Беджызаты чермен масгуыта дзурынц краткое содержание

Обновлено: 05.07.2024

Урочы цыд: Организацион хай!

Салам сын раттын, урокмæ сæ бацæттæ кæнын. Номхыгъд скæнын.

  1. Абон нæ урочы мах дзурдзыстæм Беджызаты Ч. цард æмæ сфæлдыстадыл:
  1. Нæ зæрдыл ма ноджыдæр иухатт æрлæууын кæнын Чермены царды хабæрттæ.
  2. Чи ма фæцис нæ фысджытæй репрессийы амæдтаг?

(Хъуылаты С., Малиты Г., Фæрнион К.)

Чермен у революцийы зарæггæнæг. Беджызаты Ч. ма йæхиуæдтæй абоны онг баззад – сæ дыккагхæдзæртты лæппу – Дудар. Уый цæры æмæ кусы Чъребайы, кæны наукон куыстытæ институты кусгæйæ.

Черменæн йæ новеллæты цикл райдыдта студентты фольклорон практикæйы. Фыссæг абарста ныры дуджы фæсивæд æмæ раздæры.

Зæронд Баймæт сыл дис кæны, адон хæйрæджытæ сты, æви?

Дис кæны сæ дарæсыл дæр.

Сылгоймагæн кæй ис бартæ – уый дисы æфтауы Баймæты.

1) Цы у таурæгъ? (Доклад кæсы Хуыбецты К.)

зиу – къордгай куыст, æххуыс;

фæринк – кард (вид сабли, шашки);

згъæрон – æфсæнаг (металл);

чегъретæ – проводник, посредник;

сахъ – бравый, смелый;

хæтыди – балц кодта;

Нæ фенкъуысын кæны æндон хохы нæдæр тæрк уад, нæдæр сонт къæвдæ, фæлæ чысыл миты къуыбар, хитæлæджы сæрæй æрхаугæ, базмæлын кæны уæрæх фæтæнтæй зæй æмæ бындзармæ нырризын кæны бæрзонд хохы.

Урстуалты лæгъз – цъитийы кой кæны Чермен:

Цыма дæ ыскодта æрдз

Дæ уæлæ нæзы хъæд. Уæззау

Уыд размæ æрмæстдæр

Ныхас дзы – иу хъуысти сындæг

Уыдис уын ахæм хæслæвæрд: бакæсын новеллæ, æмæ йын фарстаты руаджы æрдзурын.

  1. Цавæр мыггыг уыдысты Кодзыртæ?
  2. Чи уыдис Кодзырты Тохтæ?
  3. Цæуыл рацыд Тохтæ æмæ Бæдтуйы быцæу?

(Фæринк – Хъороты хъал Бæдту йæ хъæздыгдзинадæй æлхæнинаг у)

− Бакæсут æмæ абарут зæронд лæгты ныхæстæ Тохтæйы карды тыххæй?

Цæмæн афтæ загътой?

  1. Куыд æмæ кæй æххуысæй райста Бæдту йæ маст Кодзыртæй?

Цыбыртæй радзурын, куыд фæзындис Гадиаты мыггаг?

Кæй-ма зонут Гæдиатæй? (Секъа, Цомахъ).

  1. Куыд уæм кæсы, Хъороты Бæдту раст ми бакодта? (Нæ)

(Абарст нæ эпиграфимæ).

( 1) Куы-иу амардтой туджджыны, уæд-иу хион бацыд уæлмæрдмæ, ныггуыбыр-иу кодта, æмæ-иу ныдзырдта. 2) Хъусæргæвст, лæджы æргæвст – фæлдисын. )

Цавæр уацмысты ма сæмбæлдыстæм туг исыны æгъдæуттыл?

Мулдарты хъал мыггаг амардтой Æфхæрдты Солæманы. Идæдзæй баззад йæ ус Госæма, йæ сабиимæ. Мулдарты Хъуыдайнат æм иу æхсæв бацыдис, фæлæ саударæг ус йæхи худинаджы ранмæ не ′ руагъта, хъамайæ йæ барæхуыста Хъуыдайнаты æмæ хъæдмæ ралыгъди.

Хæсанæ куы ралæг, уæд райста йæ фыды туг Мулдартæй.

Æнæдарæгæй баззадис Госæма.

«Уадз æмæ туджы фæмæцой Мулдартæ,

Ацы ран та нын автор кæй æхсæн æвдисы тох?

(мæгуыртæ - бонджынтæ) къласон тох.

− Батрадз, кæй ныхмæ хæцыд?

(Нæрттæм туг исын уыдис нымад хъайтардзинадыл).

− Раздæры адæм-иу цæмæн сарæзтой гæмæхтæ (мæсгуытæ).

− Тутыры бæрæгбоны (чырыст. бæрæгб.) фыццаг æмæ дыккаг бонты нæ уыди туджджынмæ æвналыны бар.

− сылгоймаджы бынат туджджынты ′ хсæн? (кæлмæрзæн-иу се `хсæн æрæппæрста).

(Зæххыл тох, давын, фос исын, сывæллæттыл фæхыл).

Алы мыггаг дæр йæхи дæлæмæ нæ уагъта, æгадæй тарсти.

Сывæллæттæ, исты фарстытæ-ма уæм сæвзæрдис?

− Уæдæ уын темæ кæд æмбæрстгонд у, уæд-ма мын зæгъут:

  1. Новеллæйы – архайд кæм цæуы? (Урстуалты - Едысы).
  2. Цы нын равдыста фыссæг нæ рагфыдæлты цардæй?

− ирон адæмы хъизæмар æмæ зын фадæтты цард, туг исыны æгъдау мыггæгты ′ хсæн (къласон тох).

Уæдæ æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ:

Уый уыдис нæ фыдæлты фæстæзад æгъдæуттæй сæ иу.

Стыр бузныг уын уе ′ ппæтæн дæр. Фыдбылызæй хызт ут. Ноджыдæр-ма уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, дæгъвæтин азты цæрæнбон æмæ домбай лæджы хъару!

  • Для учеников 1-11 классов и дошкольников
  • Бесплатные сертификаты учителям и участникам

Беджызаты Чермен

Описание презентации по отдельным слайдам:

Беджызаты Чермен

Беджызаты Дауыты фырт Чермен райгуырдис Урстуалты, Едысы хъæуы 1898 азы. Аху.

Беджызаты Дауыты фырт Чермен райгуырдис Урстуалты, Едысы хъæуы 1898 азы. Ахуыр кодта Гуры (дины ахуыргæнæндон, 1908—1914), стæй Калачы (дины семинар, 1914-1917). 1915 азы, 17 азы йыл куы цыдис, уæд райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ.

Калачы дины семинар

Калачы дины семинар

Чермен активонæй архайдта Хуссар Ирыстоны революцион змæлды, 1918—1920 азты у.

Чермены сфæлдыстад бирæвæрсыг у. Ирон литературæйы зынгæ бынат æрцахстой йæ у.


Урстуалтæ- Чермены райгуырæн уæзæг.

Урстуалтæ- Чермены райгуырæн уæзæг.




Едысы хъæу абон.

Едысы хъæу абон.




  • подготовка к ЕГЭ/ОГЭ и ВПР
  • по всем предметам 1-11 классов


Курс повышения квалификации

Охрана труда


Курс профессиональной переподготовки

Охрана труда


Курс профессиональной переподготовки

Библиотечно-библиографические и информационные знания в педагогическом процессе

  • Сейчас обучается 353 человека из 64 регионов
  • ЗП до 91 000 руб.
  • Гибкий график
  • Удаленная работа

Дистанционные курсы для педагогов

Свидетельство и скидка на обучение каждому участнику

Найдите материал к любому уроку, указав свой предмет (категорию), класс, учебник и тему:

5 593 177 материалов в базе

Самые массовые международные дистанционные

Школьные Инфоконкурсы 2022

Свидетельство и скидка на обучение каждому участнику

Другие материалы

Вам будут интересны эти курсы:

Оставьте свой комментарий

  • 05.01.2016 1318
  • PPTX 6.3 мбайт
  • 13 скачиваний
  • Рейтинг: 1 из 5
  • Оцените материал:

Настоящий материал опубликован пользователем Бузоева Лира Тазретовна. Инфоурок является информационным посредником и предоставляет пользователям возможность размещать на сайте методические материалы. Всю ответственность за опубликованные материалы, содержащиеся в них сведения, а также за соблюдение авторских прав несут пользователи, загрузившие материал на сайт

Если Вы считаете, что материал нарушает авторские права либо по каким-то другим причинам должен быть удален с сайта, Вы можете оставить жалобу на материал.

Автор материала

40%

  • Подготовка к ЕГЭ/ОГЭ и ВПР
  • Для учеников 1-11 классов

Московский институт профессиональной
переподготовки и повышения
квалификации педагогов

Дистанционные курсы
для педагогов

663 курса от 690 рублей

Выбрать курс со скидкой

Выдаём документы
установленного образца!

Учителя о ЕГЭ: секреты успешной подготовки

Время чтения: 11 минут

Ленобласть распределит в школы прибывающих из Донбасса детей

Время чтения: 1 минута

В Белгородской области отменяют занятия в школах и детсадах на границе с Украиной

Время чтения: 0 минут

Каждый второй ребенок в школе подвергался психической агрессии

Время чтения: 3 минуты

Новые курсы: функциональная грамотность, ФГОС НОО, инклюзивное обучение и другие

Время чтения: 15 минут

Курские власти перевели на дистант школьников в районах на границе с Украиной

Время чтения: 1 минута

В приграничных пунктах Брянской области на день приостановили занятия в школах

Время чтения: 0 минут

Подарочные сертификаты

Ответственность за разрешение любых спорных моментов, касающихся самих материалов и их содержания, берут на себя пользователи, разместившие материал на сайте. Однако администрация сайта готова оказать всяческую поддержку в решении любых вопросов, связанных с работой и содержанием сайта. Если Вы заметили, что на данном сайте незаконно используются материалы, сообщите об этом администрации сайта через форму обратной связи.

Все материалы, размещенные на сайте, созданы авторами сайта либо размещены пользователями сайта и представлены на сайте исключительно для ознакомления. Авторские права на материалы принадлежат их законным авторам. Частичное или полное копирование материалов сайта без письменного разрешения администрации сайта запрещено! Мнение администрации может не совпадать с точкой зрения авторов.

Читаем по осетински :

МÆСГУЫТÆ ДЗУРЫНЦ
Беджызаты Чермен

Мæсгуытæ сдзырдтой (скуыддзаг )

Фæззæг, хъулон-мулон хилджын фæззæг æрбалæууыд Мæсгуыты бæстæйы дуармæ, хæлары уазæгæй. Бур-бурид бурæй æрттивынц кæрдинаг хуымтæ, фæмæкъуылджын сты угæрдæнтæ. Хъæд фæхъулонтæ ис алыгъуызон ахорæнтæй. Бæрзонд хæхтæ нал дасынц сæ хил æмæ æруагътой сæ урс зачъетæ сæ уæрæх риутæм — бæрзонд фæтæнтæм. Зачъе-мит æрвыл бон даргъæй-даргъдæр кæны, стæй иу бон бамбæрздзæн æппæт Мæсгуыты бæстæйы буар.

Йæ хуыз нæ ивы æрмæст тарбын кæрдæггъуыз нæзы хъæд. Царциаты къуыппыл нæзы хъæды къох фæлгæсæнтæ кæны фæйнæрдæм бæрзонд цъуппæй æмæ хаттæй-хатт басусу-бусу кæны рог уддзæфимæ. Йæ хæд бын Бурсæгаты зæппадз, йæ дæлийæ та сæ мæсыг æмæ фидæртты хæлдтытæ; уыдон дæр нæ ивынц сæ фæныкæнгæс хуыз, сæ алфæмблайы къулаив фæзтæ бæзджын гауызау мæцъæл сты сæууон æртæхæй, хур æххæст нæма систа æртæхы, æмæ йæ тынтæ хъазынц æртæхы, цæстыты диссаг æрттивæнтæй.

Баймæт бады йæ бынаты æмæ химидæг дис кæны: Куыд раджы ссыдысты абон йæ цурмæ йæ хæлар æнахуыр фæсивæд! Нæзы хъæды къох йæ иу гæбазæй æрбаххæст суанг мæсыджы æмбуар. Мæсыджы хæд фарсмæ хицæнæй, иннæ бæлæстæй иртæстæй, слæууыд æвæджиау стыр нæзы бæлас. Æвæджиау йæ бæрзондæй æмæ йæ ставдæй дæр. Йæ лæуды уаг афтæ у, цыма кæддæр незаманы æвзаргæ æфсады зæронд домбай фæтæг æд æфсад мæсыгмæ æрбалæбурдта, æмæ цыдæр хинæй йæхæдæг нæзы бæлас фестад, йе ’фсад та нæзы хъæд. Йæ домбай цæнгтæ ма бæргæ байвæзта стыр бæлас, фæлæ мæсыгмæ нæ баххæст. Бæласæн йæ сæр лыг у æмæ уый адыл æхсæвыгон бæласы фенхъæлдæуыдзæн дыккаг тъæпæнсæр мæсыг, æрмæст ноджы бирæ бæрзонддæр æмæ фæтæндæр мæсыг Бурсæгаты мæсыгæй.

Баймæт бады алы хаттау æгомыг, æдзынæг. Хъусы змæлгæ хъустæй фæсивæды ныхасмæ, фæлæ диссаг, хъыг ын уый уыди, ацы фæсивæд кæй цыдысты ардæм Баймæты хибар бынатмæ, кæй йæ хъыг дардтой сæ сонт дыбал-дыбулæй. Ныр та йын цыма, æхсызгон у, йæ цуры кæй сты, уый, æмæ куыддæр йæ зæрдæ фæсæххæтт кодта сæ ныхасмæ.

— Не ’мгъуыд фæуыныл у, æмбæлттæ, афон у Чъребамæ аздæхынæн, стæй нæ ахуыры азы райдиан дæр æрыввахс. Чъребайы чысыл аулæфдзыстæм æмæ Мæскуымæ сбæлццон уыдзыстæм фæстæмæ, æрымысыдтæн Мæскуыйы, цы йæ æмбæхсон.

— Андо, æмæ ма иу-дыууæ боны куы афæстиат уæм, уæд цы кæны. Акæс-ма, цы диссаджы рæсугъд у фæззæг Мæсгуыты бæстæйы. Æз ам цæрынæй нæ бафсæдин,— цыбæлæй дзуры Дзыллæ æмæ стыр нæзы бæласы цонджы къалиуыл хъеллæуттæгæнгæ фæлгæсы фæйнæрдæм.

— Нæ куыст фестæм æмæ цæуын хъæуы, Дзыллæ. Æниу, æвæдза, мæныл дæр цыма базыртæ базад ацы диссаг бæстæйы, афтæ æнкъарын мæхи. Ныртæккæ дæр фестин, мæ базыртæ айвазин æмæ атæхин цæргæсау,— акасти Андо Дзыллæмæ куыддæр æнахуыр фæлмæн цæст ферттывдимæ. Чызг ын йæ цæстæнгас ацахста, фемдзаст лæппуйы цæстытæм, стæй цæсгом фæсырхимæ йæ мидбылты бахудт, æмæ цæстæнгас атыдта лæппуйæ, æнæдзургæйæ.

— Æмæ уæртæ фаллаг фарс куырм уыгау дæхи къæдзæхтыл сцæвис,— багуым-гуым кодта Тугъан æнæхудгæйæ, Андомæ Бакæсгæйæ.

— Андо, схиз-ма, кæддæра нæ чи раздæр схæццæ уаид бæласы сæрмæ,— фæхъæр кодта Дзыллæ.

— Андойы сыййафдзынæ ды, хъæлдзæг сæныкк! — фæгæпп кодта цингæнгæ лæппу æмæ уыцы-иу æхст скодта йæхи, чызг цы хус къалиуыл бадти, уымæ. Дыууæйы уæзæй хус къалиу æрсаст, рахаудтой æмæ кæлкæлгæнгæ фæзы, уырдыджы атылдысты дæлæмæ.

— Æнкъард мæм кæсыс, Тугъан, цыма разы нæ дæ цардæй Мæсгуыты бæстæйы. Ау, æппын дæ зæрдæ ницæмæй байради сæрды дæргъы? — фæрсæгау бакодта Асиат йæ цæстæнгас Андойы фæдыл хæсгæйæ. Уыдон кæрæдзи фесхойынц æмæ тулынц дæлæмæ, куы сæ иу, куы се ’ннæ фæразæй вæййы, афтæмæй.

— Рагон царды цаутыл таурæгътæ фаг не ’рымбырд кодтам, кæд æнæуый фольклор æрымбырд кодтам, уæддæр. Æнæ уыдон та зын сбæлвырдгæнæн у, цы социалон, экономикон цард кодтой, цы классон тох уыди фыдæлтæм, уый. Дысон дæр æй куы загътон, нæ куыстытæ куы бахыгътам, уæд. Цæмæн ма мæ фæрсыс? — æмæ Тугъан мæстыгæрæй йæхи Лæгъзцъитимæ кæсæг скодта.

— Уый куыстæй ма у разы, фæлæ æндæр ницæмæй дæ разы, ам цы рæстæг арвыстай, уый дæргъы? — æхсгæ каст бакодта лæппумæ чызг.

— Æмæ мæ æндæр цы æндæвта Мæсгуыты бæстæйы? — джихæй афарста Тугъан æмæ йæ цæстытæ зæхмæ æруагъта, фыссæнæй йæ дыууæ ’рфыджы астæу ныхгæйæ.

— Ницы! — хъæстгæнгæ фæзылланг кодта чызджы хъæлæс. Лæппу джихæй бакаст чызгмæ, хъуыдыгæнгæ азылд йæ цæстытыл, йæ фæлурс цæсгомыл. Стæй куыддæр химидæг тыхархайд акодта, цыма цыдæр уæззау уаргъ йе ’ккойæ аппæрста, афтæ суæгъд кодта йæхи йæ хъуыдытæй æмæ чызгмæ фæкомкоммæ йæ æнкъарæнтæй. Уадидæгæн ацахста чызджы æхсгæ цæстæнгасы мидæг мастимæ цыдæр фæлмасы ’рттывд æмæ ноджы ныджджихдæр.

— Асиат! Æмæ æз. — хъуыры цыдæр къуыбылой фæсагъд æмæ дзырдты нæ уадзы уæлæмæ. Чызг куыддæр æнхъæлмæгæсгæ ныттынг, фæгæмæл, цыма Тугъаны æд ныхæстæ аныхъуырдзæн.

— Æндæр. ницæуыл хъуыды кодтон. Ды та? — схаудта фæстагмæ Тугъаны дзыхæй æмæ уадидæгæн фæмæсты йæхимæ йе ’нарæхст æмæ æнæуæндаджы тыххæй, бынтондæр уыцы ныхæстæ зæгъинаг нæ уыд чызгæн.

— Æз? Æз та бирæ цæуылдæрты, фæлæ ды цы фендзынæ, цы банкъардзынæ? Куырм дæ! — уæззау ныуулæфтæй феуæгъд кодта йæ фæгæмæлæй йæхи æмæ фæхъæр кодта мæстыгæрæй чызг, стæй фестад æмæ хъæды гæбазы фæмидæг.

— Асиат, о, Асиат! — фæхъæр кодта Тугъан йæ катæйттæ аскъуынгæйæ.

— Цы дæ бахъуыди? Хъуыддæгтыл уынаффæтæй бафæлладтæн,— кæцæйдæр æрбайхъуыст чызджы хъæлæс.

— Рацу, цæуыл дæ фæнды, дзур!

— Мæн дзурын кæныс? Æмæ æз дæ дзурынмæ куы ’нхъæлмæ кæсын! — йæ фæстæ февзæрди æмæ фæлмæнæй бакодта Асиат.

Тугъан фæстæмæ азылди чызгмæ æмæ йын йæ цæстæнгас куы ацахста, уæд сыстади. Бакæстытæ кодта Асиатмæ, стæй йын æнæрхъуыдыйæ йæ къухыл фæхæцыд. Чызджы къух куыддæр бадыз-дыз кодта, фæлæ йæ нæ атыдта. Лæппуйæн йæ цæсгом, фæсырх, цыдæр зæгъинаг ныхæстæ сæры згъорæнтæ кæнынц, фæлæ сæ æвзаг зæгъын нæ арæхсы. Уалынмæ чызг йæ къух атыдта æмæ фæхъæр кодта:

— Гъей, Дзыллæ! Ма фæхудинаг кæн сылгоймаджы!

— Æз сразæй дæн,— тыхулæфт кæны æмæ амонды цæстæнгас æрттивæнтæ кæны йæ цæстытæй.— Гъы, хорз лæппу, ныр дæр ма æппæлдзынæ дæхицæй? — æмæ цæхгæр фæзылди Андомæ. Уый дæр лæфлæфгæнгæ схæццæ иннæтæм.

— Уый хæрды. ды фæразæй дæ! Фæзы мæ никуы. аййафдзынæ! — уарзæгой цæстæй бакаст Андо Дзыллæмæ.

— А-а-а, сæрæй сымах хæрды зындзинад ахицæн кодтат! — бахудти Асиат.

— Æмæ сымах та? Цы дыл æрбамбæлди, Тугъан, дæ цæрæнбонты дæ ахæм уыргъуыйауæй куы никуы федтон? — хынджылæг кæны Дзыллæ æмæ Асиатмæ фæрсгæ цæстытæй бакасти. Дыууæ чызджы куыддæр иу уысмы дæргъы сæ цæстытæй кæрæдзиимæ ныхасы фесты.

— Æвæццæгæн, хæрды не сфæрæзта Асиаты фæдыл,— худы Андо.

Дзыллæ Асиаты цæстæнгасмæ æнæ разыйæ йæ сæр банкъуыста. Тугъан ницы æмбары æмæ хинымæр мæсты кæны.

— Цæй хъазынæн æмæ хынджылæгæн æгъгъæд уæд,— йе ’муд æрцыд æмæ та гуым-гуым кæны Тугъан, куыддæр тызмæгæй.— Мæнмæ иу зæгъинаг ис сымахæн. Цæвиттон, алы æрмæг дзæвгар æрымбырд кодтам. Уыдоныл ма, алы ахуырадон чингуыты ирон адæмы ивгъуыд царды тыххæй, уыдон куы бафтауæм, уæд ис ныффыссæн сæрмагонд куыст исты проблемæйыл. Цæй, æмæ райсæм нæхимæ исты ахæм проблемæйыл иртасынады куыст бакæныны хæс.

— Æмæ цы, ахæм проблемæ сыхалæн ис цардыуагæй фольклоры æрмæджы фæрцы? — йæ цæстытæ æнæразыйæ æрцауыгъта Тугъаныл Асиат.— Æрæмбырд кодтам кадджытæ, таурæгътæ, уыци-уыциутæ, æмбисæндтæ, аргъæуттæ. Фæлæ, раст дын зæгъон, цы пайда сæ скæндзыстæм мах, уый бæстон нæ хатын.

— Стæй, цæй диссаджы рæсугъд кадджытæ æрæмбырд кодтам, цæ! Кадæггæнæгмæ хъусгæ-хъусын-иу мæ рох дæр æрбаци, фыссын сæ кæй хъæуы, уый,— бæллицæй бакодта Дзыллæ æмæ нæууыл йæхи æруагъта.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы цыд: Организацион хай!

Салам сын раттын, урокмæ сæ бацæттæ кæнын. Номхыгъд скæнын.

  1. Абон нæ урочы мах дзурдзыстæм Беджызаты Ч. цард æмæ сфæлдыстадыл:
  1. Нæ зæрдыл ма ноджыдæр иухатт æрлæууын кæнын Чермены царды хабæрттæ.
  2. Чи ма фæцис нæ фысджытæй репрессийы амæдтаг?

(Хъуылаты С., Малиты Г., Фæрнион К.)

Чермен у революцийы зарæггæнæг. Беджызаты Ч. ма йæхиуæдтæй абоны онг баззад – сæ дыккагхæдзæртты лæппу – Дудар. Уый цæры æмæ кусы Чъребайы, кæны наукон куыстытæ институты кусгæйæ.

Урочы конспект

Ирон царды биноныг уыд – туг исыны æгъдау.


Урок бацæттæ кодта

ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Тедеты Анжелæ

Гом урок

Къабазджын адæймаг уæлдай ныфсджындæр вæййы.

(Уæдæ нæ урокæн дæр йæ ратæдзæн ацы ныхæстæ сты).

Рагом кæнын таурæгъæй туг исыны æгъдæуттæ.

Урочы цыд: Организацион хай!

Салам сын раттын, урокмæ сæ бацæттæ кæнын. Номхыгъд скæнын.

Абон нæ урочы мах дзурдзыстæм Беджызаты Ч. цард æмæ сфæлдыстадыл:

Нæ зæрдыл ма ноджыдæр иухатт æрлæууын кæнын Чермены царды хабæрттæ.

Чи ма фæцис нæ фысджытæй репрессийы амæдтаг?

(Хъуылаты С., Малиты Г., Фæрнион К.)

Чермен у революцийы зарæггæнæг. Беджызаты Ч. ма йæхиуæдтæй абоны онг баззад – сæ дыккагхæдзæртты лæппу – Дудар. Уый цæры æмæ кусы Чъребайы, кæны наукон куыстытæ институты кусгæйæ.

Ног темæмæ рахизын.

Черменæн йæ новеллæты цикл райдыдта студентты фольклорон практикæйы. Фыссæг абарста ныры дуджы фæсивæд æмæ раздæры.

Зæронд Баймæт сыл дис кæны, адон хæйрæджытæ сты, æви?

Дис кæны сæ дарæсыл дæр.

Сылгоймагæн кæй ис бартæ – уый дисы æфтауы Баймæты.

1) Цы у таурæгъ? (Доклад кæсы Хуыбецты К.)

Дзырдуатон куыст:

зиу – къордгай куыст, æххуыс;

фæринк – кард (вид сабли, шашки);

згъæрон – æфсæнаг (металл);

саргъ – седло;

чегъретæ – проводник, посредник;

къæссайы – голлаг;

сахъ – бравый, смелый;

хæтыди – балц кодта;

уарт – щит;

хуымон – земледелец;

æхсырфæй – серп;

хæрис – ива.

Нæ фенкъуысын кæны æндон хохы нæдæр тæрк уад, нæдæр сонт къæвдæ, фæлæ чысыл миты къуыбар, хитæлæджы сæрæй æрхаугæ, базмæлын кæны уæрæх фæтæнтæй зæй æмæ бындзармæ нырризын кæны бæрзонд хохы.

Урстуалты лæгъз – цъитийы кой кæны Чермен:

Цыма дæ ыскодта æрдз

барæй мæнæн.

Дæ уæлæ нæзы хъæд. Уæззау

Уыд размæ æрмæстдæр

дуарæй кæсæн,

Ныхас дзы – иу хъуысти сындæг

Уыдис уын ахæм хæслæвæрд: бакæсын новеллæ, æмæ йын фарстаты руаджы æрдзурын.

Цавæр мыггыг уыдысты Кодзыртæ?

Чи уыдис Кодзырты Тохтæ?

Цæуыл рацыд Тохтæ æмæ Бæдтуйы быцæу?

(Фæринк – Хъороты хъал Бæдту йæ хъæздыгдзинадæй æлхæнинаг у)

 Бакæсут æмæ абарут зæронд лæгты ныхæстæ Тохтæйы карды тыххæй?

Цæмæн афтæ загътой?

Куыд æмæ кæй æххуысæй райста Бæдту йæ маст Кодзыртæй?

Цыбыртæй радзурын, куыд фæзындис Гадиаты мыггаг?

Кæй-ма зонут Гæдиатæй? (Секъа, Цомахъ).

Куыд уæм кæсы, Хъороты Бæдту раст ми бакодта? (Нæ)

(Абарст нæ эпиграфимæ).

Куыд уæм кæсы, раст уыдис æви нæ, мыггæгты хсæн тох?

Цавæр туг исыны хуызтæ-ма зонут?

( 1) Куы-иу амардтой туджджыны, уæд-иу хион бацыд уæлмæрдмæ, ныггуыбыр-иу кодта, æмæ-иу ныдзырдта. 2) Хъусæргæвст, лæджы æргæвст – фæлдисын. )

Ахъуыды-ма кæнут, æмæ зæгъут:

Цавæр уацмысты ма сæмбæлдыстæм туг исыны æгъдæуттыл?

Мулдарты хъал мыггаг амардтой Æфхæрдты Солæманы. Идæдзæй баззад йæ ус Госæма, йæ сабиимæ. Мулдарты Хъуыдайнат æм иу æхсæв бацыдис, фæлæ саударæг ус йæхи худинаджы ранмæ не руагъта, хъамайæ йæ барæхуыста Хъуыдайнаты æмæ хъæдмæ ралыгъди.

Хæсанæ куы ралæг, уæд райста йæ фыды туг Мулдартæй.

Æнæдарæгæй баззадис Госæма.

«Уадз æмæ туджы фæмæцой Мулдартæ,

Ацы ран та нын автор кæй æхсæн æвдисы тох?

(мæгуыртæ - бонджынтæ) къласон тох.

Батрадз, кæй ныхмæ хæцыд?

(Нæрттæм туг исын уыдис нымад хъайтардзинадыл).

 Раздæры адæм-иу цæмæн сарæзтой гæмæхтæ (мæсгуытæ).

 Тутыры бæрæгбоны (чырыст. бæрæгб.) фыццаг æмæ дыккаг бонты нæ уыди туджджынмæ æвналыны бар.

 сылгоймаджы бынат туджджынты хсæн? (кæлмæрзæн-иу се `хсæн æрæппæрста).

Туг исыны аххосæгтæ ма-иу цытæ уыдысты?

(Зæххыл тох, давын, фос исын, сывæллæттыл фæхыл).

Алы мыггаг дæр йæхи дæлæмæ нæ уагъта, æгадæй тарсти.

Уазæджы бынат ирон адæмы хсæн? (Хъоротæ растадысты Парсайы сæрыл, уазæгмæ нæ уыдис æвналыны бар).

Тæрхоны лæгты роль? (фидауджытæ).

Хъолы фцæг – æрдзы æрфыст.

Фæсайрæйнаг литературæимæ абарст:

Наполеон – корсиканец (горцы), уыд туджджыны фырт, æмæ уый тыххæй алыгъд Францимæ.

Лермон – сæ мыггаг у туджджын.

Сывæллæттæ, исты фарстытæ-ма уæм сæвзæрдис?

 Уæдæ уын темæ кæд æмбæрстгонд у, уæд-ма мын зæгъут:

Новеллæйы – архайд кæм цæуы? (Урстуалты - Едысы).

Цы нын равдыста фыссæг нæ рагфыдæлты цардæй?

 ирон адæмы хъизæмар æмæ зын фадæтты цард, туг исыны æгъдау мыггæгты хсæн (къласон тох).

Уæдæ æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ:

Уый уыдис нæ фыдæлты фæстæзад æгъдæуттæй сæ иу.

Нысæнттæ сын сæвæрын.

Стыр бузныг уын уе ппæтæн дæр. Фыдбылызæй хызт ут. Ноджыдæр-ма уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, дæгъвæтин азты цæрæнбон æмæ домбай лæджы хъару!

Читайте также: