уазӕг ӕрфысым кодта Къорайы хъӕуы Урсдоны был уӕлвонг ран, йӕ хӕстӕджытӕм. Иухатт ӕнӕмӕтӕй хъазӕг лӕппутӕ сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой Сафарыл. Уый къӕлӕтау ныггуыбыр, афтӕмӕй бадт фахс бандоныл ӕмӕ ӕнкъард цӕстӕнгасӕй нымдзаст Мӕнтӕгкъуыппы хъӕды къохмӕ, йӕ карӕнтимӕ чысылӕй йӕ рӕстӕг кӕм ӕрвыста, уырдӕм. Йӕ цӕстытӕй лӕдӕрст цӕстысыг.

Йӕхимӕ куы ӕрцыд, уӕд фӕфиппайдта сывӕллӕтты цӕстӕнгас ӕмӕ сын загъта:

Ахӕм у фыдыуӕзӕг, - сабибонты мысинагау адджын у.

-Зӕгъут -ма, кӕм цард Сафар?

-Цы карӕй ӕрбацыд уазӕгуаты йӕ фыдыуӕзӕгмӕ?

-Цавӕр цаутӕ ӕрлӕууыдысты йӕ зӕрдыл? Куыд уыд йӕ зӕрдӕйы ахаст?

-Цы хъуамӕ аласа йӕ чызгӕн Урсдоны былӕй?

-Куыд хъуыды кӕнут, кӕд ын афтӕ зынаргъ уыд йӕ Райгуырӕн бӕстӕ, уӕд Турчы цӕмӕн цард ӕмӕ куыд афтыд?

Абон мах дзурдзыстӕм нӕ урочы Туркмӕ цӕмӕн афтыдысты ирон адӕм, йӕ аххоссӕгтыл.

Ирыстон Уӕрӕсеимӕ куы баиу, уӕд райдыдта Кавказаг хӕст йӕ сӕргъы Шамил. Ирыстоны алы ком дӕр хӕцыдысты Уӕрӕсейы ӕфсӕдты ныхмӕ. Нӕхи куы фӕндыд баиу кӕнын, уӕд цӕмӕн хӕцыдыстӕм куы бафӕрсӕм, уӕд дзы ис аххоссӕгтӕ.

Уӕрӕсе нын тӕригъӕд бакодта ӕмӕ нӕ йӕ дӕлбазыр бакодта? Хъуыдысты сӕ нӕ хӕхты ӕрзӕттӕ ӕмӕ Фӕскавказмӕ фӕндаг. Уыимӕ ма райдыдтой парахат кӕнын чырыстон дин дӕр, кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарӕм, зӕгъгӕ. Пысылмон диныл хӕст адӕмы сразӕнгард кодта Туркмӕ алидзыныл, се ̓ мдин адӕммӕ, Куындыхаты Муссӕ. Уымӕн Уырысы паддзахад бирӕ мулк радтой, ӕмӕ Турчы дӕр уайтагъд йӕ цард йӕхи фӕндиаг сӕвӕрдта, хицауы бынат райста. Йӕ фырт та фӕстӕдӕр ссис Фӕсарӕн хъуыддӕгты министр.

Ӕрмӕст ирӕтттӕ нӕ алыгъдысты Туркмӕ, фӕлӕ ма цӕцӕйнӕгтӕ, убыхӕгтӕ, черкесӕгтӕ ӕмӕ ма ӕндӕр пысылмон адӕмыхӕттытӕ…

Уӕрӕсейы паддзахадӕн уыцы хъуыддаг уыд пайда. Иуӕй, хӕст фӕуыдзӕн, иннӕмӕй та лигъдӕтты зӕххытӕ суӕгъд уыдзысты.

Цӕмӕн сӕ бауагъта Турк куы бафӕрсӕм, уӕд уыдонӕн дӕр уыд пайда. Уыцы рӕстӕг Турк ӕмӕ Уӕрӕсейы ахастдзинӕдтӕ хорз нӕ уыдысты ӕмӕ хӕст райдыдта се ̓хсӕн, зӕгъгӕ, уӕд ӕппӕты фыццаг рарвитдзысты хӕстмӕ лигъдӕтты. Уыдон хъазуатдӕрӕй хӕцдзысты Уӕрӕсейы ныхмӕ.

Се ̓ппӕт пысылмон ирӕтты нӕ фӕндыд лидзын, фӕлӕ мыггаг куы цӕуа, уӕд ма иунӕгӕй куыд цӕрдзынӕн, зӕгъгӕ, афтӕ рауад Темырболаты хъысмӕт дӕр. Муссӕ та уыд йӕ мады ̓ фсымӕр.

Цин кодтой кӕй цӕрдзысты се ̓мдин адӕмимӕ, тагъддӕр куы бахӕццӕ уаиккой. Фӕлӕ фӕндагыл бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой ирон адӕм. Лӕг ног ран куы ӕрцӕры, уӕд куывд скӕны, ирон адӕм та ӕппӕты фыццаг сӕ мӕрдтӕ баныгӕдтой ӕмӕ айхъуыст Турчы зӕххыл сӕ хъарӕг.

- Куыд фыст у ӕмдзӕвгӕ? ( Адӕмон хъарӕджы хуызы, диалог)

- Кӕй ӕхсӕн цӕуы ныхас? (Сайд адӕм ӕмӕ Фыдыбӕстӕйы)

- Цавӕр ныхӕстӕй райдыдта ӕмдзӕвгӕ?

- Цавӕр дзуапп фехъуыстам?

«Ӕз уе стӕгдар, уӕ хӕррӕгъ

- Цӕмӕн зӕгъы? «Ныр тыхы бон ӕдыхӕй

Дыууӕ дихы куы фестут

Ӕмӕ иу ран дӕр мӕн тыххӕй

- Цавӕр ӕмбисонд ис ӕрхӕссӕн ацы хъуыдымӕ?(Иу лӕг мӕлгӕйӕ йӕ лӕппутӕн цъылын сӕттын кодта…)

- Цавӕр ныхӕстӕй ӕвдисынц адӕм сӕ уарзондзинад Фыдыбӕстӕм?

- Адӕм цавӕр ныфсытӕ ӕвӕрынц сӕ Райгуырӕн бӕстӕйӕн?

- Куыд ӕмбарут? «Цард н̓ агурӕм дӕ фӕстӕ,-

- Фӕстаг рӕнхъытӕ ӕвзарын.

- Куыд арӕзт у йӕ композицимӕ гӕсгӕ? (Диалог автор ӕмӕ Райгуырӕн бӕстӕйы ӕхсӕн, автор ӕмӕ ӕбӕрӕг ныфсы ̓хсӕн)

- Цавӕр аивадон мадзалӕй пайда кӕны поэт? (Рефренӕй, хъарӕджы хуызы)

- Цӕй мидӕг ис адӕмы трагедии?

Адӕмы трагедии уый мидӕг уыд, ӕмӕ сын нал уыд фӕстӕмӕ раздӕхыны фадат.

Куыд уӕм кӕсы ӕмдзӕвгӕ- зарӕг- хъарӕджы идейӕ цӕй мидӕг ис?

- Фыдызӕхх лӕгӕн ӕвзаргӕ нӕу, нӕй йын раив-баивгӕнӕн, иу хатт дзы дӕхи куы сцух кӕнай, уӕд ногӕй йе ссарын зын у.

4.Ӕрхӕссӕм ма ӕмбисӕндтӕ Райгуырӕн бӕстӕйы тыххӕй.

Ӕмбисӕндтӕ (интерактивон фӕйнӕгыл)

5. Равзарӕм эпиграф.

Поэт йӕ Фыдыбӕстӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. Ӕцӕгӕлон бӕстӕйӕ дзыназдзӕн цӕргӕбонты, йӕхицӕн хорз цард нӕ агурдзӕн, ис ӕй схонӕн ӕнӕбазыр цӕргӕс.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Ир Уæрæсейы паддзахадимæ баиу сты барвæндæй. Фæстæдæр, Уырысы хæдхæцæг йæ колониалон режим æвæрын куы райдыдта, уæд бирæ адæмтæ растадысты йæ ныхмæ, уæлдайдæр та пысылмон диныл лæуд адæм. Уыцы хæст ныддаргъ ис - дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр фæцыд. Фондз æмæ ссæдз азы хæсты сæргъ лæууыд (1834 – 1859) Шамиль - имам, дин æмæ æфсады хистæр.

Састы бынаты чи баззад, уыдонæй иутæ сæ мастисыны фæдыл, протесты хуызы, лыгъдысты се ῾мдин туркмæ, чи та йæ кард цыргъ кодта, æфсоны сæрыл лæууыдысты, растынмæ сæ бирæ нæ хъуыд. Туркæн пайда уыд ацы хабар – уыцы кавказаг адæм кæддæридтæр цæттæ уыдаиккой уæрæсейы ныхмæ хæцынмæ. Уырысы паддзахадæн дæр уыд пайда, уымæн æмæ хæрам адæмæй сцух уыдаид æнæнцой, тохыл лæуд Кавказы адæмтæ ныссабыр уыдаиккой.

Афтæмæй, дыууæрдыгæй дæр кодтой ардауæн куыст, цæмæй Кавказы пысылмон дзыллæты Туркмæ алидзын кодтаиккой. Ацы сайæн ми аразджытæй иу уыд Къуындыхаты инæлар Муссæ. Темырболаты мады ῾ фсымæр. Уый бирæ адæмы алидзын кодта йемæ 1865 азы. Лыгъд адæмимæ уыд Темырболат дæр.

Афтæмæй, дыууæрдыгæй дæр кодтой ардауæн куыст, цæмæй Кавказы пысылмон дзыллæты Туркмæ алидзын кодтаиккой.

Ацы сайæн ми аразджытæй иу уыд Къуындыхаты инæлар Муссæ. Темырболаты мады ῾ фсымæр. Уый бирæ адæмы алидзын кодта йемæ 1865 азы. Лыгъд адæмимæ уыд Темырболат дæр.

Мамсыраты Темырболаты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй - https://www.vladikavkaz-osetia.ru/

Цард тынг диссаг у. Истори къухæй фыст куы нæ æрцæуа, уæд ын йæ сусæгдзинæдтæ ницыхуызы раргом кæндзынæ æмæ афтæмæй тархъæды хуызæнæй баззайы адæмы зæрдæты. Мамсыраты Темырболат, нæ фыццаг поэт, цас сусæгдзинæдтæ фæхаста йемæ йе 'нусон бынатмæ. Ныр æй зæрдиагæй фæмысæм, сæрныллæгæй фæлæууæм йæ номы раз, фæлæ æцæгæй чи уыдис, цы уыдис?

Кæд фæзынд ацы æмдзæвгæ æмæ цы хуызы рапарахат адæмы æхсæн? 1881 азы Мæскуыйы

Уæд Цæгат Иры зонадон институт нæма уыд, фæлæ дзы уыд ирон историон-филологон æхсæнад. Хистæрæй дзы куыста фыццаг ирон профессор Æлборты Барысби. Бечырби æхсæнадмæ радта Темырболаты иуæндæс æмдзæвгæйы халдихтæ. Халдихтæ арæзт уыдысты французаг дамгъæтæй æмæ сын Дзæуджыхъæуы сæ халдихтæ систа Хъаныхъуаты Инделыхъ. Халдихтæй иу æви дыууæ баззадысты Ирыстоны æмæ французаг дамгъæтæй халдих Бечырби фæстæмæ ахаста. Бечырби сын фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы æмдзæвгæтæ (зарджытæ) ныффыста мæ фыды хойы лæппу Темырболат æмæ афтæмæй нæ фыццаг поэты ном ахæлиу Ирыстоныл.

Уымæй дарддæр ма Бечырби дзуры, зæгъгæ, Темырболат фыста æндæр уацмыстæ дæр æмæ ракодта иу сылгоймаджы кой, зæгъгæ, уымæ æвæрд сты йæ иннæ къухфыстытæ. Уый у стыр цымыдисон хабар. Чи уыдис уыцы сылгоймаг æмæ ма уый тыххæй Турчы исты зонæнтæ баззадис?

Абон рæстæг фæивта. Ныр Туркмæ ацæуынæн уадиссаг ницы хъæуы. Арæх вæййынц ам Турчы ирон фæсивæдæй чидæртæ, нæхи уæдтæ дæр арæх фæцæуынц, уырдæм, фæлæ сæ, хъыгагæн, Темырболаты кой никуы ничи скæны. Бынтондæр ферох нæ адæмæй æмæ мæм уый раст нæ кæсы.

Темырболат фæзиан 1899 азы, уæдæй ардæм дзæвгар рæстæг рацыдис, фæлæ адæмы ‘хсæн цыдæр ныхæстæ баззайы. Гæнæн ис æмæ Токаты хъæуы цæрджыты ‘хсæн ис, нæ фыццаг поэты тыххæй бæлвырд зонæнтæ кæмæ баззад, ахæмтæ æмæ уыдоныл фæзилгæйæ, лæг исты зонæнтæ æрбамбырд кодтаид. Йæ ингæн ма йын исчи зоны, уый мæ тынг нæ уырны. Адæмæй алцыдæр рох кæны, уымæй дæр Темырболатæн Турчы ахæм стыр ном нæ уыдис, æмæ йын йæ ингæн чи хъуамæ бахызтаид.

Источник: Марина Кудухова, газета "Владикавказ"

Данный материал опубликован на сайте BezFormata 11 января 2019 года,
ниже указана дата, когда материал был опубликован на сайте первоисточника!

Нажмите, чтобы узнать подробности

1878 азæй 1879 азмæ Уæрæсе æмæ Турчы æхсæн цыдис хæст. Йæ архайджытæ стыр уæлахизмæ здæхтысты фæстæмæ,Уæрæсемæ. Уыдонимæ уыдысты Ирыстоны хъæбатыртæ дæр. Сæ номыл – иу гаджидæуттæ уагътой куывдты,арæзтой сыл зарджытæ

Нысан: базонгæ кæнын скъоладзауты Темырболаты цард æмæ сфæлдыстадон фæндагимæ.

Урочы фæлгонц: 1. Поэты портрет.

2. Чингуыты равдыст.

Организацион куыст. Скъоладзауты куыстæввонг скæнын.

Урочы темæйыл кусын.

Фæлæ уыди ахæмтæ,кæд,уырыссагау иттæг хорз зыдтой,сæ чысылæй сæ бахъомылмæ уырыссаг фæсивæдимæ уыдысты,уæддæр сæ уацмыстæ сфæлдыстой сæ мадæлон æвзагыл. Уыдонæй иу уыд Мамсыраты Темырболат.

Темырболатæй райдыдта ирон профессионалон поэзи,æмткай, ирон литературæ.

Уæдæ чи у Мамсыраты Темырболат?

1878 азæй 1879 азмæ Уæрæсе æмæ Турчы æхсæн цыдис хæст. Йæ архайджытæ стыр уæлахизмæ здæхтысты фæстæмæ,Уæрæсемæ. Уыдонимæ уыдысты Ирыстоны хъæбатыртæ дæр. Сæ номыл – иу гаджидæуттæ уагътой куывдты,арæзтой сыл зарджытæ.

Уæдæ байхъусæм уыцы диссаджы æмдзæвгæмæ.

«Диссаджы аив у ацы æмдзæвгæ. Йæ мидис та зын равзарæн нæу. Туркмæ чи алыгъд, йæ райгуырæн бæстæйæ чи фæхицæн, уыдоны стыр трагедийыл у уацмыс. Арæзт у адæмон хъарæджы хуызы.

Мамсыраты Темырболат, фыццаг ирон профессионалон поэт,абоны онг дæр йæ царды хабæрттæ бæрæг бæлвырд кæмæн не сты, у ацы æмдзæвгæйы автор.

Зонæм йæ цардæй 2 хабары.

1865 азы Темырболат 22 аздзыдæй ацыд йæ мады æфсымæр,паддзахы инæлар Куындыхаты Муссæйы фæндæй Туркмæ.

Компьютеры Муссæйы портрет.

Æппæт æмдзæвгæты дæр тынг ирдæй æвдыст цæуы ирон адæмы трагедии. Байхъусæм ма æндæр æмдзæвгæмæ.

Байхъусын ахуырдзауты дзуаппытæм. Ахуыргæнæджы ныхас дарддæр: «Не ссардтой Турчы зæххыл хорзæй ницы. Бамбæрстой , стыр сайд сыл кæй æрцыдис, фæлæ фæстæмæ здæхынæн дæр, æвæццæгæн, сæ хъарутыл сæ зæрдæ нал дардтой. Куыд дзурынц, афтæмæй, дам, мæлыны размæ куырдтой, цæмæй йæ баныгæной йæ цæсгом Кавказырдæм, кæдфæнды дæр ын йæ ингæнмæ армыдзаг сыджыт йæ райгуырæн бæстæйæ æрбахæссын, ног мæй – иу арвыл куы федтой, уæд цин кодтой, сæ райгуырæн Ирыстоны дæр уымæ кæсынц, зæгъгæ.

Абоны онг дæр ма мысынц Турчы ирæттæ Ирыстоны хæхтæ. Нæхæдæг фехъусæм, фенæм, куы ̒рбацæуынц уазæгуаты,уæд куыд фæцин кæнынц.

Читайте также: