Сочинение хъуыбады на осетинском

Обновлено: 05.07.2024

Æнтæф фæсаст æмæ адæймаг æппæт йæ буарæй æнкъары сатæг уæлдæфы æхцондзинад. Хур арвыл хуссарæрдæм акъул æмæ раздæрау нал æндавы зæхмæ. Йæ тынтæ судзгæ нал кæнынц, фæлæ ныр сæ рæвдаугæ хъармæй узæлынц, æрдзы кæдæм æххæссынц, уыдоныл. Æртыхсынц зайæгойтыл, цыма сын сæ цъæх хуызæн хæрзбон зæгъынмæ фæхъавынц, уыйау. Арвыл тар уæззау мигътæ арæхдæр зынын райдыдтой æмæ сæ уагæй æмбарын кæнынц, фæззæг йæ тыхы кæй цæуы, хуры хъарм тынтæн сæ фæндаг ахгæнынц царддæттæг зæхмæ æмæ та фæстæмæ сæхи айсынц арвы кæрæттæм. Фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахæссы, ногæй та ракæсы хур райгæйæ æмæ барухс вæййынц бæлæсты, зайæгойты зæрдæтæ, сæхи цингæнгæйæ банкъусынц, нырма уазал чи нæ хæссы, уыцы дымгæйы æрбаныдзæвдæй.

Гъе, фæлæ сæ царды кæрон æввахс кæны, сæумæрайсомы уазал йæ дæрзæг арм кæуыл æруадзы, уыцы сыфтæртæн. Иутæ дзы фæивтой сæ хуыз, фæбур сты æмæ фæлмæн дымгæйы æрбаныдзæвдæй нырризынц, ныззыр-зыр кæнынц сæ мидбынаты, сæ уддыл ма дæндагæй бæргæ ныххæцыдысты, фæлæ…къалиутæй фæиппæрд вæййынц æмæ зæххыл æнцойад ссарынц. Афтæ згъæлынц кæрæдзийы фæстæ æмæ зæххы сыгъзæринхуыз гауызы бын æркæнынц.

Цæй диссаг у фæззыгон нæ хæхбæсты æрдз… мин-мин хуыз дарæсы йæхи сфæлыста æмæ фæлгæсы нæртон æфсинау, йæ бæркад адæмыл рæдауæй таугæйæ. Дардыл йæ цæст хæссы, цыма йын ххæххон рагуазæлттæ æппындæр ницы хъом сты, уыйау. Бонтæ куыд цæуынц, афтæ йæ цъæххуыз ивы сыгъзæрин хуызмæ. Уыцы бур зæрин хуыз ын цыбыр рæстæгмæ кæй у, уый бæргæ зоны, фæлæ уæддæр у сæрыстыр, æмæ нæ ивы йæ райзæрдæйы уаг. Гъе, фæлæ куыдфæнды ма уа, уæддæр алы зайæгой дæр æнкъары, фæззыгон бонтæй иу иннæмæй уазалдæр кæй у æмæ фæззæджы æрбалæудимæ кæй æрцыдис сæ адзал.

Æнусон бæлæстæ сæ хомысджын цæнгты ныууигъынц æмæ æнæвгъауæй æрызгъалынц зæхмæ сæ сыфтæртæ… фæлæ, æвæццæгæн, уыдонæн нæ вæййынц хуымæтæджы сыфтæртæ, фæлæ вæййынц, схъæлбæрзæй хъæды къохы бæлæсты цæсты сыгтæ, тагъд сæ фæлыст кæй азгъæлдзæн æмæ бынтон бæгънæгæй, æгъуызæй кæй аззайдзысты, ууыл хъынцъымы цæссыгтæ.

Уæдæ куыд не сты диссаг Ирыстоны быдыртæ дæр: сæрвæтты кæрдæг сихсыди æмæ фосæн фæзын ис сæхи æфсадын. Æрдз цыма æрæнкъард, йæ хъус адардта уазал зымæджы ‘рдæм. Уалдзæг ын цы æхсидгæ цард радта, уый цадæггай нымæгæй нымæгдæр кæны. Æрмæст ма алчидæр тыхсы ууыл, цæмæй зымæгмæ йæхи бацæттæ кæна. Адæймаджы хъуыдытæ дæр вæййынц уыимæ баст. Афæдзы ацы афон тыллæг æфснайыны афон у, æмæ зæхкусæг тагъд кæны йæ тыллæг æфснайыныл. Цæмæй йæ карз зымæг æдзæттæйæ ма æрыййафа.

…Уæлдæфы разыны адæймаджы хъарм комулæфт, хæххон хъæуты цæрджыты уæлхæдзæрттæй уæларвмæ, æзфæраздæронæй згъорынц фæздæ-джы хъуымбылтæ, адæймаджы йæхимæ æрбасайы хъарм пец, æрæнкъард вæййы зæрдæ… Фæстейæ аззадысты сæрдыгон тæвд бонтæ, рагвæззæджы хурбонтæ, ныр та фæззæг йæ бартæ йæхимæ райста æххæстæй æмæ ма иуæй-иу хатт хуры рæвдаугæ хъарм тынтæ, кæд зæрдыл æрлæууын кæнынц ивгъуыд бонтæ, уæддæр уайтагъд асæтты сæ тых, амбæхсынц тар мигъты ‘хсæн æмæ уæлдæфы æрзилдух кæны фæззæджы комулæфт. Фæззæг цæуы. Æввахсæй æввахсдæр кæны уазал зымæг…

Æрдзы ацы хуызивæнтæй алы адæймаджы зæрдæйы дæр сæвзæры æндæр æмæ æндæр æнкъарæнтæ. Æрдзы фæззыгон хуызæй йæ зæрдæ кæмæн райы, йæ алæмæтаджы фæлыстæй æхцондзинад сты райсы, сæумæрайсомы халасæппæрсты йæ къæхтæ бауымæл кæнынæй æхцондзинад чи райста, æмæ фæззыгон дымгæйы сыгъдæг уæлдæфмæ йæ зæрдæйы монцтæ кæмæн райхæлынц, уыдонæй дæн æз дæр …

Фæззæг… сыгъзæрин æвдылд фæззæг… куыстуарзаг адæймаджы зæрдæ йæ афæдзы куыстæй куы фæрухс кæны, афæдзы уыцы афон.

Эхх, искуы ма хæххон уыгæрдæнтæ байдзаг уыдзысты хосдзæуттæй æмæ сæ зард, сæ хъæлæба кæмтты хæхты араудзæн… Фæскуыст хъазтизæрты, уæларвмæхъуысæг ирон фæндыры зæлтæй бахъæлдзæг уыдзæн зæрдæ…

  • Для учеников 1-11 классов и дошкольников
  • Бесплатные сертификаты учителям и участникам

Ирон литератур æ йы урок 7 - æ м къласы

Урочы тем æ : Ад æ мон зар æ гг æ н æ джы хъысм æ т ивгъуыд заманы

Урочы нысантæ: Рагон ирон музыкалон инструменттимæ,

ирон зарагганджытимæ,фæндырдзæгъдджытимæ зонгæ кæнын, музыкалон инструментты рæсугъд зæлтæ сывæллæттæн уарзын кæнын; тематикон къордты темæ равзарын; ныхасы рæзтыл куыст.

Урочы эпиграф: Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,

Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, -

Дунеты се′ппæт мæхимæ æрхонин,

Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

Къоста.( Слайд 5)

I . Бацæттæгæнæн рæстæг.

I . Хъуысы хъисын фœндыры цагъд. (слайд 1)

1 . Ахуыргæнæг . Абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый базонынæн нын феххуыс уыдзысты Хетæгкаты Къостайы фыст æмдзæвгæйы фыст рæнхъытæ:

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс.

Нæ фыдæлтæ - иу дзырдтой,зæгъгæ, хорз лæг дам адæмæй хæс дары.Кæд искуы искæмæн бафтыди йæ хæс бафидын йæ адæмы æмæ йæ Райгуырæн бæстæйы раз, уæд уый, æнæмæнг, уыд Къоста. Райхъуыстысты, хъуысынц æмæ æнустæм хъуысдзысты йæ диссаджы æмдзæвгæтæ зарæгау.Йе ’мдзæвгæты рæнхъытæ музыкæйы зæлтау адæймагæн хæссынц æхсызгондзинад.

Уымæн æвдисæн, нæ абоны урокæн эпиграфæн цы рæнхъытæ райстам уыдон дæр.

Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,

Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, -

Дунеты се′ппæт мæхимæ æрхонин,

Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

Алы адæймагмæ дæр ис бæллицтæ, фæндтæ. Иу адæймаг хæлæг кæны иннæмæ. Æрмæст хæлæгæн йæ бындур вæййы фæйнæхуызон; чи хæлæг кæны зондмæ, чи мулкмæ, чи æнæниздзинадмæ, чи та æндæр истæмæ.

- Кæмæ æмæ цæмæ хæлæг кæны поэт?

-Хæлæг кæны нарты Ацæмæзмæ, фæнды йæ уыйау зарын зонын.)(слайд 6)

- Ноджы дæр ма цы фæнды поэты?

-Зарынæй уæлдай ма йæ фæнды, цæмæй йæ фæндыры хъазт сыхъуыса арвмæ.

Ахуыргæнæг . Уæдæ мах абон дзурдзыстæм зарæггæнæг æмæ йæ хъысмæтыл.

Цыбырæй ма мын радзурут, фæндыры фæзынды тыххæй. Чи йæ сарæзта? Цæмæй арæзт уыд? Цы æххуыс æрхаста фæндыр йæ саразæгæн? Цавæр ныхæстæ загътой нарт Сырдоны фæндыры тыххæй? (слайд 7, 8)

Ахуыргæнæг . Хъисын фæндырæй уæлдай ма нæ фыдæлтæм уыд æндæр музыкалон инструменттæ дæр. Уыдон сты (Слайд 9, ранымайын сæ. Бакæсын хъисын фæндырыл фыст рæнхъытæ æмдзæвгæйæ.)

Хъисын фæндыры фæрцы – иу сбæрæг кодтой, зæй кæнæ миты бын фæуæг

мард кæм агургæ у, уый: фæндыры зæлтæ – иу уыцы ран æрмынæг сты.

Хъисын фæндыры миниуджытæ сæм гуырын кодтой алыхуызон хъуыдытæ.

Ацæмæз æмæ Сырдоны тæвагæй бирæтæ фæхайджын сты. Хъæздыг у нæ Ирыстоны истории зарæггæнджытæ æмæ кадæггæнджытæй. (слайд 11,12,13,14)

-Цал тæнон уыд Сырдоны фæндыр та?

Къостайы поэзи арф уидæгтæй баст у адæмон сфæлдыстадимæ. Йæ поэзи йæ адæмондзинадæй арфдæр хъары адæмы зæрдæтæм. Стыр дисыл æй æфтыдтой мидисджын аргъæуттæ, кадджытæ, æмбисæндтæ чи æрымысыд, уыцы стыр курдиаты æмæ куырыхон зонды хицау адæм.

Куыд схуыдта Къоста йæ фыццаг чиныг æмæ йыл цавæр ныв ис?

III . Дзырдуатон куыст.

Ныхас – адæм–иу сæ царды ахсджиаг фарстатæ лыг кæнынмæ кæдæм æрæмбырд сты, ахæм бынат.

Цардуалдзæг – ам;сывæллоны бонтæ.

Фæсал – хус фæлмæн кæрдæг.

Уæзæг- фахс, æврагъ,обау.

Къæрид кæрц – ам; зæронд, дæрдджын æмпылд кæрц.

Ривæддон – фос сихорыл кæм фæулæфынц, ахæм бынат.

Уысм - хæрз цыбыр рæстæг, иу минут.

Бæрз бызычъи – берёзовый нарост.

IV . Текстыл куыст : Дзуœппытœй иутæ лœвœрд цœуынц œмдзœвгœйы рœнхъытœй.

- Адæмон курдиатджын зарæггæнæджы хъысмæтыл.

- Куыд æрвыста йæ сывæллоны бонтæ?

Ыстонг, уысмæн над

Йæ къахы скъуыдтæй

? Цæмæй рухс кæны йæ зæрдæ?

- Йæ фосы дзугæй , æрдзы уындæй.

? Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны поэт , Хъуыбадыйы зæрдæйы уаг раргом кæнынæн?

Мё райгуырён бёстё - Республикё Ц ё гат Ирыстон – Алани у У ё р ё сейы Федерацийы субъект. Хауы Ц ё гат Кавказы федералон зылдмё. Йё сёйраг горёт у Дзёуджыхъёу. Зёгъён ис, рагон, культурон ёмё историон цыртдзёвён кёй у, уымён ёмё дзы фендзынё бирё зёрдылдарён бынёттё. Мё зёрдёйён у уарзон!

Диссаг ёмё рёсугъд у мё райгуырён Ирыстоны ёрдз дёр. Йё алыварс лёууынц бёрзонд хёхтё. Уёлдай удёнцой ёмё ёхсызгондзинад хёссы бёрзонд Хъазыбеджы хох – хёхты бёрзонддёр. Цы цёугёдёттё сё гуыры, уыдон уайынц хъёлдзёгёй, сё уылёнтё алырдёмыты пырхгёнгё. Фёлё дзы ёппёты стырдёрыл нымад у Терчы дон. Ёз дзы тынг сёрыстыр дён, уымён ёмё йыл нёхи поэттё нё, фёлё ма суанг Уёрёсейы хъуыстгонддёр генитё - Пушкин ёмё Лермонтов - ныффыстой се ‘нёмёлгё ёмдзёвгётё. Теркён йё фёндаг цёуы цалдёр кавказаг республикёйыл.

Ёвёццёгён, ёрдзёй рёсугъддёр ницы ис зёххыл. Зёрдё райы йё уындёй, алыхузон ёнкъарёнтё мём гуырын кёны нё хёхбёстё. Нё кёмттё ёлвасынц сёхимё адёмы се ’нёкёрон рёсугъддзинадёй, нё улёфён бынёттё бирётён баззайынц сё зёрдёты! Куыд мёхицён дёр!

Ирыстон канд йё рёсугъд ёрдзёй зындгонд нёу, фёлё ма у хъёздыг нё диссаджы хорз адёмёй дёр. Нё фыдёлты ном арвнёрёгау айхъуыст ёппёт дунейыл. Ныууагътой нын хъёздыг хёзнатё, истори ёмё культурё, кёцытё абоны онг ёрхёццё сты махмё, кёстёртём дёр. Ёма сё хъуамё хъахъхъёнём, ма сё бауадзём фесафын. Уыдонимё сты не ’взаг дёр ёмё не ’гъдёуттё дёр. Уыдон сты нё адёмы фарн. Уыдон сты мёнён дёр хъахъхъёнинаг!

Мах, ирёттё, стём Хуыцаумё кувёг адём. Нё бёрёгбёттём азёй - азмё ёнхъёлмё фёкёсём. Ёз тынг бирё уарзын Тымбыл къохы - Хетёджы бёрёгбон, Хоры Уациллайы бёрёгбон. Уёлдай кадджындёр бёрёгбон та на бинонтён у Джеоргуыбайы бёрёгбон. Мёнмё гёсгё дёр, уымёй сёйрагдёр, ахсджиагдёр бёрёгбон нёй. Лёгты дзуар у Хуыцауы минёвар ирон адёммё, нё фыдёлтё йыл кёддёриддёр ёмё кёмдёриддёр сёхи фёдзёхстой ёмё абон дёр фёдзёхсынц.

Уёдё куыд нё загъон нё хорз, фёзминаг фёсивёды тыххёй. Сё алыхуызон ёнтыстдзинёдтёй уыдон дёр хъуыстгонд ёмё зындгонд сты ёппёт дунейыл. Бирётё дзы суанг сё цард дёр суёлдай кодтой бёстёйы сабырдзинад ёмё хорзёхты тыххёй.

Ёз, мёхёдёг райгуырдтён ёмё цёрын Цёлычы хъёуы. Тынг зынаргъ мын у. Бирё йё уарзын, кёд дзы цыдёр чысыл хъуагдзинёдтё ис, уёддёр. Уёдё мё хъёуёй цы бирё хорз адёмтё рацыд, уыдонён та сё нымёц бёрёг дёр нёу. Фёлё дзы кёй зонын, уыдон сты, фыццаджыдёр, нё ветерантё, Фыдыбёстёйы хёсты архайджытё, Кодзырты Муслимёт – фёллойы ветеран, Мёскуыйы хъёууон-хёдзарадон равдысты архёйаг, Чекаев Вячеслав ёмё Эльджарты Руслан – Афганы хёсты хъёбатыртё, Сёбётхъуаты Светё ёмё Хёбёлаты Олег – Уёрёсейы Президенты Гранты лауреаттё, Хъантемыраты Рая- Бетъырбухы клиникёйы сёргълёууёг, Хъазыбегты Валерий ёмё Кочынаты Иринё – барадхъахъхъёныны оргёнты кусджытё, Боциты Ирё - Ирыстоны телекомпани ёмё радиойы журналист, Быценты Руслан, Хабёты Руслан, Музаты Сослан – Мёскуыйы цирчы аивады дёснытё, Уалыты Гиви – ирон театры сгуыхт актер, ёмё ма бирётё.

Мё дарддёры царды та цы нысантё сёвёрдтон, уыдон ёнгом баст сты мё Ирыстонимё. Никуыдём ацёуин ардыгёй. Кёмфёнды куы уон, уёддёр – иу мё мё зёрдё хондзён нёхимё!

Нажмите, чтобы узнать подробности

Это мероприятие посвященное дню матери. Мы должны любить и уважать родителей.

Уæ бонтæ хорз æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд нæ зынаргъ ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, уазджытæ, хæлæрттæ.

Абон нæ бæрæгбон,

Абон нæ цины бон,

Мад! Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы æппæт дуне дæр бацæудзæн. Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис. Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы зæрдæйы рисс.

Мад! Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл нæй, фæлæ, уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ, бамбарæн ис, цы у амонд. Тæхудиаг у уыцы кæстæр, йæ хистæры буц дарын чи зоны æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ рухс цæсгомæй чи цæуы.

Ехх уæдæ, удæн куыд вæййы æнцон,

Хур ныл куы скæсы дзæбæхæй.

Æмæ куыд хорз у, дæ уарзон бæлццон

Кæрты куы рхиза йæ бæхæй

Цæстытысыгæн цæй уромæн ис ?!

Зæрдæ куы рухс кæна иугæр

Мады фæндиагæй ма фенут низ

Мадæй уæ ма схъыг уæд уæ иу дæр !

Судзгæ цæссыгтæй , мæ хуртæ, ут хызт

Макуы мын фенут зæрдæниз.

Иугæр ыстыр цинад риуы ныххызт,

Уый та æнустæм цæрдзæнис.

Иунæг цæстысыг дæр мастæн у фаг,

Мады зæрдæйæн æгæр у.

Риуы æхсидгæ цæхæр у.

Мад ма сымахæй кæмæн у æгас,

Уымæ куыд кæнын тæхуды.

Мад у сæумæрайсом хуры ыскаст,

Æмæ дам мидбылты худы.

Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.

Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.

Мады рæвдыдæй ут уе 'ппæт æфсæст,

Мад нын æнусон цырагъ у!

Мад – царддæттæг. Хæрзконд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинад. Уыдон иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мад сæ куы нæ ратта, уæд уыцы хорздзинæдтæ тыгъд быдыры ссаргæ не сты. Мады уарзондзинадæй сæ удтæ хъæздыг кæмæн сты, уыдонæй рæсугъд у цард дæр.

7-9. Уазæгуаты Къæбæдамæ

25-27. Кæдæм цæут?

34-36. Кæс, хъус, хъаз!

37-39. Хистæртæн кад кæнут!

40-42. Бын, раз, фæстæ, цур – махимæ сæ ды дæр дзур!

43-44. Фæлхат кæнæм

45. Цы зонæм, уый бæрæг кæнæм (тесттæ)

уарзондзинад ратты йæ хъæбултæн, йе' суинаг стъалытæн. Фæлæ, хъыгагæн, ныййарджыты зындзинæдтæ цотæй иутæ нæ бамбарынц, аккаг аргъ ын не скæнынц йæ фыдыбонæн.

Кæй арфæтæ сты уыдон. Чи нын фæисы йæхимæ нæ рис, нæ тухитæ? Чи 'рхæссы нæ сæрыл йæ сæр нывондæн! Мад! Ныййарæг мад! Бæстыл æмбал кæмæн нæй, уыцы фæлмæнзæрдæ мад! (Сæ рæзты æрбахызтысты цалдæр æрыгон адæймаджы цыдæр æнахуыр дарæсы æмæ бацыдысты сыхæгты хæдзармæ. Уалынмæ райхъуыст цавæрдæр фæсарæйнаг музыкæ. Зæлинæ джихауæй аззад, стæй цымыдисæй Азаумæ бакаст).

Зæлинæ: - Мæ хæдзар! Уый та цавæр музыкæ у?

Азау: - Ма тæрс, дæ хуыз куы аныхъуырдтай. Уый мæнæ нæ сыхæгтæ сты, Гуыдзиаты ахболы сахъгуырд Азанбеджы музыкæ та у.

Ацы Гуыдзиаты диссаджы хорз бинонтæ уыдысты, æгъдауджын, кадджын куыстуарзаг. Адæм-иу сæм хæлæг кодтой. Сæ чызг æмæ хистæр лæппу – адæмæн уарзон, фæлæ йæ кæстæр Азæмæт куы рахъомыл, уæдæй нырмæ сæ Хуыцау ралгъыста, арвæй сæм иу хъугдзармы бæрц нал зыны. Сæ маст сæ сæрты кæлы, сæ цард зындон фестад.

Зæлинæ æмæ Азау ацыдысты. Азæмæты музыкæ дардыл нæры. Йе 'мбæлттимæ йæ рæстæг æрвиты, сæ разы хæринаджы дзæбæх, равзæргæ нозт, пъæртт кæнынц хъылма, ныххæцыдысты æнæгъдау митыл…

Ахбол (бады кæрты бандоныл):

О, Фæрнион! (Уый йæм æрбаввахс) Мæнæ цы диссаджы уавæры стæм! Цы ракодтам Хуыцауæн? Цæмæн нын радта ахæм фырты? Куы нæ худинаг кæны, адæммæ акæсын куынæуал уæндæм, уæд афтæмæй куыд цæрдзыстæм?

(Фæрнион фæхъуыста йæ лæгмæ, стæй йæ сæр аххосджынау дæлæмæ æруагъта. Иу афон Азанбег кæртмæ рахызт, фыд дæр бадти уым).

Ахбол: - О, мæ фырт, æввахс ма мæм рацу. Уый цавæр цардыуаг у? Хорз æмæ æвзæр æппын нал хицæн кæныс? Худинаджы къубал бынтон аскъуыдтой æви? Ацы дæлимонтимæ дæхи цæмæн сбастай? Кæм сæ ссардтай? Цæмæн цæуынц ардæм, мæ хæдзар хынджылæггаг у? Цы ми ма дын бакæнон, цы дын нæ фаг кæны, зад хуымы дын хизын нæ фидауы?! Уæдæ ахæстоны дæр бадтæ, уæд дын бамбарын афон нæма у? Ныууадз дæ нуазт, адæмы хъæр бамбар!

Азамбег: - Чи дæ фæрсы! Цæуыл дзурыс?! Дæ къус кæм нæй, уым дæ уидыг ма тъысс, науæд…

(Азамбег йæ къух фæхъил кодта. Æрцыд йæ фæдыл).

Фæрнион: - Мæ къона куыд байхæлд!

Азамбег: - Æна, æнцад, куы нæ лæууай, уæд дзы дæуыл дæр æрхаудзæн! (Азамбег йæ къухтæ кæрæдзийыл ацагъта æмæ уатмæ бахызти йæхицæй разыйæ).

Фæрнион: - Мæнæ цы дыссæгтæ уынын, мæнæ мæ сæр зæронды 'рдæм цытæ баййæфта! Мæнæ калмы мæ зæрдæйы бын куыд фæхастон! Мæнæ цы фыдбылыз схъомыл кодтон! Мæ хæдзар фехæлд! Мæ фыртыл фæтых сты арахъ æмæ цавæрдæр хъылма, уыдон махæй тыхджындæр разындысты.

Мæнæ стыр диссæгтæ!

Куыд ис уый гæнæн æмæ фырт йæ къух сиса йæ фыртмæ! (Фехъус ис, стæй арф ныуулæфгæйæ): - Нæ, нæ, а-зæххыл дæуæн цæргæйæ нал у. Ничи мын æй ныббардзæн, лæгмары, мæ фæстæ ныууадзон, уый. (Мад æдзынæгæй алæууыд, стæр зыр-зыргæнгæ хъæлæсы уагæй загъта).

Зæлинæ: - Ахæм карз тæрхон рахаста мад йæ фыртæн. Уый ныййарæджы тæрхон у æмæ раст тæрхон у. Йæ фыдмæ йæ къух чи систа, йæ фыды мæрдтæм чи барвыста, уыцы хъæбул æмæ уый хуызæттæ а-зæххыл хъуамæ ма цæрой.

Æппæт ныййарджытæ, æппæт адæм дæр уыцы фарстамæ хъуамæ иухуызон цæстæй кæсой. Арф хъуамæ ныхъхъуыды кæной, кæй æмæ цæй аххосæй слæууыдысты нæ фæсивæд уыцы фæндагыл, ууыл. Æмæ сæ ныхмæ расидой тох.

Раст у ирон æмбисонд: Йæ ныййарæджы чи нæ уарзы, уый никæй бауарздзæн. Мад у æппæт хæрзты райдайæн, дунейы царддæттæг. Уымæн йæ зынтæ авдæнæй райдайынц. Уыцы уавæр, æвæццæгæн, Ирыстоны Хетæгкаты Къостайæ хуыздæр ничи бамбæрста. Уымæн снывæста йæ зæрдæйы æлвæст тæгтæй мады æвидигæ фæлгонц.

Бирæ поэттæ скодтой зарджытæ мадыл. Уыдонæй сæ иу уыди, хæсты быдыры хæрз æрыгонæй чи баззади, уыцы ирон лæппу Кочысаты Мухарбег.

О, уарзон ныййарæг!

О, ме схæссæг мад!

Кæд арæх æнæ мæн

Куы 'рбайхъуысы уынгæй

Къæхты хъæр, ныхас

Æрхæццæ мæ хъæбул,

Ехх, куы зонис, буц ныййарæг мад!

Байдыдтон æнкъард кæнын дæ фæстæ.

Цыма ныр кæд фæуаин нымад.

Мады фæллой, мады бирæ хæрзтæ

Мады зæрдæ хъæбултæм – тæнæг,

Мадæлтæн куыд адджын у зæнæг.

Уымæн ныл зæрдæйæ кæнынц рисгæ

Буц хъæбулы афæрсы йæ мад:

Сты мæнмæ кæддæриддæр нымад

Мады лæггад, удхайраг изæртæ.

Мад, дæ зæрдæ хсайаг у фæлмæн

Буц хъæбултæм мидбылхудгæ кастæ

Ныр, зæгъ-ма, куыд кæнгæ у мæнæн?

Мады комдзаг, мады хсырæй хаст дæн.

Мад, дæ хæрзтæ æз куыд кæнон рох!

Ма мын райс æнафоны зæрдæниз

Æз дæу тыххæй афæлдахин хох,

Мин азы мæ фæндиаг фæцæрис.

Мад ныййарæг, фыд – схæссæг

Цæстыгагуыйау сæ хъахъхъæнын хъæуы.

Фæлæ мæнæ куыд загъдæуы иу таурæгъы.

Раджы кæддæр иу хъæуы царди сидзæргæс ус. Йæ лæг амард, æмæ царди йæ дыууæ æнахъом лæппуимæ. Йæ лæджы амарды фæстæ уый адджын хæринаг никуыуал бахордта, йæ хуыссæн никуыуал схъарм кодта, йæ цонг лæгъз дарæсы никуыуал атъыста: уæдæ мын макæмæ бахæлæг кæной, къулбæрзæйæ мын макæмæ бакæсой, иннæ сывæллæттæй æнæрæвдыддæр ма уой. Æмæ цынæ куыст кодта сидзæргæс ус: хъæдæй суг хастæ, хуым кодта, хос карста.

Фæлæ æнцон цæрдтытæ кæнынæн нæ райгуырди сидзæргæс. Цæрæнбонты амонд хæстæг никуы æрцыд.

Чындзытæ нæ фæрæстмæ сты: æфсины нæ бауарзтой æмæ йын алы æвзæр митæ кæнын райдыдтой. Сæ бæсты йæ кусын кодтой, хæринаг ыл нæ лæвæрдтой.

Куыд бадзырдтой, кæнгæ дæр афтæ бакодтой. Фæхæссы йæ кæстæр фырт тæсчъы мидæг хъæдмæ. Цæуы тæрсгæризгæйæ, алырдæм фæкæс-фæкæс кæны, мачи мæ фенæд, зæгъгæ.

Фæлæ æхсæвыгон тар хъæды чи хъуамæ уыдаид? Чысыл раздæр стъалытæ ныр фæныкъул – фæныкъул кæнын байдыдтой, цыма мады тæригъæдæй сæ цæстысыгтæ балæмарынц. Кæрæдзимæ тæхынц, цыма зæххыл чи не 'рцыд, ахæм æвирхъау хабар хъусын кæнынц кæрæдзийæн.

Фæлæ лæппу уыдæттæ ницæмæ дары. Размæ тындзы йæ чъизи фæнд сæххæст кæнынмæ.

Зæххон дунейы мад дæр нæу æнусон.

Хъæбул, мæн иу бон нал уыдзæн дæ цæст.

Куынæуал у ныфсæвæрæн дæ ныфсæн.

Уæд бамбардзынæ мады фарн æрмæст.

Дæ зынты сæрмæ базыртыгъд цæргæсау

Куы нæуал лæууа удуæлдайæ мад.

Дæ цæрайæн йæ цард куы ничи хæсса

Ныййарæджы ад бамбардзынæ уæд.

Куы рцæуай искуы урссæрæй нæ къæсмæ.

Куынæ рхæссон дæ сæры хилтыл м 'арм

Куынæ зæгъон куыд асурс дæ, æркæс ма,

Уæд зондзынæ циу мады къухты хъарм.

Куы нæ дын уæ цæджындз æмбал дæ хъыджы

Мæ уæлмæрдæн куы дзурай иу дæ маст

Дæ цæссыгæй куы ныхъхъæрза мæ сыджын

Уæд бамбардзынæ мады зæрдæ 'рмæст.

Цард æгъатыр у Арвæй, дам, цы дур æрхауы уый бауромы зæхх. Уæдæ бæркадхæссæг фæззæг нæ Ирæн цы сау бон æрхаста, уый куы нæ уромы.

Спортивон залы уыйбæрц уыдыстæм, - зæгъы Фатимæ, - æмæ ныл цæст нæ хæцыд. Уæлдæф нын нæ фаг кодта, сабитæ дойныйæ мардысты. Фыццаг срæмыгъд афтæ æнæнхъæлæджы уыд, æмæ зал иууыл хъæр æмæ цъæхахст 'сси.

Срæмыгъдæй мæ хъустæ цыдæр кодтой, мæ цæстытæ атартæ сты. Куы ракастæн уæд дуарæрдыгæй ауыдтон кæйдæр сабиты, сæхи къулмæ нылхъывтой. Нæ зонын кæцæй мæм разынд ахæм хъару, фæлæ сыстадтæн, æмæ сæ мæ хъæбысы æмбæхсгæйæ, тагъд-тагъд ракодтон. Кæй сабитæ уыдысты, уый нæ зонын фæлæ цы уæлдай уыд, æппæт дæр нæхи нæ уыдысты.

Мад! Уый диссаг у! Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы. Йæ хъæбул та зæры-зæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны, æмæ йын хур бон хуры тæвдæй тæрсы, къæвда бон – суазалæй.

Читайте также: