Сочинение фыдалты туг джусойты нафи

Обновлено: 02.07.2024

Уæззау зиан æрцыд Ирыстоныл. Йæ царды 93-æм азы уæззау æмæ дæргъвæтин рынчыны фæстæ йæ цардæй ахицæн Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт æмæ драматург, публицист æмæ тæлмацгæнæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг, ССРЦ æмæ ГССР-йы Сæйраг советты депутат, ГССР æмæ РХИ-йы бирæ паддзахадон хорзæхты кавалер, академик Джусойты Нафи Григорийы фырт. Йæ зæрдæ банцад гуманизмы бæрзонд принциптыл хæст, йе ‘ппæт цард дæр йæ раттæг адæмæн, йе ‘взаджы, литературæйы, культурæйы рæзтæн чи снывонд кодта, уыцы адæймаг.

Нафи райгуырд 1925 азы 27 февралы бирæсывæллонджын зæхкусæг бинонты æхсæн Дзауы районы Хæрдысæры хъæуы. Кировы хъæуы астæуккаг скъола сыгъзæрин майданимæ каст фæуыны фæстæ, хæсты райдианæй дыууæ боны фæстæдæр уый 17-аздзыд лæппуйæ бархийæ ацыд хæстмæ. Хæсты фæндæгтыл кæронмæ фæцыд æмæ 1945 азы фæззæджы æрыздæхт фæстæмæ йæ Райгуырæн бæстæмæ.

Нафи Григорийы фырт йæ фæллойадон фæндаг дæр райдыдта уыцы 1945 азы партийы Хуссар Ирыстоны обкомы инструкторæй, фæсаууонмæ та ахуыр кодта Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны Паддзахадон педагогон институты историон фа-культеты. 1949 азы йæ ахуыр адард-дæр кодта Ленинграды уырыссаг литеатурæйы институты аспирантурæйы, цыран æнтысгæйæ бахъахъхъæдта диссертаци 1953-æм азы. Уый фæстæ йæ фæллойадон архайд адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны Уанеты Захары номыл зонадон-иртасæн институты литературæ æмæ фольклоры кафедрæйы сæргълæууæгæй æмæ йын æнæаивгæйæ разамынад кодта йæ царды фæстаг бонмæ. 1968 азы Нафи Григорийы фырт æнтысгæйæ бахъахъхъæдта диссертаци филологон зо-нæдты доктроы къæпхæн райсыны сæраппонд.

Йæ адæммæ æмæ сæ культурæмæ йе ‘гæрон уарзондзинад, йе ‘нæрынцой зонд, йæ диссаджы куыстхъомдзинад æмæ йæ дæсныйадыл æну-выддзинад, уымæ ма бафтау йе ‘рдзон курдиат, уыдон ын радтой ирзонынады бæрзонд æмвæзадмæ схизыны фадат. Номдзыд ахуыргонд цымыдис цæмæ кодта, уыдон æххæссы-дысты ирон æвзаджы этимологийæ нырыккон ирон дзырдаивады проблемæты онг. Нафийы сисы бынæй рацыдысты 400-йæ фылдæр зонадон куысты, уыцы нымæцы фондз æмæ ссæдзы бæрц егъау монографийы. Уымæн йæ зонадон куыстытæ æмæ аивадон уацмыстæн сæ фылдæр ивд æрцыдысты дунейы бирæ æндæр æвзæгтæм. Нафийы сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсынц публицистикæ, ахуыргæнæн чингуытæ æмæ дзырдуæттæ, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг классикты уацмысты тæл-мæцтæ. Чидæриддæр æй зыдта, кæмæндæриддæр æрхауд нæ академикимæ ныхасы амонд, уыдоны дисы æфтыдта йæ энциклопедион зонындзинæдтæй, йæ куыстхъомдзинадæй. Уыимæ иумæ уый уыд хуымæтæг æмæ æргомзæрдæ ныхасы мидæг, йæ кæстæр коллегæтæн та — кадджын æмæ хæлар зондамонæг.

Нафи Григорийы фырты æцæг патриотизм, йæ раттæг адæмæн лæггад кæнын йе ‘ппæт царды мидис кæмæн уыд, иттæг хорз фидыдта йæ æнæсайд интернационализмимæ. Адæмты æхсæн сабырад æмæ разыдзинады тыххæй тох уымæн дзаг уыди бæлвырд мидисæй фæсрацарæзтон дуджы. Гуманизмы идеяты фæндагыл цæугæйæ, уый æнаивгæйæ сидт сабырад бахъахъхъæнынмæ иууыл бæрзонддæр трибунæтæй, ССРЦ æмæ ГССР-йы Сæйраг советты депутат, афтæ ма бирæ азты дæргъы ССРЦ-йы Фысджыты цæдисы уæнг уæвгæйæ.

Адæм Нафи Григорийы фыртмæ кастытсты æууæнчы цæстæй. Уый цалдæр хатты æвзæрст æрцыд раздæры Хуссар Ирыстоны автономон областы Адæмон депутатты горæты æмæ областы советты депутатæй, афтæ ма РХИ-йы дыккаг æмæ æртыккаг æрсид-ты Парламенты депутатæй.

Нæ номдзыд æмзæххонæн хæрз-бон зæгъгæйæ, мах хъынцъым кæ-нæм не ‘ппæтæн дæр ацы уæззау зианыл. Хъыг кæны æппæт Ирыстон, хъыг кæнынц, номдзыд Нафийы фарсмæ цæрын, кусын æмæ йемæ ныхас кæныны амонд кæмæ æрхауд, æппæт уыдон. Джусойты Нафи Григорийы фырты рухс фæлгондз æмæ йæ хъуыддæгтæ цæрдзысты æнустæм.

  • Для учеников 1-11 классов и дошкольников
  • Бесплатные сертификаты учителям и участникам

Джусойты Нафи Лæгау-лæгæй ирон зæххыл фæцардтæ, Ирыстон у дæ фæллæйттæй хъæзд.

Описание презентации по отдельным слайдам:

Джусойты Нафи Лæгау-лæгæй ирон зæххыл фæцардтæ, Ирыстон у дæ фæллæйттæй хъæзд.

Джусойты Нафи Лæгау-лæгæй ирон зæххыл фæцардтæ, Ирыстон у дæ фæллæйттæй хъæздыг, Ирон адæмæн суангдæр уæларвмæ Дæ аив дзырдтæй самадтай мæсыг. Гæбæраты Х.

1830 азы Уæрæсейы паддзахы æфсæдтæ æрбабырстой Ирыстонмæ. 1920 азы гуырдзиаг.

1830 азы Уæрæсейы паддзахы æфсæдтæ æрбабырстой Ирыстонмæ. 1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ æрбабырстой Хуссар Ирыстонмæ. 1941-1945 азты уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уыцы хæсты фæмард тынг бирæ ирон адæм. 1989-1992 азты гуырдзиаг экстремисттæ æрбабырстой Хуссар Ирмæ. 1992 азы Мæхъæл æрбабырстой Цæгат Ирмæ. 2008 азы гуырдзы æрбабырстой Хуссар Ирыстонмæ.

1830 аз 1941-1945 азтæ 2008 аз 1920 аз 1989-1992 азтæ

1830 аз 1941-1945 азтæ 2008 аз 1920 аз 1989-1992 азтæ





4 1 3 2 4 1 3 2 Н и к о л а й І А б х а з о в Р е н н е н к а м п ф П а.

4 1 3 2 4 1 3 2 Н и к о л а й І А б х а з о в Р е н н е н к а м п ф П а с к е в и ч Н и к о л а й І А б х а з о в Р е н н е н к а м п ф П а с к е в и ч

Джусойты Нафи райгуырд 1925 азы 27 февралы Дзауы районы Ногхъæуы. 16-аздзыдæ.

Джусойты Нафи райгуырд 1925 азы 27 февралы Дзауы районы Ногхъæуы. 16-аздзыдæй бацыд бархионæй сырх æфсадмæ. Нафи уыд поэт-академик, Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты сæйраг зонадон кусæг, каст лекцитæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетты. Нафи рауагъта 400 зонадон куыстæй фылдæр, уый нымæцы 12 монографи, ирон литературæйæ ахуыргæнæн чингуытæ, литературон терминты дзырдуат, "Ирон литературæйы историйы" дыууæ томы… Уый ратæлмац кодта ирон æвзагмæ уырыссаг, украинаг, гуырдзиаг классикты, уый нымæцы А. Пушкины роман "Евгений Онегин". Джусойты Нафийы чингуытæ тæлмацгондæй мыхуыры рацыдыдсты уырыссаг, гуырдзиаг, украинаг, польшæйаг æмæ казахаг æвзæгтыл. Нафи бахаста егъау хайбавæрд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады рæзтмæ, цалдæр хатт æвзæрст æрцыд республикæйы закондæттæн органы депутатæй. Хæрзæхджын уыд "Кады нысан"-ы орденæй. Уыд Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат. Джусойты Нафи амард 26 июны 2017 азы.

Нажмите, чтобы узнать подробности


ё

Лæгау-лæгæй ирон зæххыл фæцардтæ,

Ирыстон у дæ фæллæйттæй хъæздыг,

Ирон адæмæн суангдæр уæларвмæ

Дæ аив дзырдтæй самадтай мæсыг.

Урочы нысан: 1) Æрдзурын, цавæр хæстытæ æрцыд Ирыстоны зæххыл.

2) Æрныхас кæнын ирон адæмы хъазуатон тохыл,

сæрибардзинад æмæ Райгуырæн зæххы сæраппонд.

3) Зонын æмæ хъахъхъæнын фыдæлты кад æмæ намыс.

Æмæ дæ никуы ратдзынæн

Ызнагæн, зон уый ды,

Фæлтау мæлæт ыссардзынæн

Дæ сæрвæлтау хæсты!

1-аг цæф салдат зары:

Дæлæ, дам, Хъеуселты Се ‘нхъызт бæгæныйыл Хохы дон ныккодтой. Байхъусут, хорз адæм, Махыл, дам, Чеселты Тохы бон ныккодта.

Æхстытæ фехъуыст. Салдат та ногæй фæцæф.

Нæ! Æз мæ ирон зæхх барвæндонæй нæ ратдзынæн знæгтæн! Ирон лæг хъалондар никæмæй уыдис, æмæ никуы уыдзæнис! Мæнæн мæ ирон туг ныккалди ацы зæххыл, ахъардта мæры. Æнустæм ирон зæхх уымæл дардзæнис ирон тугæй. Уый æвдисæн уыдзæн кæстæртæн, ирон адæм сæрибарыл тохы кæй ныккалдтой сæ туг. Æмæ искуы гутонæй кусгæйæ,пелтъ пелтъы фæдыл куы фæлдаха, уæд йæ разы уымæл зæхх фенгæйæ, бамбардзæнис, уый фыдæлты тугæй уымæл кæй у, уый. Йæ зæрдыл дардзæн йæ фыдæлты тох сæрибар æмæ Райгуырæн зæххы сæраппонд æмæ сæ хъахъхъæндзæнис. Хъусут, фæстагæттæ! Мах, уæ фыдæлтæ, дардæй уæм сидæм æнусты сæрты: Макуы бауадзут фæцудын Ирыстоны! Макуы ауæй кæнут уæ фыдæлты уæзæг, ирон лæджы сæрибардзинад, ирон лæджы кад, ирон намыс - фæстаг туджы æртахæй кæй фæхъахъхъæдтам. Ирон адæм,бахъуаджы рæстæджы-иу кæрæдзи фарсмæ балæуут! (Йæ къухы тырыса æмæ йæ алæвæрдта 2-аг салдатмæ)

Нæ хъæбатыр фыдæлтæ! Сæумæрайсом-иу кæрдæджы æртæхы хуызы уыдтам уæ цæссыгтæ æмæ та-иу нæ зæрдыл æрлæууыдысты уæ фæдзæхстытæ…

Мах бахъахъхъæдтам знæгтæй æрмæст Ирыстоны зæхх нæ, фæлæ ма æгас Советон Цæдисы дæр. Мах нæ цæфтæй никуы схъæрздзыстæм, уæ удты рыст нæ тынгдæр риссы. Уæ хъæбатырдзинад махæн фæзминаг у!

Рухсаг ут, нæ фыдæлтæ! Рухсаг уæнт, уæ фарсмæ цы æнаххос салдæттæ хуыссынц, уемæ æнæбары чи тох кодта, уыдон дæр. Уæ фæдзæхст æххæст æрцыд!

Мах та нæ фæстагæттæн фæдзæхсæм:

Мах бахъахъхъæдтам фыдæлты тугæй æлхæд зæхх æмæ сæрибардзинад æмæ сæ макуы ауæлдай кæнут! Зын сахаты кæрæдзи фарсмæ лæуут!

(Йæ къухы тырыса æмæ йæ алæвæрдта 3-аг салдатмæ)

Рухсаг ут, нæ фыдæлтæ! Рухсаг ут Ака æмæ Бегайы номæй! Йæ туг Ирыстоны тыххæй чи ныккалдта, уыдон иууылдæр рухсаг уæнт! Макуыуал уæд Ирыстоны хæст! Мах та нæ фæстагæттæн фæдзæхсæм: Нæ Ирыстоны фæсивæд! Хъахъхъæнут сабырад, Ирыстон зæхх! Кæрæдзи уарзут, кæрæдзийыл хæцут! Фыдæлты кад бæрзæндты хæссут!

Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ, нæ чысыл равдыстмæ гæсгæ уæм куыд кæсы, абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм?

Скъоладзау: Абон нæ урокыл дзурдзыстæм фыдæлты тох, фыдæлты тугкæлдтытæ, фыдыуæзæг æмæ сæрибардзинадыл. Ахуыргæнæг: Иугыццыл-ма уæ цæст историйыл рахæссут æмæ мын зæгъут, цавæр стыр тохтæ æрцыд Ирыстоны зæххыл. Скъоладзау: (Скъоладзаутæ нымайынц Ирыстоны хæстытæ. Иу ахуырдзау сын сæ азтæ фæйнæгыл фыссы.) 1830 азы Уæрæсейы паддзахы æфсæдтæ æрбабырстой Ирыстонмæ. 1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ æрбабырстой Хуссар Ирыстонмæ. 1941-1945 азты уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уыцы хæсты фæмард тынг бирæ ирон адæм. 1989-1992 азты гуырдзиаг экстремисттæ æрбабырстой Хуссар Ирмæ. 1992 азы мæхъæл æрбабырстой Цæгат Ирмæ. 2008 азы гуырдзы æрбабырстой Хуссар Ирмæ.

Ахуыргæнæг: - Урочы райдианы цы æртæ цæф хæстоны хъæлæстæ фехъуыстам, уыдон кæцы хæстыты æвдисæнтæй уыдысты?

Скъоладзау: Уыдон уыдысты, Ирыстоны зæхх æмæ сæрибардзинадыл сæ цард чи радта, уыцы фыдæлты хъæлæстæ: Фыццаг- 1830 азы тохты хъæбатыртæй . Дыккаг- 1941-1945 азты хæсты хъæбатыртæй. Æртыккаг- 2008 азы хъæбатыртæй.

Ахуыргæнæг: - Ирыстоны зæххыл цы бирæ хæстытæ æрцыд, уыдон адæмы зæрдæты дæр æмæ историйы дæр арф фæдтæ ныууагътой. Нæ фысджыты къухтæм та райсын кодтой фыссæнгæрзтæ æмæ сын сæ зæрдæты рисæй снывæндын кодтой æнусон уацмыстæ.

Æппæт хæстон цаутыл дæр бирæ æрмæг ис фыст. Фæлæ 1830 азы тохты бындурыл фыст æрцыд 1-аг ирон историон роман. Чи уыдысты уыцы тохы хæстæндзарджытæ, ууыл æрдзурæм, æмæ уымæ гæсгæ скæндзыстæм дзырдбыд. Дзырдбыды бæрæггонд дзырд нын бацамондзæн, чи у романы автор, уый.

Ахуыргæнæг: Гыццыл та историйыл нæ цæст рахæссæм. 1. Фыццаг стыр хæст Ирыстоны зæххыл кæй аххосæй æрцыд? Скъоладзау: Уæрæсейы император Николай 1 бардзырд радта, цæмæй Кавказы адæмтæй æлдарады ныхмæ чи у, уыдон цъист æрцæуой, æнустæм цагъары къæлæт куыд хæссой. Ахуыргæнæг: 2. Николай 1 бардзырд æххæст кæнын кæмæн бабар кодта? Скъоладзау: Бардзырд æххæст кодта фельдмаршал Паскевич. Ирыстоны риу æмæ чъылдым цæф æрцыд дыууæрдыгæй – хуссар æмæ цæгатæй. Ахуыргæнæг: 3. Цæгаты уыцы операции æххæстгæнæг чи уыд?

Скъоладзау: Уыцы операции æххæст кодта инæлар - майор князь Абхазов. Йе ‘фсадимæ бабырста Хъобангоммæ.

Ахуыргæнæг: 4. Хуссар Ирыстоны уыцы хæслæвæрд чи æххæст кодта?

Уыцы хæслæвæрд æххæст кодта инæлар - майор Ренненкампф. Йе ‘фсадимæ ныббырста Чеселтгоммæ.

(Джусойты Нафийы биографи цыбыртæй радзурдзæнис скъоладзау кæнæ ахуыргæнæг).

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, дзырдбыдмæ гæсгæ цы раиртæстат?

Ахуыргæнæг:

Æмæ дæ никуы ратдзынæн Ызнагæн, зон уый ды, Фæлтау мæлæт ыссардзынæн Дæ сæрвæлтау хæсты!

Эпиграф æнгом баст у урочы темæимæ. Мæ урочы нысан у:

1) Æрдзурын, цавæр хæстытæ æрцыд Ирыстоны зæххыл.

2) Æрныхас кæнын ирон адæмы хъазуатон тохыл,

сæрибардзинад æмæ Райгуырæн зæххы сæраппонд.

3) Зонын æмæ хъахъхъæнын фыдæлты кад æмæ намыс.

(Коцты Бегайыл кинойæ скъуыддзаг равдисын)

Ахуыргæнæг: Цы фæндтæ уыд Уæрæсейы паддзахмæ?

Уæрæсейы паддзахы фæндыд, ирон адæмы бартæ байсын,йæ дæлбар сæ бакæнын æмæ Ирыстоны йæхи фæтк æрæвæрын. Хуссар Ирыстоны уыцы хъуыддаг йæ къухы æфтыди гуырдзиаг æлдæртты, мацабелты руаджы. Гуырдзиаг мацабелтæ дæр Уæрæсейы бархъомысæй æлдариуæг кодтаиккой ирон адæмæн. Афтæмæй дыууæ тыхы бын цагъартæй уыдаиккой ирæттæ.

Паскевич Дзауы рахуыдта Хуссар Ирыстоны æппæт кæмттæм бахизæны дæгъæл, уымæ гæсгæ Ренненкампфы æд æфсад уырдæм арвыста.

Чеселтгомы адæм сын æнцон басæттæн нæ разындысты. Сæ минæвæртты, сауджын æмæ кънйаз Бардзимы рарвыстой ахæм ныхæстимæ:

Мах гуырдзиг æлдæрттæн хъалондар никуы уыдыстæм æмæ никуыдæр уыдзыстæм. Уæрæсейы паддзахæн йæ хай лæвæрд цæудзæн, фæлæ цагъары бынаты никæмæн æрлæудзыстæм.

Æртхъирæнгæнгæ раздæхтысты паддзахы минæвæрттæ, æмæ уæд паддзахы æфсæдтæ мин æмæ æрдæгæй æмæ гуырдзыйы æлдæртты милицæ мины æрдæгæй бабырстой Чеселтгоммæ.

•Хиды хъусыл Хъæндилы тох паддзахы æфсæдтимæ.

• Мусы фарсмæ Ака æмæ Козианы тох æфсадимæ.

•Дыууæдонастæу Солтан,Басыл æмæ Темлайы тох 200 хъазахъхъагимæ.

•Бега æмæ йе ΄мбæлтты тох Хъолайы фидары.

•Зикъарайы æфцæгыл фæстаг тох.

1.Знæгты фыццаг цæф йæхимæ райста Хъæндил, Раройы æфцæгмæ бахизæны, доныл хидæн кæддæр йе ΄мбæлттимæ цы могор сбыдта, уыдон цур дурты фæстæ æрæмбæхст. Уырдыгæй æхста паддзахы ΄фсæдты. Амардта дзы фарасты, йæхæдæг дæр фæцæф ис.

2.Ренненкампф йе ΄фсады 2 дихы фæкодта. Æфсады иу хайы дæлбулкъон Берилев акодта Сыгъдтæм. Уым мусты цур æфсадимæ схæцыд Ака. Йæ ус Козиан дæр знæгтимæ тохы йæ лæджы фарсмæ балæууыд. Иу æфсæддоны сæры дзы фæрæт ныссагъта. Фæлæ сыл уæдмæ бирæйæ амбырд сты. Козиан уыцы тохы фæмард, Ака та уæззау цæфтæ фæци.

3. 200 хъазахъхъаджы Дыууæдонастæу лидзæг адæмы фæдыл бафтыдысты. Сæ хъахъхъæнджытимæ сын карз тох бацайдагъ. Уыцы тохы Темла фæцæф. Хъазахъхъæгтæн Солтан æмæ Басылы къордтæ аккаг дзуапп радтой.

4. Æфсадхон Коцты Бега йæ хъæбатыр æмбæлттимæ Хъолайы мæсыгмæ бацыд. Се ‘хсæн уыд уырыссаг æфсæддон Алæг дæр. Стыр хæст æрцыд мæсыгæй паддзахы æфсады ‘хсæн. Сармадзантæй пырх кодтой фидары къултæ, фæлæ йын ницы бафæрæзтой. Хъолайы мæсыг дæр Ирыстоны иннæ мæсгуытау разынд тынг фидар.

Мæсгуытæ – иу адæм арæзтой æгас комæй дæр, стыр мыггæгтæ, суанг иугай лæгтæ дæр. Адæмы тыхджындзинад бæрæг кодта мæсыг фидар æмæ мæсыг стырæй. Ахæм уыд Хъолайы Къæбысты мæсыг дæр .

Бегайы ‘мбæлттæ фæцæфтæ сты. Æфсад мæсыгыл арт сæндзæрстой. Бега фидарæй æрхызт, æфсады ‘хсæнты арсау лæгæрдгæ ацыд, цалдæры ма дзы амардта, фæлæ йæхæдæг дæр фæцæф.

5. Фæстаг стыр тох æрцыд Зикъарайы æфцæгыл. Бирæ адæмы ΄рцахстой æфсад. Сæ фос, сæ фæллой сын байстой.

Уацмысы ахсджиаг бынат ахсынц адæм. Фæлæ уыдоны ΄хсæн уæлдай ирддæр æмæ хъæбатырдæрæй бæрæг дарынц раздзæуджытæ Къæбысты Ака æмæ Коцты Бега. Уыдон сты, сæрибардзинадæн æппæты стырдæр аргъ чи кæны,уыдонæй.

1. Ака йæ алыварс фæсивæдæй бирæ хистæрдæр у. Уарзынц æй кæстæртæ, фæрсынц æй зондæй, бахъуаджы рæстæг ын йæ уынаффæмæ хъусынц. Ис ын хæлæрттæ æрмæст йæхи ирон адæмы ΄хсæн нæ, фæлæ гуырдзыйы ΄хсæн дæр. Суанг æй уырыссаг салдæттæ дæр бауарзтой йæ хæларзæрдæ æмæ сыгъдæг удыхъæды тыххæй. Кæм хъæуы, уым знагæн нæ бары. Зын сахаты та у комбæсты фæдисон. Йæ гуырдзиаг хæлары цоты æлдар туркагæн ауæй кодта. Ака уый куы базыдта, уæд сæ фæсте асырдта, байста сæ туркагæй, адæмæй базаргæнæджы та былæй аппæрста.

Бардзим Къулойы Туркагæн кæй ауæй кодта, уый тыххæй Ака æнцой нал ардта. Сæ хъæуы чындзæхсæвæй рацыд ахæм хъуыдытимæ: æз ам чындзæхсæвы бадон, Къулойы сидзæр та знæгты къухы уа, æмæ йæ фырт Бабеимæ ацыд лæппуйы агурæг. Бирæ йæ фæцагуырдтой, фæлæ йæ не ссардтой.

Ака у,йæ адæмыл йæ зæрдæ кæмæн риссы, йæ адæмы йæхи удæй фылдæр чи уарзы,ахæм хæстон раздзог.

2. Акайы хуызæн сæрæнгуырд у йæ хæрæфырт Бега дæр. Уый нырма æрыгон у, афтæмæй йæ зонд æмæ йæ хъаруйæ ирон историйы ныууагъта арф фæд. У рæстуд, тæригъæдгæнаг зæрдæйы хицау. Æмбæлтты ΄хсæн хъæлдзæг. Йæ адæмæн – ныфс. Тас нæ зоны. Ис æй абарæн Нарты гуыппырсартимæ.

Акайау Бега дæр бакастæй тызмæгхуыз у, фæлæ йæ миддуне та – сыгъдæг. Уый рабæрæг, се знæгтæй цæф æфсæддон Олег Орловы кæй фервæзын кодта,уырдыгæй дæр. Фæндагыл æй йæ цæфтæй хъæрзгæ ссардта,сæхимæ йæ ΄рхаста, сдзæбæх æй кодта æмæ йæ æвыдæй фæстæмæ сæ ныхмæ тохгæнæг æфсадмæ арвыста. Фырбуцæн æй Алæг дæр схуыдта. Фысымтæ йын йемæ арвыстой лæвæрттæ дæр: басылыхъ, æрмкъухтæ æмæ цъындатæ.

Æнхъæл куыд ничи уыдис, ахæм æхсар æмæ лæджыхъæд равдыста Хъæндил, паддзахы æфсæдты ныхмæ хæцгæйæ.

4. Уацмысы Алæджы фæлгонц адæймаджы дисы æфтауы. Хонынц ма йæ Бургъуын. Уый у ныфсхаст, тас чи нæ зоны, ахæм лæппу. Хорздзинад йæхиуыл нæ уадзы. Бега йæ мæлæтæй фервæзын кодта, йæ алыварс адæм æй иууылдæр барæвдыдтой. Ныр тыхст уавæры куы сты йæ ирвæзынгæнæг адæм, уæд сæ фарсмæ тохы балæууыд. Уыдис æфсады ΄хсæн ахæм афицертæ, Алæджы æмæ иннæ салдатты чи ΄фхæрдта. Уыдонмæ хæцæнгарз дæр райста, фæлæ йæхи хуызæн салдаттæм йæ къух никуы систаид.

1 скъоладзау:

Алæджы фæлгонцыл дзургæйæ æз æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: Алæджы нæй æвæрццæг хъайтарыл банымайæн. Æз æй рахонин уæйгæнæг, йæхи адæмы ныхмæ кæй хæцыд,уый тыххæй.

2 скъоладзау:

Æз та Алæджы уæйгæнæг нæ рахонин. Уый у рæстдзинадыл тохгæнæг. Ирон адæмы ΄хсæн ацард, федта, куыд æнæхин адæм сты, сыгъдæгзæрдæ, никæй хъыгдарынц, никæмæ лæбурынц. Федта паддзахы æфсады ΄хсæн цас фыдадæм ис, уый дæр. Æфхæрынц æнаххос салдæтты. Æрбабырстой æнаххос адæммæ. Алæг уыцы æнæрастдзинæдтæ не сфæрæзта æмæ йæхихуызæн рæстуд адæмы фарсмæ æрлæууыд. Йæ мæлæт дæр рæстдзинад хъахъхъæнгæйæ ссардта.

Æз Алæджы рахонин рæстдзинады символ.

Ахуыргæнæг: Уацмысы æмбæлæм æппæрццæг хъайтартыл дæр. Чи сты уыдон?

Уацмысы мæнгард æмæ уæйгæнджытæй мах уынæм Хъырым æмæ Калманы. Калман адæмы кæрæдзийыл ардауы. Хъырымæн амарын кодта Дзæрæхы. Марын кодта Бегайы дæр. Бега йæ базыдта æмæ марджыты йæхæдæг амардта, фæлæ фæцæф. Хъырымы хъæубæстæ се ΄хсæнæй фæсырдтой.

Ирон адæм мæнгард æмæ уæйгæнæг адæмы се ΄хсæн цæрын никуы уагътой. Хъоды – иу сыл бакодтой,се ΄хсæнæй - иу сæ фæтардтой, къæбæр йемæ ничиуал дих кодта,йæ фос ын сæ фосимæ нал уагътой. Уыцы фæтк чи фехæлдтаид, уымæн – иу йæхиуыл дæр хъоды бакодтой.

Æппæрццæг хъайтар ма дзы у сауджын дæр. Уымæ нæй рæстдзинад. Адæмы кæрæдзи мидæг скодта, мæгуыр адæмы тæрсын кæны паддзах æмæ Хуыцауы азарæй. Сæ бартæ хъахъхъæнæг адæмы абырджытæ рахоны æмæ сæ знæгты къухтæм дæттын кæны.

Бирæ адæмы бабын кодтой раздæры сауджынтæ. Сауджыны сайæн ныхæсты аххосæй гуырдзиаг æлдæрттæ амардтой Ос-Бæгъатыры.

Уацмысы паддзахы æфсæдтæ, мæнгард сауджын, Бардзим æмæ Калманы хуызæтты аххуысæй æнаххос адæмы фæцагътой. Уацары кæй акодтой, уыдоны та онггай дихтæ кодтой, кæй та дзы ауындзгæ кодтой.

Нафийы загъдау, лæджы марыс, уæд æй фехс. Адæймаг адæймаджы хорз миниуджытæ макуы хъуамæ сафа.

Фæлæ Чеселтгомы хъæбатырты уыцы фыдмитæ дæр нæ фæтæрсын кодтой. Мæлæты тæрхоны размæ Бега йе ΄мбæлттæм бадзуры:

-Лæппутæ, адæм махмæ кæсынц æмæ уæхиуыл схæцут, лæгтæ нын æнхъæл сты… Хъæндил, ныццæлхъ ма кæн дæ ног зарæг.

Æмæ Хъæндил йе ΄мбæлттимæ, ахæстоны цы ног зарæг скодтой, уый хъæрæй ныззарыдысты.

Æрныхас ма кæнæм Солтан,Темла æмæ Уардисы уавæртыл дæр. Скъоладзау:

Уацмысы хъайтартæ Солтан, Темла æмæ Уардис хæстæй карз æфхæрд æййафынц. Дыккаг æфхæрд та уарзтæй æййафынц.

Солтан хæсты уæззаудзинæдтæ фæразы, фæлæ йын йæ уарзтæн Уардис разыйы дзуапп кæй нæ радта, уый йын йе онг амардта. Темла йын тæригъæд кæны, уымæн æмæ йæ уарзы æгæрон уарзтæй. Фæлæ уый Солтан уынгæ дæр нæ кæны. Чызгæн та йæ йæ ирон æфсарм сæргом кæнын никуы бауадздзæн.

Темла хæсты цæхæры смидæг. Фæцæф, фæлæ ницæуыл фæсмон кæны. Уарзты хъизæмарæй йын хæсты хъизæмар æнцондæр сфæразæн разынд. Солтан зонгæ дæр нæ кæны Темла йæ фарсмæ хæцы, уый. Сæ хæстон æмбал куыд фæцæф, уый куы ауыдта, уæд æм æххуысмæ балыгъд. Æввахсмæ базыдта Темлайы. Æдас ранмæ йæ рахаста.

Темла Солтаны, стæй йæ адæмы сæрвæлтау йæ цард ауæлдай кодта. Уый разынд тыхджын адæймаг. Схонæн æй ис сыгъдæг уарзты символ.

Хæстон историк В.А.Потто дæр диссагæн фæхаста Темлайы. Уый фыста, зæгъгæ, Зикъарайы æфцæджы цур хæст куы цыди, уæд уыцы тохы ирæттæй иу фæцæф, хаугæ-хауын йæ худ атылд. Уый кæд разынди чызг.

(Ацы нывы бындурыл лæппутæм сæвзæрд фарст)

Лæппуты фарст:

Чызджытæ, сымахмæ та куыд кæсы, Темла раст бакодта, хæстмæ кæй ацыди, уымæй?

Чызджыты дзуапп:

Раст бакодта, Райгуырæн зæххы æххуыс куы хъæуа, уæд алчи дæр йе ‘ххуысы къух хъуамæ бадаргъ кæна.

Чызджыты фарст:

Лæппутæ, сымах та куыд хъуыды кæнут?

Лæппуты дзуапп:

Хъæбатыр чызджытæ кæй ис Ирыстоны, уый тынг хорз у, фæлæ сылгоймаг хæсты цæхæры ма хъуамæ иса хайад. Уымæ уæддæр нæлгоймаджы ‘мбæрц тых нæй.

Ныртæккæйы сабыр царды дæр нæм тынг бирæ ис сæрæн зындгонд номдзыд сылгоймæгтæ. Тынг хорз у, уыдон хæсты цæхæрæй хызт кæй сты, уый. Ирон историйы сæ нæмттæ баззайдзысты ахæм ирон сылгоймæгтæн дæр, куыд:

Дудараты Верæникæ-1-аг ирон сылгоймаг-дирижер. Гæздæнты Аврорæ-1-аг ирон сылгоймаг-балеринæ. Туаты Ольгæ-1-аг ирон сылгоймаг-профессор Кочысаты Розæ -1-аг ирон сылгоймаг-драматург. Хæбæлаты Зинаидæ -1-аг ирон сылгоймаг-композитор- симфонист æмæ бирæ æндæртæ.

Къордтыл куыст ма акæнæм. Уацмысæй райстон æвæрццæг æмæ æппæрццаг хъайтартæ, Ака æмæ Калманы. 2 хъайтарæн афыссæм сæ миниуджытæ. Чи хуыздæр сарæхсдзæн?

Ака --------хæларзæрдæ, хъæубæсты фæдисон, æмбалуарзаг, зондджын, ныфсджын, тæригъæдгæнаг, хъæлдзæг, тыхджын…

Калман-----хин, саузæрдæ, æдзæстуарзон, лæгмар…

Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ, литературæйы ма искæцы уацмысты фембæлдыстут Къæбысты Ака æмæ Коцты Бегайы хуызæн хъæбатыр раздзæуджытыл?

Абоны царды дæр ис Нафийы хъайтарты хуызæн хъæбатыртæ. Стæй Коцты Бегайæ суанг Джиоты Азæмæты онг сæ нымæц у тынг бирæ.

Адæмы сæрибарыл æлдæрттимæ тох кодтой Томайты Мæхæмæт, Кодзырты Таймураз æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон знæгты амæттаг баисты.

Гæздæнты 7 æфсымæры фарсмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй ис бирæ ирон зынгхуыст хъæбатыртæ.

Хуыбылты Валерæ, Джиоты Алан (Парпат) æмæ Джиоты Азæмæт сæхи хуызæн хъæбатыртимæ æрлæууыдысты гуырдзиаг эксремистты ныхмæ. Сæ удтæй бахъахъхъæдтой сæ Фыдыуæзæг æмæ сæрибардзинад.

Æрыдонæй дæр бирæ фæсивæд хæцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. (Скъоладзаутæй исчи радзурдзæн, йæ бинонтæй хæсты кæмæн уыд, уый тыххæй).

Ирон адæм хорз фæзонынц, армыдзаг йеддæмæ не сты æмæ æнцонтæй никæуыл фæтых уыдзысты, фæлæ сæ патриотизм кæддæриддæр фæуæлахиз вæййы.

Чеселтгомы адæм дæр тыхæй Уæрæсейы æфсадыл нæ фæтых уыдаиккой. Иуæй сæм хуызæнæн хæцæнгарз нæ уыдис, иннæмæй сæ бæрц гыццыл уыди. Уæддæр сæм мæлæты раз тас нæй. Раст кæй нæ хæцынц, уый фæдыл кæрæдзийæн уайдзæфтæ кæнынц.

Ахуыргæнæг: Уыцы бынат ма уацмысы рацагурут æмæ йæ бакæсæм.

Ахуыргæнæг: Стæй адæммæ иудзинад фаг нæй. Бега æмæ Хъуырман зонынц, кæй нæ фæнды хæцын, уый фæдисы артмæ дæр не ‘рбацæудзæн æмæ фидары сæрыл арт скæнынмæ дæр нæ тырнынц. Уый фæдыл Хъуырман зæгъы.

Уыцы бынат ма чиныджы рацагурут.

Скъоладзау кæсы. (Фарс121).

Ирон лæг суанг иунæгæй дæр цæттæ у Райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ. Æцæг ирон лæг фыдызæххæй дард никуыдæм ацæудзæн. Чеселтгомы адæмæн дæр сæ фæллой знæгтæ фæхастой, басыгътой сын сæ хæдзæрттæ, фæцагътой сæ, фæлæ ма дзы чи баззад, уыдон уæддæр афтид зæххыл ног цард райдыдтой аразын, уымæн æмæ Фыдыуæзæг ницæуыл ис баивæн.

Чеселтгомы та цард æндидзын райдыдта. Скъола сæм æрбакодта ирон адæмы рухстауæг Æгъуызаты Иуане.

Ирон адæм сабыр цард уарзæг адæм сты. Никуы никæй бахъыгдардтой. Фæлæ сын сæхи алырдыгæй фæцагътой. Æрæджы дæр ма мæхъæл æмæ гуырдзы ирон адæмы туг ныккалын кодтой. Цхинвалы 5-æм скъолайы кæрты гуырдзиаг лæгмарты аххосæй сырæзт ирон уæлмæрд.

Ирыстоны адæмæй Райгуырæн зæхх æмæ Сæрибардзинадыл йæ уд чи радта, уыдоны нæмттæ иу минут сабыр алæудæй ссарæм.

(Уый фæстæ сывæллæттæ цырæгътæ судзынц. Къулыл алы хæсты æвдисæнтæй дæр ис къамтæ æмæ сæ уыдоны раз æвæрынц.)

Мæхæдæг 1989-1992 азты хæстæн йæ райдианæй йæ кæронмæ уыдтæн æвдисæн. Уæд уыдтæн студент. Алырдыгæй ныл згъæлдысты гуырдзыйы ракетæтæ, бомбæтæ æмæ алыхуызон нæмгуытæ. Нæ хъæбатыр фæсивæд удуæлдай тох кодтой знæгтимæ. Зæрдæ кæрдихгай кодта, алыбон дæр Цхинвалы 5-æм скъолайы кæрты нæ хъæбатырты куы ныгæдтам, уæд. Зынгдзых хæст ныхъуырдта нæ адæмы. Алы уысм дæр мæлæты цæстытæм кастыстæм.

Урочы хъомыладон куыст: Адæймаг æмæ зарæджы æмдзу романы.

Урочы хуыз: Историон урок.

1.Презентаци фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадæй.

2.Хъуысы историон зорæджы мелоди.

Текстыл цыбыртæй æрдзурын;

1. -Амондау нæм фæкаст дард бæстæй Уырысы паддзахæй хæстон адæмы æрцыд.Загътам, ныр нæ паддзах дæр иу уыдзæн:Уырысæй,Гуырдзыйæ,Ирæй. Æмдин ,æмпаддзах,æмбар,æмнамыс уыдзыстæм.Нæ фыдбылызтæ,нæ хæрзбон дæр иу уыдзæн.Нæ нæртон фыдæлтæй нын баззад-Хуыцауы йеддæмæ сæрæй ныллæг макæмæн кув;лæг дæ!

Фæлæ армыдзаг адæмæн утæппæт тыхы раз цы у йæ бон?

Загътам:разы стæм паддзахы бархъомысыл,фервæзын нæ кæнут æлдæртты фыдвæнд æмæ æфхæрдæй.Бæргæ рæсугъд фæндтæ фæкодтам, фæлæ хæрзæбонæй фыдбылыз фæраздæр ,æлдар цы уыд,уымæй баззад,йемæ бамбал сты сауджын æмæ паддзахы инæлар,сæ иу цагъары хъадамантæ хаста йа къухы, иннæ дины чиныг-хъадамантыл разыйы хос.

Цы бон ныл æркодта, кæмæн дзы фæрæзтаиккам?

Кæнæ цагъары цард, кæнæ цæттæ мæлæт салдаты арцæй,сармадзаны нæмыгæй.

2. Æмæ райдыдта хæст Хъуды комæй Къуыдары къуылдымтæм,Чысаны рагъай Нары дзыхъмæ.Комæй-коммæ цыд,æфцæгæй- æфцæгмæ додой кодта,мæсыгæй-мæсыгмæ сидт арты пиллон æмæ сармадзанты богъ.

Æнусы æрдæг фæхæцыдыстæм,фæкалдтам нæ туг, нæ сидзæр сабиты æмæ саударджыты цæссыгтæ æнустæм номхæссæн уыдысты.Сæ кой сымахмæ,фæстагæттæм, фæдисоны зарæгау чи фæхæццæ кодтаид, уый дæр нал уыд. Тохы быдыры сæ сæртæ æрхастой нæ хуыздæртæ –кæстæрæй ,хистæрæй.

Маст æмæ хъарæгæй сæ зæрдæтæ ныддур сты нæ дзырддзæугæтæн. Зарæджы хъæр нал хъуыст нæ хъæутæй ,бамыр нæ хъæлæс,бакъуырма сты нæ хъисфæндыртæ.

3.Кæд искуы нæ фыдæлты туг агурат, уæд уæ ма ферох уæнт нæ фыдгулты нæмттæ.Уыдон хуыдтой æлдæрттæ,инæлæрттæ æмæ афицертæ,ма уæ ферох уæнт не ' нусон знæгтæ;Ерыстау æмæ Мацабел æлдæрттæ.Ма уæ ферох уæнт паддзахы инæлæрттæ:Ренненкампф,Абхазов æмæ иннæтæ.Ма уæ ферох уæнт , махæн хъизæмæрттæ чи' взарын кодта,нæ хъæбулты нын Туркмæ чи уæй кодта,нæ хæдзæрттыл нын арт чи æндзæрста, нæ мæгуыр къæбæр нын нæ дзыхæй чи скъæфта,уыдон. Уæ зæрдыл сæ дарут,макуы ферох кæнут утæппæт тугкалд!

Ахуыргæнæг: Мах байхъуыстам нæ фыдæлты фæдзæхстмæ,нæ цæстытыл ауад сæ цард,сæ бирæ фыдæбон, сæ маст.Æппæт уыдæттæн æвдисæн уыдысты нæ Иры бæрзонд хæхтæ, уыдон сæ зæрдæты арф æвæрынæ фыдæлты цардыуаг.

Джусойты Нафийы абарæн ис нæ Иры бæрзонддæр хохимæ.Уый у удæгас æвдисæн нæ историйæн.

Нафи, бæрзонд хох, зарæг ,се' ппæтдæр нæ историйы цыртдзæвæнтæ!

4..Æгомыг сты хæхтæ.Зарын нæ- зонынц ,дзурын нæ зонынц. Æрмæстдæр æнусты сæрты хъусынц дзагъырдзастæй.

-Хъусынц сæ фæдджиты цæрæг адæммæ.хъусынц адæмы зарджытам куывдты ,чындзæхсавты,балцы…

Хъусынц адæмы хъарджытæм хистыты…

Уынынц адæмы фыдæбон…Уынынц,хъусынц æмæ зæрдыл дарын фæразынц

Æгомыг сты хæхтæ.Нæ зарынц ,нæ дзурынц,æрмæст хъусынц .Чи зоны, нæ зарынц-зæрдæ ныддур мастæй.

Ахуыргæнæг :Зæрдæмæ хъаргæ ныхæстæ…

Нафийæ хуыздæр ма чи зæгъдзæн ,чи фæхæццæ кæндзан кæсæгмæ,нæ фыдæлты тугкалæн хæстыты хабæрттæ.

«Фæлæ туг , цы фæци ?

Ацы хъарæг фæдзæхст у,нæ фыдлты сидт сæ фæстагæттæм,махмæ…

Ма уæ ферох уæд не гомыг зарæг .Байхъусут æм уарзæгой зæрдæйæ æмæ ,кæд уæ дуг хуыздæр уа, уæд æй самонут хъæлæсыдзагæй,æргомæй æгас дзыллæты раз.

Самонут æй уæндон æмæ сæрыстырæй .Махæй,уæ фыдæлты номæй,къæмдзæстыг никуы уыдзыстут æмæ нын рухс куы кæнат ,уæд-сæрыстырæй,чъызгæйæ нæ,нæ хъæуы, ахæм кой.

Уый уын уæ фыдæлты фæдзæхст, æнусты сæрты.

Ахуыргæнæг: Ацы скъуыддзаг бакæсгæй, нæ разы сæвзæрд ахæм фæрстытæ:

1.Цы æрцыд Чеселтгомы ?

2.Цавæр цард кодтой,цæмæн равзæрста Нафи йæ романы Чеселтномы адæмы?

3.Цæмæн у роман историон ?

1.Уацмыс фыст у Хуссар ИрыстоныЧеселтгомы цардыл. Уæрæсеимæ баиуыл адæм тынг фæцин кодтой,уырныдта сæ, Уырысы паддзах сæ æлдæртты фыдмитæй бахиздзæн,фæлæ фыдæнхъæл фесты Уæлдай уæззаудæр уавæры бахаудтой Хуссар Ир. Гуырдзиаг æлдæрттæ рагæй архайдой,цæмæй хæххон сæрибар адæмæй сæхицæн хъалондар скæной .Ныр сын фадат фæци æмæ зæхкусæг адæмыл алы фыдтæ мысын райдыдтой,паддзахы хииауадæй домдтой æфсад, ирон абырджыты басæттынæн.

2.Хуссар Ир цардысты сæрибарæй, сæ уавæртæ сæ куыд амыдтой, афтæ. Фæлæ сæ истори ахæм уавæрты сæвæрдта, æмæ сæ бахъуыд сæ бартæ топпы дзых æмæ карды комæй бахъахъхъæнын.

3.1830 –æм азы уæлдай фыдæвзарæнтæ базæрстой Иры адæм.Уыцы иу рæстæг Цæгат æмæ Хуссармæ æрвыст æрцыдысты æфхæрæн экспедицитæ.Хъобангоммæ-инæлар Абхазов,Чеселтгоммæ- инæлар Ренненкампф.

Ивгъуыд æмæ абоны бастдзинад та -уацмысы идейæ.

Чи у романы сæйраг архайæг?

5. Романы сæйраг архайджытæ сты адæм ,фæлæ се хсæн бæрæг дарынц сæ раздзæуджытæ Къæбысты Ака æмæ Коцты Бега.Æмбаргæ,хиуылхæцгæ,раст адæймæгты бахъуыд сæ адæм æмæ сæ бартæ бахъахъхъæнын знагæй.

Коцты Бега-мæлдзыгæн дæр тæригъæд чи кодта ,уый ныр знагæн тæригъæд нал зоны.Нал зоны тас, фыдгулæй нæ лидзы,бацæуы лæгæй –лæгмæ тохы.Йæ диссаджы удыхъæд раргом ис, цæф уырыссаг салдатыл куы сæмбæл,уымæй..

Æвæд миты йæ йæ йе ккой фæхаста.Уайдзæфтæ йын фæкодтой бирæтæ. «Æмæ йын уæдæ цы кодтаин?Талынджы,иунæгæй,æцæгæлон бæсты,æнæзонгæ бынаты ,цæфæй….

Раст зæгъгæйæ, йæхицæн дзы цагъараг скæнынма хъавыд,фæлæ куы бамбæрста, йæхи хуызæн куыстæфхæрд,мæгуыр у,уæд ын æфсымæры бынаты баззад .Бургъуын-афтæ йæ рахуыдта йæ бурдзалыг сæры хилмæ гæсгæ, цалынмæ йын хъæубæсты адæм йæ ном иронау нæ рацарæзтой –Цæргæсаты Алæг. Хæсты заманы гадзрахатæй нæ рацыд æрдхордзинадыл, фалæ æрбалæууыд Бегайы фарсмæ æмæ тох кодтой мæсыгæй знаджы ныхмæ.

- Нæ урочы эпигаф куыд æмбарут?(ахыргæнинæгтæ

к æнынц сæхи хатдзæгтæ.)

-Нæ ныхасы темæ та цы у?

-Цæмæн у роман историон?

-Чи сты Къæбысты Ака æмæ Коцты Бега, раттут сын характеристикæ.

-Цæмæн ис абарæн Нафи,бæрзонд Хох æмæ хъайтарон

(Зарæджы фæрцы нæм æрхæццæ Чеселтгомы сæфт,нæ фыдæлты хъæбатырдзинад).

Цы ис иумæйагæй дыууæ уацмысæн?(цыбыр дзуæппытæ).

-Зарæджы райгуырд романы.

6.Цы баййæфтой фосæй ,фæллойæ аскъæрдтой ,ахастой сæ.Хъæуты цъыбыртты сыгъд бакодтой, семæ акодтой цæф уацайрæгты, стæй ноджы фæсвæд хъæуты кæй æрцахстой ахæмты цыппæрдæс лæджы.Дзауы сæ талынг чъырыны ныппæрстой хъæмпы уæлæ.Ака амард æртæ боны фæстæ, иннæтæ дæр зонынц, цы сæм æнхъæлмæ кæсы,уый.

Мæнæ сæ ракæнынц марынмæ…

Хъæндил зарæг самыдта,хъахъхъæнджытæ йа бауромынмæ хъавынц,фæлæ ма чи хъуыста, иннæтæ бахъырныдтой,

Зарæг атахт ахæстонæй ,æрзылд Ирыстоны кæмттыл ,æрхæццæ абон махма,æмæ йа мах дæр сисæм бæрзонд хъæлæсæй ,нæ фыдæлты ном куы фæарæм, уæд!

Афтæ знаг нæ асаста Хуссар Ирæн сæ тых, сæ ныфс ,

сæ хъару, сæ сæрибармæ бæллын.

1. Ирыстоны æфхæрджытæ.

2.Нæ фыдæлты удыхъæд.

3.Хъайтарон зарæджы нысаниуæг ивгъуыдæй абонмæ.

4.Национ иудзинад романы.

Роман даррдæр кæсын.

Урочы нысан:

1.Проблемон уавæртæ аразгæйæ,скъоладзауты хибарæй архайыныл ахуыр кæнын.

2..Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл æрдзурын.

Райхалинаг фарстатæ:

1.Хæхбæсты зын уавæртæ,фæндаджы нысан царды.

2.Уазæгæн лæггад кæнын ирон адæммæ.

Урочы хуыз: традицион урок.

Организацион хай.

Ног æрмæгыл куыст.

-Раргом кæнын Дзаххо æмæ Дзитæйы сусæгдзинад.

-Цавæр фæндтæ сæм ис,кæмæй æмбæхсынц?

-Ахуырдзауты дзуæппытæм байхъусын:

1.Уазæгæн лæггад кæнын ирон адæммæ фыдæлтæй баззад Дзаххо Хуссар Ирмæ куы æрæфтыд ,уæд æй ничи бафарста йæ æрцыды аххосагæй,кæд æй æмбæрстой уæддæр.Æхсæйнаг хъæу æй райста ,куыд æфсымæр афтæ, уæлдайдæр та Лæджыгаты Гæвди.

-Дзаххо ныллæууыд фæндагаразæгæй.Йæ зæрдиаг куыст,йæ адæймагдзинадæй фыццаг бонæй йæхи афтæ бауарзын кодта комбæстæн,æмæ йæ кæд зыдтой цавæрдæр сусæгдзинад æмбæхсы ,уæддæр æй ничи бафарста (æгъдаумæ гæсгæ та?)

- Уæдæ Дзитæ та?Уæздан,куыстуарзаг сылгоймаг,цы бафæрæзта бæлццæтæн лæггад кæнын.Уый куыд арæхст къуымбилы куыстмæ,æгас комы кæмæн нæ бахуыдта нымæт худ æмæ кæрц ,ахæм нæ разынд.

-Дзаххойы фæзминаг хъуыддæгтæ бирæ сты:кусаг ,рæстдзинадыл хæст,лæггадгæнаг,уый фæндагмæ куыд зылд,бæлццæттæн куыд лæггад кодта,уый та иннæ..

- сæ куысты фæрцы сæхицæн хæдзаргонд скодтой æфцæджы бын (Фыццаг зымæг . Дардбæстаг уазджытæ)цыбыртæй радзурын.

_Дзаххо геологтæн раргом кодта йæ фырты хабар.

-Дзаххо куыд фенкъары бæлццæтты уавæр?

-Дзитта куыд фенхъæлмæ кæсы йæ мойы æрцыдмæ?

-Йæ фыртимæ фембæлд бакæсын,анализ скæнын.

-1937 азы фыссæг йæхæдæг цытæ бавзæрста Сыбыры хасты,уымæй конспет бакæсын.

-Цæмæ ахауд Дзамболат Сыбырмæ?

-Куыд суæгъд æмæ сыздæхт сæхимæ?

-Куыд ссардта йæ мад æмæ йæ фыды?

-Хъомыладон куыст бакæнын.

-Уазæг- цыты уазæг.

-Куыст –цардæн фæрæз.

-Мады зæрдæ никуы сайы.

-Дæхи куыд равдисай ,афтæ дæ райсдзысты адæм.

-Æлдæртты фыдмитæ ирон литературæйы (абарст).

-Эпиграф æмæ уацмысы бастдзинад.

Хæдзармæ куыст:

Урочы хуыз: урок- тæрхон.

Урочы нысан:

1.Проблемон уавæрæм гæсгæ хибарæй кусыныл ахуыр кæнын.

2.Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадыл афæлгæст

Райхалинаг фарстатæ:.

1.Уацауы мидис раргом кæнын.

2.Техникæйы ахадындзинад царды.

3.Хистæртыл аудын,кад кæнын, буц дарын.

Урочы хъомыладон куыст:

Организацион хай.

Кълас дыууæ дих фæци,сæхицæн радтой нæмттæ:

1-аг цæрææгойтæ хъахъхъæджытæ.

2-аг технктæ.

Тæрхон. Нæ абоны æрбадты мах æвзарæм æвирхъау хъуыддаг,кæцыйæн царды нæй хатыргæнæн.

Чи загъта æмæ ,зæрондæн нæй бынат ног æхсæнады?

Чи загъта æмæ трактортæ æмæ машинæта кæм ис, уым бæх нал хъæуы?Фыдæлтæй нырмæ бæх æмæ хъуг хæдзардарæг уыдысты, уæд ныр цы рцыд нæ адæмыл,цæмæн афтæ суæлæхох сты фосыл ,æви æндæр сусæгдзинад æмбæхст ис ацы хъуыддаджы ,уый равзарæм.

Секретарь.Ныхасы бар лæвæрд цæуы зианджынтæн,хабарæн æвдисæн чи уыд,уыцы чысыл Ирбегæн.

Тæрхон. Радзур дæхи цæстæй цыдæиддæр федтай уый ,æрмæст сайгæ ма фæкæн.

Ирбег.Уыцы райсом мæ дада æмæ Згъаримæ ацдыстæм колхозмæ. Дада уыд хъæлдзæг, цæрдæг, никæй зæрдæ йæм фехсайдтаид, ахæм хабарæй. Уæдæ Згъарæй та уый чи ахъуыды кодтаид, æмæ æхсæнадæн зианхæссаг у. Фермæмæ куы бацыдыстæм, уæд Бæппу йæ куыстыл æрлæууыд. Æз та кæрчыты фермæты раз фехъуыстон Мишæ Заретæйæн куыд æппæлыд, абон хъуамæ Згъары амара ,уый.

Тæрхон. Дарддæр цы бакодтай?

Ирбег. Æз ницыуал базыдтон фыртæсæй,алыгътæн Бæппумæ æмæ йын рахабар кодтон, уый мæм худгæ æрбакаст, ма дам тарс, уымæн уæвæн нæй,зæгъгæ.

Секретарь. Ныхасы бар ног технологитæ хъахъхъæнджытаæн.

2-аг къорд. Мах разы не стæм Мишæйы кæй зылын кæнынц Хъуыдæйнæты мæлæты. Мишæ нæу аххосджын, цард размæ цæуы ,фæзынд ног техникæ,трактор баивта бæхты, галты. Згъар та уыд тынг зæронд,æнæпайда æмæ йæ уый тыххæй сфæнд кодта амарын. Мишæ сабырæй бамбарын кодта Хъуыдайнатæн хабар, фæлæ уый не сразы ис æмæ уым аххосджын ничи у.

1-аг къорд. Зæрдæ ныррызт уæ ныхæстæй. Уый цавар техникæты кой кæнут, кæд уыдис æмæ бæх базæронд æмæ йæ марын хъæуы. Зыгъар кæд зæронд уыд, уæддæр уыд фыццаджыдæр удæгас, дзургæ нæ кодта, уый йеддæмæ уый хорз кæмæн нæ фæци, ахæм нæй нæ хъæубæсты (æрдзуры Зыгъары бирæ лæггæдтыл).

-Хъуыдайнæты хъæубæстæ зонынц æгъдауджын æмæ раст лæгæй. Йæ азтæй йын кæд нæ фефсæрмы кодта, уæддæр Фыдыбæстæйы стыр хæсты инвалид кæй у,уымæй дæр нæ фæхатыр кодта. Кæм ис фыст, адæймаджы мæрдтæм барвит æфтиаджы тыххæй. Мишæ Зыгъары мардта фыцаджыдæр Хъуыдайнæтмæ хаста маст, (радзуры цæмæн хæссы маст,уыдæттæ) дыккаджы та йæ хъуыд царм , æндæр бамбарæн нæй ацы хабарæн. (Ныхасы бар ракуры Ирбег, уый радзырдта лыстæггай хабæрттæ, Мишæ куыд æгъатыр æмæ фыдмардæй амардта Згъары. Хъуыдайнат æмæ Згъар куыд кастысты кæрæдзима, куыд дзы куырдта æххуыс, уыдæттæ.)

Тæрхон. Ахæм хабарæн хатыр нæй, кæд æцæг афтæ у, уæд ма ныхасы бар раттæм Мишæйæн, байхъусын æм кæддæра уый та куыд сраст кæнид йæхи, йæ цæсгом ын цас бар раттид.

Мишæ: (кæд нырыонг схъæл уыд, уæд ыл ныр бæрæг у, тас дзы кæй бауыд, уый.) Радзуры, цард размæ кæй цæуы, зæронд хабæрттæ хъуамæ ныууадзæм æмæ архайæм ногдзинæдтыл. Зын ын кæй у талынг адæмимæ, стæй Зыгъар пайда кæй нал хæссы, цалдæр аз йын байраг кæй нæ цæуы, уыдæттæ.

Бакæсын скуыддзаг (Згъар йæ байраджы сæфтыл кæм кæуы. )Кæуынц кæрæдзиуыл Зыгъар æмæ Хъуыдæйнат; бамбæрстой сæ фæстаг æмбæлд кæй у, уый.

Тæрхонгæнæг р ахæссы тæрхон Мишæйæн фондз азы ахæстон. (бафхæры Мишæйы, тызмæг ныхæстæ йын фæкæны.)


Совещание по вопросам готовности к приему беженцев из Донецкой Народной Республики


Обращение Президента Анатолия Бибилова к народу Республики Южная Осетия

Общество



Бынаты хицауы æхсæв


Победа российской дипломатии

В мире


Совещание по вопросам готовности к приему беженцев из Донецкой Народной Республики


Обращение Президента Анатолия Бибилова к народу Республики Южная Осетия


Экстренное заседание Совета безопасности Республики Южная Осетия

Диаспоры



Предложили присвоить звание Героя России Лазарю Дзотову


Публикации



Фотогалерея


Никто не забыт, ничто не забыто!


С Крещением Господним!


Торжественная церемония открытия Республиканской елки

Видео


Заседание Совета безопасности


Новогоднее обращение к народу Республики Южная Осетия


Итоговая пресс-конференция Президента Анатолия Бибилова

Инфографика


Великая Отечественная война



В районах Южной Осетии: Объекты строительства в рамках реализации инвестпрограммы на 2019-2020гг.

Уроки Нафи Джусойты


Нынешний год в Республике Южная Осетия объявлен Указом Президента Годом Нафи Джусойты. Это позволяет нам, простым читателям и почитателям осетинской литературы, еще раз или еще глубже прочувствовать всю красоту изящной осетинской словесности, еще раз выразить наше уважение к выдающемуся ее творцу, труженику и популяризатору.

Нафи Джусойты называют патриархом осетинской литературы, выдающимся писателем, поэтом, переводчиком, глубоким исследователем осетинской литературы – и все это, конечно, верно и заслуженно. Его произведения давно вошли в сокровищницу осетинской литературы, благодаря ему изящно звучат по-осетински произведения Пушкина, Лермонтова, Шекспира, Шевченко, Гулиа, Кайсина Кулиева, многие другие шедевры мировой литературы. Получилось весьма символично – этот год в России является Годом русской литературы, у нас – Годом Нафи Джусойты. Думаю, это еще раз показывает, насколько близко и духовно сроднились народы России и Осетии.

О литературном и научном творчестве Нафи Григорьевича говорится и пишется много, ничего нового я, пожалуй, не смог добавить (в эти дни вышла в свет о нем новая монография его коллеги, писателя, ученого Мелитона Казиты), но я очень хочу рассказать о нем как о простом человеке, которого встречаем каждый день и с которым имеем радость здороваться.

Нафи Григорьевич родился и рос в деревне, поэтому на всю жизнь сохранил не только уважение к простому деревенскому труженику, но приобретенные в юности навыки работы.

В советское время обычно летом и осенью часто работников городских учреждений направляли в села помогать колхозам и совхозам в уборке урожая. Мы с научно-исследовательского института каждое лето ездили в Цонский совхоз косить траву, убирать сено. Работали от души, но кто как умел.

Нафи Григорьевич хорошо умел косить, глядя на него можно было подумать, что он всю жизнь только держит косу в руках, а не ручку (однажды в Балкарии он попал на конкурс косарей и выиграл его).

Тем самым он поддерживал их не только материально, но, что особенно было важно, морально. Чтобы они не отчаивались, не покинули институт и науку в поисках лучшей жизни. И это был большой урок человечности для всех нас.

И какое, действительно, это счастье, когда идешь по улице и с тобой здороваются люди. Это значит, ты не напрасно живешь среди людей.

Читайте также: